10
Темæ: Плиты Грис Балладæ «Авд цухъхъайы» Сындзыхъæуы скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Гæдзауты Жаннæ А.

Тем æ : Плиты Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »

Embed Size (px)

DESCRIPTION

Тем æ : Плиты Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы ». Сындзыхъ æ уы скъолайы ирон æ взаджы ахуырг æ н æ г Г æ дзауты Жанн æ А. «Мах х æ лар æ й радтам б æ ст æ н авд æ фсым æ р æ й н æ цард ». Урочы эпигр æ ф:. Х æ ст æ н й æ т æ кк æ тъыфылм æ бырсдзыст æ м , - PowerPoint PPT Presentation

Citation preview

Page 1: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »

Темæ: Плиты ГрисБалладæ «Авд цухъхъайы»

Сындзыхъæуы скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Гæдзауты Жаннæ А.

Page 2: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »
Page 3: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »
Page 4: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »
Page 5: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »
Page 6: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »

«Мах хæларæй радтам бæстæн авд æфсымæрæй нæ цард»

Page 7: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »

Хæстæн йæ тæккæ тъыфылмæ бырсдзыстæм, Кардыл фыдгулы туг не суыдзæн хус. Иры сыгъдæг ном нæ фегад кæндзыстæм, Цалынмæ судза нæ цæстыты рухс.

Урочы эпигрæф:

Page 8: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »

Балладæ.Бальяре-италиаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд,амоны кафын. Йæ асмæ гæсгæ у чысыл сюжетон æмдзæвгæ, кæцыйы поэт æвдисы æрмæст йе `нкъарæнтæ æмæ хъынцъым нæ, фæлæ ма йæм уыдон чи æвзарын кæны, уыцы цаутæ. Раздæр литерæтурæйы балладæ хуынд лирикон зарæг. Арæзд уыд 3 строфайæ, алы строфайы дæр-8 рæнхъы, цыппæрæм строфайы та-4 рæнхъы. Алы строфайы дæр фæстаг рæнхъытæ уыдысты фæлхатгонд. Уыдон хонæм рефрен. Фæстæдæр балладæйы мидис æмæ формæ аивтой.

Балладæ у чысыл сюжетон æмдзæвгæ фантастикон, историкон кæнæ хъæбатырон мидисимæ.

Литерæтурæйы теори:

Page 9: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »

Æнусон цардæй, æнусон кад-хуыздæр. Райгуырæн бæстæ адджын у. Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау адджын у. Кад домгæйæ нæу. Уарзондзинады арт афтæ не `ндавы,кады фыццаг

тынтæ куыд æндавынц. Кадæн агуырæн нæй, йæ фæдыл цы фæнды згъорд та

у æнæпайда. Кад йæхæдæг дæ фæдыл не `згъордзæн,йæ

зындзинæдтæй йын дæхи куы хизай, уæд.

Æмбисæндтæ:

Page 10: Тем æ : Плиты  Грис Баллад æ « Авд цухъхъайы »

Саууон æртæх цъæх сыфтæрыл æрæнцад,Саууон æртæх? Кæд, чи зоны, цæссыг у?!Мыййаг та кæд ныййарæг мад-æнæнцой-Ам каст æнхъæлмæ йе `дзардты фæзындмæ…

О, дымгæ, уæд фæсабыр у,фæхъус у,Фæхъус ут, æрдзы минмирон хъæлæстæ!-Уадз, дуне цæссыджы `ртахæй хъуса Зæрдæрæмудзæн хъарæджы ныхæстæ.

О, ма скæс, хур, ды дæр фæлæу хæрз чысыл,Дæ тынтæ ма `ркал дургомыл бæласыл,Уадз, фена дуне сау мады цæссыджы,-Йæ ныфсыты йын туджы зæй куыд ласта.

Уадз, иунæг цæссыг уалдзыгон сыфтæрылЦырагъау судза сæфт хъæбулты рухсæн, Æмæ дзы Зæххы фидæны фæлтæрæн Фыдхæсты ном ныххуыдуг уа æнусмæ.

Кæронбæттæн: «Ам каст æнхъæлмæ» Хостыхъоты Зинæ.