4
Доллар — 58,97 Евро — 67,20 Валютёйы аргъ Боныхъёд Хурыскаст — 4,26 Хурныгуылд — 19,42 Боны дёргъ — 15,16 Республикёйы гидрометцентр куыд хъусын кёны, афтёмёй абон, 4 июлы, нё уардзён. Уёлдёфы температурё республикёйы 30 — 35 градусы хъарм, Дзёуджыхъёуы 32 — 34 градусы хъарм. Цёйут, ёфсымёртау, радтём нё къухтё Абон кёрёдзимё, Иры лёппутё!.. ЦЁГАТ ИРЫСТОНЫ РЕСПУБЛИКОН АДЁМОН ГАЗЕТ РЕСПУБЛИКАНСКАЯ НАРОДНАЯ ГАЗЕТА СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ Газет цёуын райдыдта 1923 азы 14 мартъийы Издается с 14 марта 1923 года 117 (24399) Аргъ 10 сомы 2017 азы 4 июль сусёны мёйы 4 бон, дыццёг КЁСУТ НОМЫРЫ: К МАГКОТЫ АЦЁМЁЗЫЛ СЁХХЁСТ 60 АЗЫ СПОРТИВОН ФИДИУЁГ Футбол. “Спартакахъазыд Анжи”-имё ДУНЕОН БАСТДЗИНЁДТЁ Иран ёмё Цёгат Кавказ: истори ёмё ёмгуыстад Уёнт кёмфёнды цытимё фёмысы Чидёриддёр йё райгуырён хъёу. ПЛИТЫ Грис Зындгонд куыд у, афтёмёй кёронмё ёрхёццё 2017 азы дыккаг ёмбисён газеттё ёмё журналтё рафыссы- ны кампани. Нё ирон газеты иузёрдион хёлёрттёй би- рётё афойнадыл рафыстой "Рёстдзинад". Фёлё алы ах- хосёгтём гёсгё алкёй къухы нё бафтыд. Уыцы адё- мён хъусын кёнём: паддзахадон куыстуат "Уёрёсейы пост"-ы Цёгат Ирыстоны хайады разамынды уынаф- фёйё газеттё ёмё журналтё рафыссыны ёмгъуыд адарддёр кодтой 15 июлмё. Табуафси, хорз адём, спай- да кёнут уыцы фадатёй ёмё азы дыккаг ёмбисён ра- фыссут газет. "Рёстдзинад" рафыссыны аргъ у 918 сомы ёмё 72 капеччы. Уыимё, гражданты льготон категори- тён газет рафыссыны аргъ у 756 сомы ёмё 96 капеч- чы. Уымёй уёлдай, адёмы зёрдыл лёууын кёнём, "Рёстдзинад" газеттё уёйгёнён хёстёгдёр киосктём рафыссён кёй ис, уый дёр. Ахём фадатёй спайда кён- гёйё та, газет рафыссыны аргъ у 500 сомы. Фёлё уёд газет райсынмё цёуын хъёудзён киоскмё. РЕДАКЦИ ЙЁХИ ИРОН ЧИ ХОНЫ, УЫЙ ХЪУАМЁ РАФЫССА ГАЗЕТ РЁСТДЗИНАД"Рёстдзинад" — 2017 азы дыккаг ёмбисён Фёндаг цард у, хуымётёджы нё фёзёгъынц. Хо- ны нё дард ёмё хёстёг рёттём. Уымё гёсгё рох кёнгё не сты, сёрдёй-зымёгёй, хурёй-къёвдайё фёндёгты арёзтады чи кусы, уыдон. Сё гёнёнтё парахатдёр сты абон, фёндёгтыл кусы нырыккон фёсарёйнаг грейдертё, уёзласён машинётё, эк- скаватортё, адёймагён йё куыст рогдёр чи кёны, ахём зондджын ёндёр техникё. Фёндёгты арёзтады чи архайы, уыцы подрядон организаци "ИрафТрансСтрой"-ы коллектив ёгуы- стёй никуы фёбады, алы адёймаг дёр йё бавёрён хёссы иумёйаг хъуыддагмё. Уыдонёй иу куыстуа- ты проектон-техникон хайады хицау Хъараты Барис. Ёрыдоны 3-аг астёуккаг скъолайы фёстё ахуырмё бацыд Хёххон-металлургон институтмё ёмё йё 2012 азы ёнтыстджынёй каст фёцис. Ёрыгон спе- циалист йё дёсныйады фыццаг къахдзёфтё акодта "Гидрострой"-ы, архайдта Захъайы тъунелы арёзта- ды, уыд участочы мастер, стёй та хицауы хёдивёг. Ныртёккё та Барис йё хъару, йё зонындзинёдтё ёвдисы фёндёгты арёзтады. Автомобилон фёндаг Дзёуджыхъёу-Ёрыдон-Цыкола-Лескен-2-йы цы цал- цёггёнён куыстытё цёуы, уым ёй фенён ис ёрвыл- бон. Куыстуаты разамонджытё йыл баууёндыдысты, ёмё сё фыдёнхъёл нё фёкодта, цы хъуыддаг ын бабар кёнынц, уый цёсгомджынёй ёххёст кёны кёддёриддёр. Мё куыстёй зёрдёрухс дён, никуы тырныдтон кабинеты къёлётджыны бадынмё. Фёндёгты фыц- цаг домён у сё хёрзхъёддзинад. Фёндёгтё араз- гёйё рёдыд ёруадзён нёй, уымён ёмё мах дзуапп дёттём адёймаджы цардён. Ме 'мкусджытё сты ёцёг профессионалтё, фёлтёрдджын специалист- тё, иууылдёр хъазуатонёй кусынц. Фёнды мё, цё- мёй Ирыстоны фёндёгтё дёнцёгён хёссой, — зё- гъы Барис. Сёххёст уёд, нё фёндёгтё нын хуызёнён чи кёны, уый Хъарайы-фырты фёндон! ГУГКАТЫ Жаннё Конференцийы сарёзтыл бацархайдта медицинон центр "Мега", уыдон ёр- хуыдтой Санкт-Петербур- джы И. Павловы номыл фыццаг паддзахадон меди- цинон университеты невро- логи ёмё нейрохирургийы кафедрёйы разамонёг Александр Скоромецы. Зё- гъын хъёуы уый, ёмё рес- публикёйы рынчындётты неврологтё ёхсызгонёй ёрбацыдысты ацы фем- бёлдмё. Александр Скоро- мец скодта мидисджын ра- ныхас, уый фидаргонд цы- дис цёстуынгё ёрмёгёй. Зындгонд ахуыргонд ма у Санкт-Петербурджы сёйраг невролог дёр, у стыр фёл- тёрддзиинады хицау. Фыц- цагдёр уал бёстон ёр- дзырдта сё ахуыргёнёндо- ны историйы тыххёй. Раны- мадта, бындур ын чи ёвёрдта, уыцы профессор- тё ёмё академикты, йемё ёрласта сё науктон-прак- тикон архайды бындурыл фыст чингуытё. Конферен- цийы архайджытимё цы ёвзагыл дзырдта, уый сын уыдис ёмбёрстгонд. Куыд бафиппайдта, афтёмёй Советон Цёдисы заман Ев- гений Чазовы фёрцы бёс- тёйы разамынд стыр ёргом аздёхтой инфарктмиокарда сдзёбёх кёныны хъуыд- дёгтём. Уыцы иу рёстёг рохуаты баззад инсульт, ни- чи архайдта уый не 'руадзы- ны рагагъоммёйы мадзёлттыл, уымёй дард- дёр низ дзёбёх кёныны ногдёр фадёттыл. Ныхасгёнёг цы бёрёг- гёнёнтё ёрхаста, уыдон алы адёймагмё дёр бахъардзысты: Зёххы къо- рийы алы 53 секунды дёр- гъы дёр иу адёймаг фё- рынчын вёййы инсультёй, алы ёртыккаг адёймаг та уыцы низёй амёлы. Ин- сульты фёстё рынчынты 22 проценты цёуынхъом нал вёййынц, 20 проценты нал фёдзурынц, алы ёртыккаг та йёхимё ныхъхъусы. Александр Скоромец ёр- хаста бёрёггёнёнтё Санкт-Петербурджы цёр- джытёй дёр, йё ныхасмё гёсгё, инсульт сси хёцгё низы хуызён. Кёд ёмё раздёр сё горёты "тагъд ёххуысы" уыдис инсультон рынчынтён ёххуысгёнёг бригадётё, уёд экономи- кон зындзинёдты рёстёг сё фёдарын нал фёрёз- той. Ныртёккё горёты "тагъд ёххуысы" бындурыл ис дистанцион центр, уыр- дём ёрбадзурынц "тагъд ёххуысы" бригадёты тера- певттё, бамбарын кёнынц рынчыны уавёр ёмё сын центры неврологтё бацамо- нынц, фыццагдёр цавёр ёххуыс бакёнын хъёуы, уый. Дарддёр рынчыны кё- дём ласын хъёуы, уыдёт- тё. Александр Скоромец йе 'мхуызон кусджытён бёс- тон ёрдзырдта инсульт ра- иртасыны, дзёбёх кёныны, йё фёстиуджытё йын иу- варс кёныны нырыккон уёрёсейаг ёмё фёса- рёйнаг фёлтёрддзинады тыххёй. Уый дзуапп радта конференцийы архайджыты фёрстытён. Уымёй дарддёр конфе- ренцийы инсульт раиртасы- ны хъуыддаджы магнитон- резонансон ёмё компьюте- рон томографийы ахадын- дзинады тыххёй раныхас кодта медицинон центр "Мега"-йы сёйраг дохтыр Юлия Белеенко. БУТАТЫ Эльзё РЦИ-Аланийы профцё- дисты организацийы сёр- дар Касаты Таймураз йё раныхасы йе 'ргом аздёх- та кусёг адёмён рёс- тёмбис мызды бёрцы ёмё йё афоныл фидыны фарстамё. РЦИ-Аланийы фёллой ёмё социалон рёзты ми- нистр Хъесаты Игорь, куыд къамисы уёнгты ку- ыстмё цёстдарёг, афтё ёрдзырдта куыстуётты фёллойгёнджытён сё социалон фиддонтё афо- ныл фидыны ёмё сё куы- сты бартё хъахъхъёныны фарстатыл. Фарстаты фёдыл сё хъуыдытё загътой Уёрё- сейы Федерацийы про- мышленникты ёмё амал- хъомты цёдисы республи- кон хайады сёрдар Би- рёгъты Юри ёмё ва- гёттёцалцёггёнён заво- ды хицау Беккуызарты Витали. Сёбётхъуаты Ёхсарбег куыд загъта, афтёмёй куыстуётты разамонджы- тё хъуамё ёвёстиатёй хъусын кёной сё дёлбар- уёвёг кусджытён, мызд фидыны хъуыддёгты сём цы фарстатё ёмё къуы- лымпыдзинёдтё ёвзёра, уыдоны тыххёй. Куысты рёстёмбис мызд фидыны тыххёй РЦИ-Аланийы профцёдисты организа- цийы ёмё ёртёвёрсыг къамисы ёхсён цы уаг- ёвёрдтё фидаргонд ёр- цыд, уыдонмё хъёудзён ёркёсын, бакусын сыл ёмё сё мёйы ёмгъуыд- мё къамисы уёнгтём сфидар кёныны охыл но- гёй бавдисын. ГАСАНТЫ Валери Ёмбырд Ёнёниздзинад хъахъхъёнынад Йё куыстёй фёзминаг Сёйрагдёр нывыл социалон ёмё фёллойадон ахастдзинёдтё Знон Хицауады хёдзары уыд социалон, фёл- лойадон ахастдзинёдтё нывылгёнёг ёртёвёрсыг къамисы ёмбырд. Разамынд ын лёвёрдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сёрдары фыццаг хёди- вёг, къамисы сёрдар СЁБЁТХЪУАТЫ Ёхсарбег. Ёмбырды райдайёны куыд загъта, афтёмёй нё республикёйы ёгуыст адёмён куыст дёттыны фарста кёд бынтон ёдзёллаг нёу, уёддёр дзы нырма ис, бакусын кёуыл хъёуы, куыстуётты ра- замонджыты ёргом аздахын кёдём ёмбёлы, ахём фарстатё. Спектаклы хъазгёйё иннё актеры бафиппайын ёмё дё театрдзаутё куыд нё феной, афтё йын цёстёнга- сёй хабар бамбарын кёнын ацы миниуёгыл фидёны актер хъуамё ахуыр уа. Хатгай сценёйыл цырддзаст- дзинад канд ёххуыс нё, фёлё хъыгдаргё дёр кёны. Артисты хёс у хъёугё ёнкъарёнтё равдисын ёмё уы- цы-иу рёстёг сценёйыл цёуёг цаутё дёр уынын. Кёй зёгъын ёй хъёуы, ахуырадён иунёг сахат фаг нёу. Цыбыр рёстёгмё истёуыл студентты сахуыр кё- ныны фадат нёй. Фёлё мастер-классы рёстёг про- фессор кёй равдыста, уыцы фёзилёнтё ахъаз кёнынц цырддзаст уёвыныл студентты сахуыр кёнынён. Федтон студентты куыстытё. Ахуырдзауты раныхё- стё мё зёрдёмё фёцыдысты, колледжы ахуыргён- джытё ёмё республикёйы аивады архайджытимё фембёлды загъта Сергей Шенталинский. — Ам кусынц Мёскуыйы Щукины номыл театралон училище кастфё- уёг сфёлдыстадон ёнтыстдзинёдтём фёсивёды разёнгардгёнёг дёсны ахуыргёнджытё. Уё студент- тё зонындзинёдтё райсынмё кёй тырнынц, уый мын ёхсызгон у. Ацы фёсивёдёй иуёй-иутён сё бон бауид Мёскуыйы ахуыргёнёндётты дёр ахуыр кёнын. Культурёйы колледжы ахуыргёнджытё куыд загътой, афтёмёй ахём мастер-класстё фидёны дёр арёзт цёудзысты. Ахуырад Мастер-класс культурёйы колледжы ахуырдзаутён Инсульт дзёбёх кёныны ногдзинёдтё Ёхсызгон цауён ёвди- сёнтё уыдысты РЦИ-Ала- нийы Хицауады Сёрдары хёдивёг Фадзайты Ёх- сарбег, Республикёйы Парламенты социалон по- литикёйы, ветеранты хъуыддёгты ёмё ёнёниз- дзинад хъахъхъёнынады комитеты сёрдар Бёзза- ты Витали, ЦИПУ-йы пре- зидент Мёхёмётты Ахуырбег, районты сёргълёуджытё, ёндёр бёрнон кусджытё. "Ахуы- радон ёмё дзёбёхгёнён процесстё ёнтыстджынёй баиу уыдзысты ацы ран, фыццаг уёладзыджы ёр- бынёттон ис алцёмёй иф- тонг клиникё, дыккаг уёла- дзыджы дёр факультеты студенттён хорз ахуырён, размёцыдён ис ёппёт гёнёнтё дёр, — загъта уазджытён, бёстыхай ёв- дисгёйё, центры сёйраг дохтыр Золойты Родион. Ацы центр нымад ёрцыд нё республикёйы хуыздёр стоматологон клиникётёй иуыл. Лёвёрд ын ёрцыд кадджын статус Иннова- ционный центр Стоматоло- гической ассоциации Рос- сии". Алы кусён уат дёр ёххёст у нырыккон стома- тологон ифтонггарзёй. Дзёбёхгёнён ёмё дён- дёгты протезтё кёныны куыстытё цёуынц хуыздёр методикётём гёсгё. Ёр- мёстдёр ам ис гёнён, дёндёгтё иумёйаг анес- тезийы ёххуысёй дзёбёх кёнынён, ома, рыст ёп- пындёр не 'мбаргёйё. ЦИПУ-йы клиникё лёг- гад кёны куыд хистёртён, афтё сывёллёттён дёр, алы дохтыр дёр йё куыс- тён дзуапп дётты. Клини- кёмё ёрбацёуыны афон ёмё сё куысты ёргътё адёмён сты зёрдёмё- дзёугё, уыимё, медици- нон фёдзёхстады про- граммёйы бындурыл дёр аккаг лёггад кёнынц дох- тыртё. Дзёбёх кёнын ёмё дёндёгты протезтё ёвё- рынён ис кредиты хуызы бафидён дёр. Стоматологийы алы къа- базы дёр раззагдёртыл нымад сты центры специа- листтё. Бирётём ис меди- цинон наукёты доктор кё- нё кандидаты ном, иннё- тём фыццаг, кёнё уёл- дёр квалификацион катего- ри. Уёрёсейы, Великобри- танийы, Германы, Швейца- рийы хуыздёр универси- тетты Центры дохтыртё сё зонындзинёдтё, сё про- фессионалон ёмвёзад бёрзонддёр кёнынц иу- дадзыг. Терапевтон, хирургион ёмё ортопедион стомато- логийы, стёй сывёллётты стоматологийы цы фарста- тё ис, уыдонёй Центры кусджытё дзуапп кёмён нё радтой, ахём нё ра- зындзён. Нё уацхёссёг Дёндёгты дохтыртён нырыккон центр Фёндаг цард у Бирё хорз ивддзинёдтё цёуы царды. Зёгъём, ёнёбафиппайгё нёй, нё фёндёгтё аив ёмё ёнцон- вадатджын кёй кёнынц, уый. "Ёнёниздзинад хъахъхъёнынады министрад бузныг зёгъы медицинон центр "Мега"-йён, ацы хорз хъуыддаг кёй скодтой, ахём зындгонд дохтыр кёй ёрхуыдтой, уый тыххёй. Ёвёццёгён, нё кадджын уазёг, Уёрёсейы наукёты академийы академик Александр СКОРОМЕЦЁЙ куы фехъусём ин- сульт раиртасыны ёмё йё дзёбёх кёныны нырыккон гёнёнтё, уёд уый стыр пайда фёуыдзён неврологты ёмёхсёнадён ёмё, ёнёмёнг, рынчынтён дёр. Куыд зонём, афтёмёй Цёгат Ирыстоны инсультёй куыд мёлынц, уый у фылдёр ёрмёст Цёгат Кавказы нё, фёлё ёппёт Уёрёсейы дёр. Кёд ёмё нём дадзинты низтё дзёбёхгёнён республикон центр дёр байгом, уёд- дёр уавёр нёма фёхуыздёр", — знон Республикон клиникон рынчындоны цы наукон-практикон конференци байгом, уым раныхас кодта ёнёниздзинад хъахъхъёнынады министры хёдивёг ЦЫДАТЫ Татьянё. Паддзахадон университеты байгом Стоматологон центры ног клиникон-диагностикон корпус. "Нырёй фёстёмё ноджы фылдёр адём, аккаг уа- вёрты ацы райдзаст бёстыхайы райсдзысты дёндёг- ты дохтыры хёрзхъёд лёггёдтё. Хъёлдзёгёй, мид- былхудгёйё алчидёр цёудзён ардыгёй,— загъта ЦИПУ-йы ректор ОГЪУАТЫ Алан. Мёскуыйы Константин Райкины театралон скъолайы актеры дёсныйады кафедрёйы профес- сор Сергей ШЕНТАЛИНСКИЙ Дзёуджыхъёуы Культурёйы колледжы студенттён амыдта мастер- класс. Сергей Шенталинский 23 азы кусы Мёс- куыйы А. Чеховы номыл аивадон академион теа- тры скъола-студийы актеры дёсныйады ахуыргё- нёгёй, мастер-класстё ёвдисы Италийы, Эсто- нийы, Германы, Франц ёмё Америчы Иугонд Штатты. Фёстаг 10 азы дёргъы актеры дёсныйад Японы студенттён амонёг профессор ныр та ба- бёрёг кодта Цёгат Ирыстон. Александр СКОРОМЕЦ Д Д з з ы ы р р д д ы ы ф ф а а р р н н

Ёнёниздзинад цард Инсульт дзёбёх ногдзинёдтёhttps://растдзинад.рф/wp-content/uploads/2017...2017/07/04  · Инсульт дзёбёх

  • Upload
    others

  • View
    6

  • Download
    0

Embed Size (px)

Citation preview

Page 1: Ёнёниздзинад цард Инсульт дзёбёх ногдзинёдтёhttps://растдзинад.рф/wp-content/uploads/2017...2017/07/04  · Инсульт дзёбёх

Доллар — 58,97

Евро — 67,20Валютёйы аргъБоныхъёд Хурыскаст — 4,26

Хурныгуылд — 19,42Боны дёргъ — 15,16Республикёйы гидрометцентр куыд хъусын кёны, афтёмёй абон, 4 июлы, нё уардзён.

Уёлдёфы температурё республикёйы — 30 — 35 градусы хъарм, Дзёуджыхъёуы —32 — 34 градусы хъарм.

Цёйут, ёфсымёртау, радтём нё къухтёАбон кёрёдзимё, Иры лёппутё!..

ЦЁГАТ ИРЫСТОНЫ РЕСПУБЛИКОН АДЁМОН ГАЗЕТ РЕСПУБЛИКАНСКАЯ НАРОДНАЯ ГАЗЕТА СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ

Газет цёуын райдыдта 1923 азы 14 мартъийыИздается с 14 марта 1923 года№№ 111177 ((2244339999)) Аргъ 10 сомы

2017 азы 4 июль — сусёны мёйы 4 бон, дыццёг

КЁСУТ НОМЫРЫ:К

МАГКОТЫ АЦЁМЁЗЫЛСЁХХЁСТ 60 АЗЫ

СПОРТИВОН ФИДИУЁГФутбол. “Спартак” ахъазыд “Анжи”-имё

ДУНЕОН БАСТДЗИНЁДТЁИран ёмё Цёгат Кавказ: историёмё ёмгуыстад

УУёённтт ккёёммффёённддыы —— ццыыттииммёё ффёёммыыссыыЧЧииддёёррииддддёёрр ййёё ррааййггууыыррёённ ххъъёёуу..

ППЛЛИИТТЫЫГГрриисс

Зындгонд куыд у, афтёмёй кёронмё ёрхёццё 2017азы дыккаг ёмбисён газеттё ёмё журналтё рафыссы-ны кампани. Нё ирон газеты иузёрдион хёлёрттёй би-рётё афойнадыл рафыстой "Рёстдзинад". Фёлё алы ах-хосёгтём гёсгё алкёй къухы нё бафтыд. Уыцы адё-мён хъусын кёнём: паддзахадон куыстуат "Уёрёсейыпост"-ы Цёгат Ирыстоны хайады разамынды уынаф-фёйё газеттё ёмё журналтё рафыссыны ёмгъуыдадарддёр кодтой 15 июлмё. Табуафси, хорз адём, спай-да кёнут уыцы фадатёй ёмё азы дыккаг ёмбисён ра-фыссут газет. "Рёстдзинад" рафыссыны аргъ у 918 сомыёмё 72 капеччы. Уыимё, гражданты льготон категори-тён газет рафыссыны аргъ у 756 сомы ёмё 96 капеч-чы.

Уымёй уёлдай, адёмы зёрдыл лёууын кёнём,"Рёстдзинад" газеттё уёйгёнён хёстёгдёр киосктёмрафыссён кёй ис, уый дёр. Ахём фадатёй спайда кён-гёйё та, газет рафыссыны аргъ у 500 сомы. Фёлё уёдгазет райсынмё цёуын хъёудзён киоскмё.

РЕДАКЦИ

ЙЁХИ ИРОН ЧИ ХОНЫ,

УЫЙ ХЪУАМЁ РАФЫССА ГАЗЕТ

“РЁСТДЗИНАД”

"Рёстдзинад" — 2017 азыдыккаг ёмбисён

Фёндаг цард у, хуымётёджы нё фёзёгъынц. Хо-ны нё дард ёмё хёстёг рёттём. Уымё гёсгё рохкёнгё не сты, сёрдёй-зымёгёй, хурёй-къёвдайёфёндёгты арёзтады чи кусы, уыдон. Сё гёнёнтёпарахатдёр сты абон, фёндёгтыл кусы нырыкконфёсарёйнаг грейдертё, уёзласён машинётё, эк-скаватортё, адёймагён йё куыст рогдёр чи кёны,ахём зондджын ёндёр техникё. Фёндёгты арёзтады чи архайы, уыцы подрядон

организаци "ИрафТрансСтрой"-ы коллектив ёгуы-стёй никуы фёбады, алы адёймаг дёр йё бавёрёнхёссы иумёйаг хъуыддагмё. Уыдонёй иу — куыстуа-ты проектон-техникон хайады хицау Хъараты Барис.Ёрыдоны 3-аг астёуккаг скъолайы фёстё ахуырмёбацыд Хёххон-металлургон институтмё ёмё йё2012 азы ёнтыстджынёй каст фёцис. Ёрыгон спе-циалист йё дёсныйады фыццаг къахдзёфтё акодта"Гидрострой"-ы, архайдта Захъайы тъунелы арёзта-ды, уыд участочы мастер, стёй та хицауы хёдивёг.Ныртёккё та Барис йё хъару, йё зонындзинёдтёёвдисы фёндёгты арёзтады. Автомобилон фёндагДзёуджыхъёу-Ёрыдон-Цыкола-Лескен-2-йы цы цал-цёггёнён куыстытё цёуы, уым ёй фенён ис ёрвыл-бон. Куыстуаты разамонджытё йыл баууёндыдысты,ёмё сё фыдёнхъёл нё фёкодта, цы хъуыддаг ынбабар кёнынц, уый цёсгомджынёй ёххёст кёныкёддёриддёр.

— Мё куыстёй зёрдёрухс дён, никуы тырныдтонкабинеты къёлётджыны бадынмё. Фёндёгты фыц-цаг домён у сё хёрзхъёддзинад. Фёндёгтё араз-гёйё рёдыд ёруадзён нёй, уымён ёмё мах дзуаппдёттём адёймаджы цардён. Ме 'мкусджытё стыёцёг профессионалтё, фёлтёрдджын специалист-тё, иууылдёр хъазуатонёй кусынц. Фёнды мё, цё-мёй Ирыстоны фёндёгтё дёнцёгён хёссой, — зё-гъы Барис.Сёххёст уёд, нё фёндёгтё нын хуызёнён чи

кёны, уый —Хъарайы-фырты фёндон!

ГУГКАТЫ Жаннё

Конференцийы сарёзтылбацархайдта медицинонцентр "Мега", уыдон ёр-хуыдтой Санкт-Петербур-джы И. Павловы номылфыццаг паддзахадон меди-цинон университеты невро-логи ёмё нейрохирургийыкафедрёйы разамонёгАлександр Скоромецы. Зё-гъын хъёуы уый, ёмё рес-публикёйы рынчындёттыневрологтё ёхсызгонёйёрбацыдысты ацы фем-бёлдмё. Александр Скоро-мец скодта мидисджын ра-ныхас, уый фидаргонд цы-дис цёстуынгё ёрмёгёй. Зындгонд ахуыргонд ма у

Санкт-Петербурджы сёйрагневролог дёр, у стыр фёл-тёрддзиинады хицау. Фыц-цагдёр уал бёстон ёр-дзырдта сё ахуыргёнёндо-ны историйы тыххёй. Раны-мадта, бындур ын чиёвёрдта, уыцы профессор-тё ёмё академикты, йемёёрласта сё науктон-прак-тикон архайды бындурылфыст чингуытё. Конферен-цийы архайджытимё цыёвзагыл дзырдта, уый сынуыдис ёмбёрстгонд. Куыдбафиппайдта, афтёмёйСоветон Цёдисы заман Ев-гений Чазовы фёрцы бёс-тёйы разамынд стыр ёргомаздёхтой инфарктмиокардасдзёбёх кёныны хъуыд-дёгтём. Уыцы иу рёстёгрохуаты баззад инсульт, ни-чи архайдта уый не 'руадзы-ны рагагъоммёйымадзёлттыл, уымёй дард-дёр низ дзёбёх кёныныногдёр фадёттыл. Ныхасгёнёг цы бёрёг-

гёнёнтё ёрхаста, уыдоналы адёймагмё дёрбахъардзысты: Зёххы къо-рийы алы 53 секунды дёр-гъы дёр иу адёймаг фё-рынчын вёййы инсультёй,алы ёртыккаг адёймаг тауыцы низёй амёлы. Ин-сульты фёстё рынчынты 22проценты цёуынхъом налвёййынц, 20 проценты налфёдзурынц, алы ёртыккагта йёхимё ныхъхъусы.Александр Скоромец ёр-хаста бёрёггёнёнтёСанкт-Петербурджы цёр-джытёй дёр, йё ныхасмёгёсгё, инсульт сси хёцгёнизы хуызён. Кёд ёмёраздёр сё горёты "тагъд

ёххуысы" уыдис инсультонрынчынтён ёххуысгёнёгбригадётё, уёд экономи-кон зындзинёдты рёстёгсё фёдарын нал фёрёз-той. Ныртёккё горёты"тагъд ёххуысы" бындурылис дистанцион центр, уыр-дём ёрбадзурынц "тагъдёххуысы" бригадёты тера-певттё, бамбарын кёнынцрынчыны уавёр ёмё сынцентры неврологтё бацамо-нынц, фыццагдёр цавёрёххуыс бакёнын хъёуы,уый. Дарддёр рынчыны кё-дём ласын хъёуы, уыдёт-тё. Александр Скоромец йе

'мхуызон кусджытён бёс-

тон ёрдзырдта инсульт ра-иртасыны, дзёбёх кёныны,йё фёстиуджытё йын иу-варс кёныны нырыкконуёрёсейаг ёмё фёса-рёйнаг фёлтёрддзинадытыххёй. Уый дзуапп радтаконференцийы архайджытыфёрстытён.Уымёй дарддёр конфе-

ренцийы инсульт раиртасы-ны хъуыддаджы магнитон-резонансон ёмё компьюте-рон томографийы ахадын-дзинады тыххёй раныхаскодта медицинон центр"Мега"-йы сёйраг дохтырЮлия Белеенко.

БУТАТЫ Эльзё

РЦИ-Аланийы профцё-дисты организацийы сёр-дар Касаты Таймураз йёраныхасы йе 'ргом аздёх-та кусёг адёмён рёс-тёмбис мызды бёрцыёмё йё афоныл фидыныфарстамё. РЦИ-Аланийы фёллой

ёмё социалон рёзты ми-нистр Хъесаты Игорь,куыд къамисы уёнгты ку-ыстмё цёстдарёг, афтёёрдзырдта куыстуёттыфёллойгёнджытён сёсоциалон фиддонтё афо-ныл фидыны ёмё сё куы-сты бартё хъахъхъёныныфарстатыл. Фарстаты фёдыл сё

хъуыдытё загътой Уёрё-сейы Федерацийы про-мышленникты ёмё амал-хъомты цёдисы республи-кон хайады сёрдар Би-рёгъты Юри ёмё ва-гёттёцалцёггёнён заво-

ды хицау БеккуызартыВитали. Сёбётхъуаты Ёхсарбег

куыд загъта, афтёмёйкуыстуётты разамонджы-тё хъуамё ёвёстиатёйхъусын кёной сё дёлбар-уёвёг кусджытён, мыздфидыны хъуыддёгты сёмцы фарстатё ёмё къуы-лымпыдзинёдтё ёвзёра,уыдоны тыххёй. Куыстырёстёмбис мызд фидынытыххёй РЦИ-Аланийыпрофцёдисты организа-цийы ёмё ёртёвёрсыгкъамисы ёхсён цы уаг-ёвёрдтё фидаргонд ёр-цыд, уыдонмё хъёудзёнёркёсын, бакусын сылёмё сё мёйы ёмгъуыд-мё къамисы уёнгтёмсфидар кёныны охыл но-гёй бавдисын.

ГАСАНТЫ Валери

ЁмбырдЁнёниздзинад хъахъхъёнынадЙё куыстёй — фёзминаг

Сёйрагдёр — нывыл социалон ёмё фёллойадон

ахастдзинёдтёЗнон Хицауады хёдзары уыд социалон, фёл-

лойадон ахастдзинёдтё нывылгёнёг ёртёвёрсыгкъамисы ёмбырд. Разамынд ын лёвёрдтаРЦИ-Аланийы Хицауады Сёрдары фыццаг хёди-вёг, къамисы сёрдар СЁБЁТХЪУАТЫ Ёхсарбег.Ёмбырды райдайёны куыд загъта, афтёмёй нёреспубликёйы ёгуыст адёмён куыст дёттыныфарста кёд бынтон ёдзёллаг нёу, уёддёр дзынырма ис, бакусын кёуыл хъёуы, куыстуётты ра-замонджыты ёргом аздахын кёдём ёмбёлы, ахёмфарстатё.

Спектаклы хъазгёйё иннё актеры бафиппайын ёмёдё театрдзаутё куыд нё феной, афтё йын цёстёнга-сёй хабар бамбарын кёнын — ацы миниуёгыл фидёныактер хъуамё ахуыр уа. Хатгай сценёйыл цырддзаст-дзинад канд ёххуыс нё, фёлё хъыгдаргё дёр кёны.Артисты хёс у хъёугё ёнкъарёнтё равдисын ёмё уы-цы-иу рёстёг сценёйыл цёуёг цаутё дёр уынын. Кёй зёгъын ёй хъёуы, ахуырадён иунёг сахат фаг

нёу. Цыбыр рёстёгмё истёуыл студентты сахуыр кё-ныны фадат нёй. Фёлё мастер-классы рёстёг про-фессор кёй равдыста, уыцы фёзилёнтё ахъаз кёнынццырддзаст уёвыныл студентты сахуыр кёнынён.

— Федтон студентты куыстытё. Ахуырдзауты раныхё-стё мё зёрдёмё фёцыдысты, колледжы ахуыргён-джытё ёмё республикёйы аивады архайджытимёфембёлды загъта Сергей Шенталинский. — Ам кусынцМёскуыйы Щукины номыл театралон училище кастфё-уёг — сфёлдыстадон ёнтыстдзинёдтём фёсивёдыразёнгардгёнёг дёсны ахуыргёнджытё. Уё студент-тё зонындзинёдтё райсынмё кёй тырнынц, уый мынёхсызгон у. Ацы фёсивёдёй иуёй-иутён сё бонбауид Мёскуыйы ахуыргёнёндётты дёр ахуыр кёнын. Культурёйы колледжы ахуыргёнджытё куыд загътой,

афтёмёй ахём мастер-класстё фидёны дёр арёзтцёудзысты.

Ахуырад

Мастер-класс — культурёйыколледжы ахуырдзаутён

Инсульт дзёбёх кёныны ногдзинёдтё

Ёхсызгон цауён ёвди-сёнтё уыдысты РЦИ-Ала-нийы Хицауады Сёрдарыхёдивёг Фадзайты Ёх-сарбег, РеспубликёйыПарламенты социалон по-литикёйы, ветерантыхъуыддёгты ёмё ёнёниз-дзинад хъахъхъёнынадыкомитеты сёрдар Бёзза-ты Витали, ЦИПУ-йы пре-зидент МёхёмёттыАхуырбег, районтысёргълёуджытё, ёндёрбёрнон кусджытё. "Ахуы-радон ёмё дзёбёхгёнёнпроцесстё ёнтыстджынёйбаиу уыдзысты ацы ран,фыццаг уёладзыджы ёр-бынёттон ис алцёмёй иф-тонг клиникё, дыккаг уёла-дзыджы дёр факультетыстуденттён хорз ахуырён,размёцыдён ис ёппётгёнёнтё дёр, — загътауазджытён, бёстыхай ёв-дисгёйё, центры сёйрагдохтыр Золойты Родион.Ацы центр нымад ёрцыд

нё республикёйы хуыздёрстоматологон клиникётёй

иуыл. Лёвёрд ын ёрцыдкадджын статус “Иннова-ционный центр Стоматоло-гической ассоциации Рос-сии".Алы кусён уат дёр

ёххёст у нырыккон стома-тологон ифтонггарзёй.Дзёбёхгёнён ёмё дён-дёгты протезтё кёныныкуыстытё цёуынц хуыздёрметодикётём гёсгё. Ёр-мёстдёр ам ис гёнён,дёндёгтё иумёйаг анес-тезийы ёххуысёй дзёбёхкёнынён, ома, рыст ёп-пындёр не 'мбаргёйё. ЦИПУ-йы клиникё лёг-

гад кёны куыд хистёртён,афтё сывёллёттён дёр,алы дохтыр дёр йё куыс-тён дзуапп дётты. Клини-кёмё ёрбацёуыны афонёмё сё куысты ёргътёадёмён сты зёрдёмё-дзёугё, уыимё, медици-нон фёдзёхстады про-граммёйы бындурыл дёраккаг лёггад кёнынц дох-тыртё. Дзёбёх кёнын ёмё

дёндёгты протезтё ёвё-рынён ис кредиты хуызыбафидён дёр. Стоматологийы алы къа-

базы дёр раззагдёртылнымад сты центры специа-листтё. Бирётём ис меди-цинон наукёты доктор кё-нё кандидаты ном, иннё-тём — фыццаг, кёнё уёл-дёр квалификацион катего-ри. Уёрёсейы, Великобри-танийы, Германы, Швейца-рийы хуыздёр универси-

тетты Центры дохтыртё сёзонындзинёдтё, сё про-фессионалон ёмвёзадбёрзонддёр кёнынц иу-дадзыг.Терапевтон, хирургион

ёмё ортопедион стомато-логийы, стёй сывёллёттыстоматологийы цы фарста-тё ис, уыдонёй Центрыкусджытё дзуапп кёмённё радтой, ахём нё ра-зындзён.

Нё уацхёссёг

Дёндёгты дохтыртён — нырыккон центр

Фёндаг цард у

Бирё хорз ивддзинёдтё цёуы царды. Зёгъём,ёнёбафиппайгё нёй, нё фёндёгтё аив ёмё ёнцон-вадатджын кёй кёнынц, уый.

"Ёнёниздзинад хъахъхъёнынады министрад бузныг зёгъы медицинонцентр "Мега"-йён, ацы хорз хъуыддаг кёй скодтой, ахём зындгонд дохтыркёй ёрхуыдтой, уый тыххёй. Ёвёццёгён, нё кадджын уазёг, Уёрёсейынаукёты академийы академик Александр СКОРОМЕЦЁЙ куы фехъусём ин-сульт раиртасыны ёмё йё дзёбёх кёныны нырыккон гёнёнтё, уёд уыйстыр пайда фёуыдзён неврологты ёмёхсёнадён ёмё, ёнёмёнг, рынчынтёндёр. Куыд зонём, афтёмёй Цёгат Ирыстоны инсультёй куыд мёлынц, уыйу фылдёр ёрмёст Цёгат Кавказы нё, фёлё ёппёт Уёрёсейы дёр. Кёдёмё нём дадзинты низтё дзёбёхгёнён республикон центр дёр байгом, уёд-дёр уавёр нёма фёхуыздёр", — знон Республикон клиникон рынчындоныцы наукон-практикон конференци байгом, уым раныхас кодта ёнёниздзинадхъахъхъёнынады министры хёдивёг ЦЫДАТЫ Татьянё.

Паддзахадон университеты байгом Стоматологонцентры ног клиникон-диагностикон корпус.

"Нырёй фёстёмё ноджы фылдёр адём, аккаг уа-вёрты ацы райдзаст бёстыхайы райсдзысты дёндёг-ты дохтыры хёрзхъёд лёггёдтё. Хъёлдзёгёй, мид-былхудгёйё алчидёр цёудзён ардыгёй,— загътаЦИПУ-йы ректор ОГЪУАТЫ Алан.

Мёскуыйы Константин Райкины театралонскъолайы актеры дёсныйады кафедрёйы профес-сор Сергей ШЕНТАЛИНСКИЙ ДзёуджыхъёуыКультурёйы колледжы студенттён амыдта мастер-класс. Сергей Шенталинский 23 азы кусы Мёс-куыйы А. Чеховы номыл аивадон академион теа-тры скъола-студийы актеры дёсныйады ахуыргё-нёгёй, мастер-класстё ёвдисы Италийы, Эсто-нийы, Германы, Франц ёмё Америчы ИугондШтатты. Фёстаг 10 азы дёргъы актеры дёсныйадЯпоны студенттён амонёг профессор ныр та ба-бёрёг кодта Цёгат Ирыстон.

Александр СКОРОМЕЦ

ДДДДззззыыыыррррддддыыыы ффффааааррррнннн

Page 2: Ёнёниздзинад цард Инсульт дзёбёх ногдзинёдтёhttps://растдзинад.рф/wp-content/uploads/2017...2017/07/04  · Инсульт дзёбёх

2 № 117 (24399) 2017 АЗЫ СУСЁНЫ МЁЙЫ 4 БОН

Дунеон бастдзинёдтё

Уымён йё фыццаг ём-дзёвгё газет "Рёстдзи-над"-ы мыхуыры рацыд,Дзёуджыхъёуы 1-ём астё-уккаг скъолайы 3-ём къла-сы ма куы ахуыр кодта, уёд.Уыцы рёстёг сбёрёг, поэ-ты ёрдзон курдиат ём кёйфёхёццё, ёмё скъолайыфёстё ахуыр кёнынмё ба-цыд ЦИПУ-йы ирон филоло-гийы факультетмё ёмё йёкаст фёцис ёнтыстджы-нёй. Йе 'ргом тынгдёр аз-дёхта сфёлдыстадонкуыстмё: йе 'мдзёвгётё,радзырдтё , очерктё,публицистон уацтё арёхмыхуыргонд цыдысты рес-публикон газеттё "Рёст-дзинад", "Северная Осе-тия", "Слово", журналтё"Мах дуг", "Ногдзау" ёмёмыхуыры ёндёр фёрёзты.

2008 азы Валерийы ку-сынмё ёрбахуыдтой нёреспубликёйы радиокоми-тетмё, ёмё дзы фарастазы кад ёмё радимё фё-куыста уацхёссёгёй, фёс-тёдёр та — редакторёй.Радиомёхъусджытё алы

хатт дёр зёрдиагёй хъуыс-той йё хъёппёрисёйарёзт ахём радиобакасты-тём: "Хорзы кой дардмёхъуысы", "Фыдыбёстё","Курдиаты рухс", "Къонайыхъарм", "Чингуыты тёрхё-гыл", "Арфёйаг хъёппё-рис" ёмё ёндёртём.

2014 азы Гасанты Валерииттёг хорз бёрёггёнёнти-мё каст фёцис ЦИПУ-йыирон ёвзаг ёмё литерату-рёйы кафедрёйы цур маги-стратурё. Йе 'мдзёвгётёйын бахастой, ёрыгон поэт-тён мыхуыры цы уацмысты

ёмбырдгёндтё рацыд,уырдём: "Я к звездам свет-лый путь мечтаю проло-жить" (2003 аз) ёмё "Накрыльях мечты" (2010 аз).Валерийы адём зонынц,

куыд курдиатджын поэт-за-рёггёнёг, афтё дёр. Йёфыст ёмдзёвгётём гёсгёйын композитортё Гёз-дёнты Булат, Кокайты Ба-рис ёмё Моргуаты Юримузыкё ныффыстой ёмёадёмы зёрдёмё уёрёхфёндаг ссардтой: "КолытыАксойы зарёг", "Кавказыхёстонты зарёг", "ДзусатыИбрагимы зарёг", "Мысту-латы Иринёйы номыл рек-вием", "Мады зарёг", "Ёл-борты Феликсы зарёг","Хъёлдзёг куплеттё" ёмёёндёртё.Куыд курдиатджы журна-

лист ёмё сфёлдыстадонкусёг, афтё Гасанты Вале-рийы, нё редколлегийы иу-мёйаг уынаффёмё гёсгё,ацы азы райдайёны кусын-мё ёрбахуыдтам газет"Рёстдзинад"-мё. Цыбыррёстёгмё ссис нё газетысёрмагонд уацхёссёг. Нёгазеткёсджытё йын алкёд-дёр стыр ёхсызгонёй ба-кёсынц йё зёрдёмёхъар-гё фыст радзырдтё, очерк-тё, эссетё, репортажтё,интервьютё ёмё ёндёрёрмёджытё. Уый тыххёййё номыл бирё арфётёёрбацёуы нё редакцимё.Гасанты Валери у Уёрё-

сейы Федерацийы журна-листты цёдисы уёнг, у ёп-пётдунеон "Иры Стыр Ны-хас"-ы фёсивёды хъуыд-дёгты ёмё ирон ёвзагбахъахъхъёныны комитетты

уёнг дёр. Дыууё хаттыссис Абайты Васойы номылреспубликон премийы лау-реат (2007, 2014 аз) ёмёКолыты Аксойы номыл пре-мийы лауреат (2005 аз).Хорзёхджынгонд ёрцыдбирё Кады грамотётёйёмё зёрдылдарён лё-вёрттёй. У, ХъамбердиатыМысосты номыл фыццагхатт ёрыгон литераторты'хсён цы конкурс арёзтёрцыдис, уый дипломант.Тагъд рёстёджы фёстё

мыхуыры рацёудзён йёпоэтикон ёмё публицистонуацмысты фыццаг ёмбырд-гонд ёмё йын ёй Хуыцаусёдёйы фыццаг фёкёнёд! РЦИ-Аланийы адёмон га-

зет "Рёстдзинад"-ы редак-ци, нё сёрмагонд уацхёс-сёг, курдиатджын поэтёмё журналист, цёстуар-зон адёймаг, фёзминагкёстёр Гасанты Валерийыхуымётёджы нё бавдыс-там Джусойты Нафийы но-мыл национ литературонпремимё, уымён ёмё йынмах хорз зонём йё бирё-вёрсыг курдиат, йё авна-лёнтё, ёмё нё зёрдё да-рём, кёй йын саккаг кён-дзысты нё куырыхондёрхистёр, номдзыд поэт ёмёстыр ахуыргонд Джусойы-фырты номыл преми. Уы-мён ёмё уый аккаг у!

ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат, УФ-йы Фысджыты

цёдисы уёнг, РЦИ-Аланийы культу-рёйы сгуыхт кусёг,

газет "Рёстдзинад"-ысёрмагонд уацхёссёг

"Макуы макёй тёригъёды бацу, — ахуырнё кёны ирон адёмон сфёлдыстад. — Тё-ригъёд нё тайы". Кёнё: "Тёригъёд чиракёны, уый йё азарёй йёхёдёг куы аир-вёзы, уёддёр ын йё цоты, фылдёр хаттта йё цоты цоты ёрсуры". "Цёрёгойы тё-ригъёды дёр ма цу!" — фёдзёхсынц куы-рыхон хистёртё. Уыдон тёрсён ныхёстёне сты, фёлё ёвзёрдзинадёй хъахъхъё-нён ныхёстё, уды сыгъдёгдзинадмё, рё-сугъддзинадмё хонёг ныхёстё. Адём сёадёймагдзинад цёмёй ма сафойы хъуы-дытё. Фёлё дё алыварс адёмы цардыллыстёггай куы афёлгёсай, уёд дё ёнё-мёнг бауырндзён: "Тёригъёды бацыдтё— Хуыцауы фыдёхмё ёнхъёлмё кёс. Ис-кёй фёллой чи давы, адёмы чи сайы, ма-ры, уыдон кёд рёстёгмё ахъёздыг вёй-йынц, уёддёр сыл цард нё хёцы. Райсём-ма нё сыхёгты къёрных, хуыснёг ёмёлёгмарёй цас исбон скёнынц. Рацёуыцасдёр рёстёг, азтё ёмё та къуырцдзё-вёны бахауынц, стыр бёллёхтё сыл ёр-цёуы. Хуыцау сын нё ныббардзён сё лёг-марты къухтёй Беслёны нё адёмыл, нёрёзгё фёлтёрыл цы ёвирхъау бёллёхёрцыд, уый дёр. Бёргё-иу байзёддаг,ёппёт адёмыхатт сё фыдгёнёг фыдёлтыкёнё сё къёрныхты, лёгмарты фыдра-кёндты тыххёй дзуапп куы нё дёттикой,фёлё дунейы сконд ахём у: Ёрдз дёр тёригъёд нё бары, йё хор-

зёхтыл хёлоф кёнын нё уадзы. Уымёйцуанётты бафёрсут. Цуаны ёфсис чи налфёзоны, сырдтёй фылдёр ныццёгъдынылчи фёархайы, уыдоныл цахём бёллёхтёёрцёуы. Ахём цауыл фыст у ХетёгкатыКъостайы радзырд "Дзёбидырдзуан". Уымфёмард вёййы цуанон йёхёдёг дёр.Хёдзарон цёрёгойтёй искёцы исчи фыд-митёй куы амары, уёд уый дёр ёвыдёйнё баззайы. Ирон лёг кусарт кёнынмёкард куы райсы, уёд, фыццаджыдёр, СтырХуыцауыл йёхи бафёдзёхсы ёмё дзы ха-тыр ракуры, цёрёгойы къубалмё кард кёйныддардзён, уый тыххёй. Уёлдай хъазардёр у лёгмарды тёри-

гъёд. Ирон адёммё хуымётёджы нё баз-зад ахём ныхас: "Мё фыдгулы къух искё-мё аирвёза". Ома, искёй амара. Гъе уыцыхъуыды йё сёры хёсгёйё, ирон лёг йёмасты дзёкъулы дзаджы рёстёг йё рахизкъухёй йё хъамайыл хёцыд, галиу къухёйта — рахиз къухыл — хъама сласын ын нёуагъта. Туджы тёригъёд кёстёртём ён-хъёвзы ёмё фёлтау дёхиуыл фёхёц: дёфёстагёттён знёгтё ёмё фыдбылызыфёндаг ма уадз.Мулкёй, исбонёй ацы тёригъёд-

джын зёххыл ничи ма бафсёст. Йёхёзнатё ёмё галуан хёдзёрттё дёруёдё мёрдты бёстём йемё ничимаахаста. Уёлёуыл ныууадзыны тыххёйдёр хорз зёгъы ирон ёмбисонд: "Хор-зён бын ма скён, ёвзёрён бын маныууадз". Цыфёнды хорз кёстёртёкуы баззайой дё фёстё, уёддёр сёмцарды фарн куы нё уа, уёд дын дё

бынтё рыджы бын фёкёндзысты,дымгёмё сё ныддардзысты. Цардыфарн та цёуы куыстёй, фёллой кёны-нёй. Царды цин дёр ёрмёстдёр уыйу. Магуса ёмё, цёттё бынтыл чи ба-ды, уый царды цин не 'нкъары. Ноджыма йын кёд искёй тёригъёддаг фёл-лой ныууагътой, уёд ын йё туг сур кё-нынц. Ёмё рёдийынц, абон цыфён-дыйё дёр схъёздыг уёвыныл йёхи чихъары: мёгуырты, зёрёдты, сывёл-лётты, сидзёрты рис кёмё нё хъары,сё хъуырёй сын сё къёбёр чи ласы,сё цард сын бонёй-бон гёвзыкдёрмёчи тёры, уыдон. Тёригъёд нё тайы —йё фыдёх ын дёхи сёр куы нё баййа-фа, уёддёр дё цотёй нё фёивгъуый-дзён. Ёвёстаг ма кён дёхи!Рухсаг уёд нё раздёры ёмкусёг Цогой-

ты Геор. Уый мын иуахёмы афтё радзырд-та, хёстмё, дам, куы цыдтён, уёд мын мёфыд тынг фёдзёхста: "Зонын ёй, хёст ай-тынг уыдзён, бахёццё уыдзыстут ёндёрбёстётём дёр, ёмё дын фёдзёхсын иухъуыддаг: макёй мулкмё бабёл, макёцёймацы рахёсс! Ды кёуыл нё бафыдёбонкодтай, уый дёу нёу, ёмё йём ма ёвнал!"Уый 1941 азы! Йе уёны кёсёгау каст фыдёмё афтёмёй дзырдта йё фыртён. Йёфёдзёхст ын сёххёст кодта Геор: хёцгё-хёцгё бахёццё Европёйы цалдёр пад-дзахадмё, йё разы уыд цёттё фёллойыкёритё, фёлё дзы ницёмё бацыбёл. Йёфыды фёдзёхст ын йё зёрдыл ноджытынгдёр лёууын кодта, фёрсылы фосылхёлоф чи кодта, уыдоныл цы бёллёхтёцыд, уыцы фыдбылызы хабёрттё. Уыдон тауыдысты бирё: кёуыл-иу минё схёцыд,кёй фёндагыл йё давд хёзнаты тыххёймаргё кодтой. Уыдис ахём цаутё дёр,фёндаггон абырджытё-иу паровозы пецытохвёллад хёстоны йё хёссинёгты тых-хёй куы баппёрстой.Георёй ма фехъуыстон ахём хабар дёр.

Туркимё хёсты архайдта сё хъёу Бирёгъ-зёнгёй цалдёр. Иу ныббырсты уырысыёфсад туркаг хъёуы уынгты апырх. Сарма-дзанты ёхсты фёстё хъёу ёдзёрёджыхуызён уыд. Кёртытём, хёдзёрттём лё-бурынц ёфсад. Цъиузмёлёг дзы нёй.Ныккёндты бамбёхстысты. Бирёгъзёнггаг(йё мыггаг ын барёй нё фыссын) афицерйё къордимё иу кёрты фёмидёг.Хъустёацахстой сывёллоны фёсус куыд хёдза-рёй. Мидёмё бахызтысты, йё къахыл чинёма ауад, ахём саби сынтёджы бадыёмё йё цёссыджы мёцы. Бёрёг уыд йёбинонты нё, фёлё адёймаг дёр рагёйкёй нал федта, сёххормаг. Ёмё къёсё-рыл хёстонты куы ауыдта, уёд йё кёуынфёуагъта, бахудти сём, бацин сыл кодта,ныр мын сё исчи дон, хёринаг ратдзён,зёгъгё. Фёлё ёгъатыр, сырдёй ёгъатыр-дёр разынд не 'мзёххон — топп ём фё-дардта ёмё йё багёрах кодта, уыимёдёр та нё хёцын хъёудзён, зёгъгё.Тёригъёд, тугтёригъёд. Нарты кад-

джытём гёсгё йёхи хуымон галён

хуыздёр холлаг чи лёвёрдта, уый дёрма мёрдты бёсты уыцы тёригъёд куыфиды, уёд дзидзидай сывёллонмё дёцёвёнгарз сис! Дзырдта мын Геор, уы-цы тёригъёд, дам, фиддон фёци йестыр хёдзарвёндагён. Сё быныл мабаззад иунёг чызг.Иннё ахём хабар фехъуыстон нё мыгга-

джы хистёртёй иу, Фыдыбёстёйы Стырхёсты ветеран Цгъойты Никъалайё (Гакъу-нийё). Размё бырсгёйё, дам, Румынмёкуы бахёццё стём, уёд иу хъёуы ёр-лёууыдыстём.

— Мах цалдёрёй ёрфысым кодтам иухёдзары, — дзырдта уый. — Хъёууонхёдзары цыппар уаты уыд, ёмё дзы иуёйфёстёмё иннётё мах бацахстам. Иннёуаты та уыдысты фысымтё. Хёстон уавёрыёндёр сё бон цы уыд. Сё кёрт иронхёдзары кёрты хуызён, скъёт, кёркдондёр — афтё. Фёлё мё ёппёты тынгдёрдисы бафтыдта сё сывёллоны авдён.Ирон авдёны халдих. Тынг ыл бацин код-тон, уёлдайдёр сабийён йё къухтё куысуагътой, ёмё дыгъал-дыгъул кёнын куырайдыдта, уёд. Уалынмё нё взводы командир мёст-

джынёй кёцёйдёр фёзынд. Сывёллонмёкёсгё мё куы ауыдта, уёд ём бауад ёмёйё авдёнмё фехста, аимё дёр та нё хё-цын хъёудзён, зёгъгё. Йё мад нырдиагкодта ёмё ёхсёв-бонмё йё кёуынёй налёрёнцад. Мах дёр нё бынётты цавддур-тау нё ёхсёв арвыстам.Райсомёй нё хъёуёй дарддёр абыр-

сын бахъуыд. Бёстё гуыпп-гёрах сси. Раз-мё бырсгёйё нё командирыл знаджы ми-нё сёмбёлд, ёмё дё фыдгул афтё фё-уёд, лыстёггай йё фёйнёрдём фёхаста.Уый фёстё ма дзы цы баныгёдтаиккам,уый чысыл муртё. Хуыцау ын нё ныббарстаавдёны сывёллоны мёлёт!Тёригъёды бацыдтё — Хуыцауы фыдёх-

мё ёнхъёлмё кёс, Хуыцауы цёф дылсёмбёлдзён. Ёмё макёй тёригъёдыцёут. Рёсттёрхон, рёстаг цардёй хайырдёр цард нёй. Мулк ныууадзынёй номныууадзын хуыздёр у. Мулк ихсийы, номкёны кадджынёй-кадджындёр. Уымёнёмё ма йыл адём дёр сё фарн ёф-тауынц.Ныртёккё цард афтё сцырын, ёмё дзы

адёймаг йё развёндаг нё уыны. Кёмфёкёлдзён, "къардиуёй" кёцы фёзилё-ны ахаудзён, уый нё рахатдзён. Уымёгёсгё куыдфёндыйё, тагъд-тагъд фёфоскёныны охыл зёрдаивёй исты хъуыддагкёнын нё хъёуы. Зондджын адём куыддзырдтой: авд хатт абар, стёй йё алыгкён. Науёд, цёйнёфёлтау искёй зёр-дёхудты бацёуай, искёй хъыг райсай, ис-кёй тёригъёды бацёуай, фёлтау адёй-маджы ницы хъёуы. Тёригъёд нё тайы! —ёнусты дёргъы фёдзёхсынц хистёртёкёстёрты. Ёмё уый хуымётёджы нёу.Хистёртём фёлтёрддзинад бирё ис, цар-ды сёхиуыл цы бавзёрстой, кёнё искёмёцы федтой, уымёй хатдзёг кёнгёйё,фёдзёхсынц кёстёрты. Уыдон сын сё ны-хёстё хъусынц, фёлё уёддёр рёдыдфёндагыл бафтынц. Ахём фёндагыл, дам,мыд конд ис, фёлё сын мастмё расайы. Искёмёй давыс, искёй сайыс, уёд зон,

рёдыд, бырынцъаг фёндагыл цёуыс. Ис-кёй хидёйдзаг фёллойё фёфос кёнённёй. Абон уа, райсом дём дёхи фыдра-кёнд фёстёмё раздёхдзён ёмё йёцёф ахъаззагдёрёй дё сёрыл сёмбёл-дзён. Исчитё зёгъдзысты, иу ёмё дыууёис хуыснёг кёнё цёстфёлдахён митёйчи схъёздыг, ахёмтё. Бёгуыдёр ис. Фё-

лё иу ёмё дыууё ис ахём хъёздгуытёйихы сёр чи аззад, ёмё ма ёвёстаг дёр чифёци! Хуыцау, дам, галуёрдоныл цёуы,тагъд нё кёны, фёзёгъынц ирон адём.Ёмё адёймаг йё райсомыл куы нё хъуы-ды кёна, уёд уый йё бынсёфты нысан у. Ныры дуджы ёхца цёмёй нё кё-

нынц… Цёсгом дыл куы нё уа, ёфсар-мы ёнкъарён куы нё хатай, уёд алцё-мёй дёр. Сай, стигъ йё хидфёллойёчи цёры, уый, мёгуырдёр ёй кён.Фёллойгёнёг та ёнцон сайён у. Уы-мён ёмё уый ёдзух ёнёсайдкуыстыл хёст у, искёй исбонмё фё-ныхилын йё фёсонёрхёджы дёр нёй,ёмё алкёйдёр йёхи хуызён ёнхъё-лы. Ёмё йын йё фыдёбонёй фёфоскёнынмё гёппёввонгёй лёууынцадёймаг бирёгътё. Сайынц ёй, фёлёуёддёр уый уыдонёй лёгдёр у — йёзёрдё йёхиуыл нё худы. Адёмёй йёницы тас ис. Тёрсгё-ризгёйё нё цё-ры. Йёхи, йё бинонты хъахъхъёнынёнёххуырст хъахъхъёнджытё нё дары.Хуыцауы раз сыгъдёг у ёмё ёргом,ёрдзон уагыл йё царды кой кёны.Царды хёрзтё дёр уый къухтёй цё-уынц. Тёригъёд нё тайы, искёй тёригъё-

ды бацёугёйё хъёздыг суёвён исёрмёст рёстёгмё. Стёй сар дё сёркёны. Абон адёмён зонгё-зонын алыхъылма чи уёй кёны: маргхъёстёнозт, наркотиктё, адёмы сё мулчысёрыл чи мары, уыдонён адёмы тё-ригъёд райсом сё сёры астёуёй истёрцёудзён. Нё фыдёлтё-иу хёстёг-дзинад куы кодтой, уёд авд фёлтёр-мё сё туджы сыгъдёгдзинад ир-тёстой. Фыдбылыз дёр авд фёлтёр-мё цёуы. Ёмё абон ды иу чысыл хорзацёрайы тыххёй дё фёстагётты дёрма тёригъёдджын цёмён кёныс?Фёлтау адёмы хъёрмё ёрыхъус ёмёдёхи пайдайы куыстыл бафтау.Хорз дохтыр-иу, цалынмё рынчыны йё

къахыл слёууын кодта, уёдмё йёхицёнбузныг зёгъын дёр нё уагъта. Ныр та махцы уынём: сарёх нём сты ахём дохтыртё,комкоммё уыны рынчынён йё бон ницы у,уёддёр Хуыцауы хёстё йёхимё исы —операции йын кёны, "ёргёвды" йё, цё-мёй йын йё хиуёттёй гёртам райса. Йёхёдзармё марды тёригъёд хёссы. Цымёкуыд ёнхъёл у? Ахём ёхцатёй цы бакё-нынмё хъавы? Йёхи нё, фёлё ма йё цо-ты дёр кёны тёригъёдджын.Тёригъёд нё бары Хуыцау. Уёлдайдёр

та сывёллоны тёригъёд. Барст нёуыдзён, Беслёны 1-ём скъолайы цы рёз-гё удтё фёхъуыд, уыдоны тёригъёд дёр.Ацы фыдракёнд саразджытёй ма чи баз-зад, уыдон иугай цагъды кёнынц. Уый ны-ридёгён нёхи цёстытёй уынём. Быны-скъуыд кёндзысты сё бафхёрджытё ёмёсе 'ххуысгёнджытё дёр. Кёй зёгъын ёйхъёуы, уый мах куыд фёнды, афтё тагъднё уыдзён. Хуыцау галуёрдоныл цёуы —тагъд нё кёны!Уёхи тёригъёдджын ма кёнут. Нё фы-

дёлтё-иу хуымётёджы нё дзырдтой: "Мёфыдгулён йё къух искёмё аирвёза". Хо-рёй та ард хордтой. Даваг ёмё сайагёйёгаддёр сём ничи уыд. Дзуары бынмёдёр сё нё уагътой. Хъёуёй сё-иу сыстынкодтой, фёсырдтой-иу сё. Нё фыдёлты намысимё царды цыфён-

ды зынты сёрты дёр ахизён ис!

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Цёгат Кавказы хъуыд-дёгты министр Лев Куз-нецовён, йё хёдивёгХацъёты Олег ёмё Цё-гат Ирыстоны ХицауадыСёрдары хёдивёг —Уёрёсейы Президентыцур республикёйы Ёх-хёстбарджын минёварДзанайты Барисён Пы-сылмон Республикё Ира-ны ёххёстбарджын минё-вар Мехди Санаиимё чиуыд, уыцы фембёлдырёстёг ныхас цыд амындхъуыддагыл. Мёскуыйы ёрбынёттон

уёвёг ирайнаг минёва-рады бёстыхайы чи ацыд,уыцы фембёлды архай-джытё ёрныхас кодтойконференцимё цёттёкё-

нынады фарстатыл ёмёйё размёвёрд нысантыл.Конференцийы архайджы-тё ёрныхас кёндзыстыЦёгат Кавказы ёмё Ира-ны адёмты политикон,экономикон ёмё культу-

рон ахастдзинёдтыл, стёйбавдисдзысты ёхсёна-дон-политикон, экономи-кон ёмё культурон-ахуы-радон ёмгуыстады про-екттё.

— Конференци сарази-

наг кёй у, фембёлды ар-хайджытё ууыл баныхаскодтой. Иран ёмё Ирыс-тоны адёмтён ис иумё-йаг ёвзагон ёмё культу-рон уидёгтё. Дзыллонмадзал нё адёмты кёрё-

дзимё феввахс кёнынёнфёахъаз уыдзён. Уымёйуёлдай, Цёгат Кавказыёмё Ираны субъекттёэкономикон, наукон ёмёкультурон къабёзты ём-гуыстадыл бафидаудзыс-ты, — загъта Дзанайы-фырт. Уёрёсейы Фёсарёй-

наг хъуыддёгты ми-нистрад ёмё ПысылмонРеспубликё Ираны минё-варад конференци саразы-ны фёндон банымадтойхорзыл. Цёгат ИрыстоныСёргълёууёг БитартыВячеславы уынаффёмёгёсгё конференцимёцёттё кёныны ёмё йёарвитыны фёдыл кусёгкъорды уёнгты номхыгъд-мё бахастой вице-пре-мьер Дзанайты Барисыдёр.Конференцийы архай-

дзысты Уёрёсейы Хица-уады ёмё Наукёты ака-демийы минёвёрттё,Ираны разамынды минё-вёрттё, Цёгат Кавказыёмё Ираны уёлдёрахуыргёнёндётты рек-тортё, стёй дунеон эко-номикёйы, историйы, фи-лологи ёмё культурёйыкъабёзты уёрёсейагёмё ирайнаг специалист-тё.

УФ-йы Президентыцур Цёгат Ирыстоны

минёварад

Абарём: Мёскуыйы ног-арёзт фатеры рёстёмбисаргъ у 10,15 милуан сомы,

иу квадратон метры аргъ та— 204,2 мин сомы. Ленин-грады областы цёрёнуатыиу квадратон метры аргъ у66,8 мин сомы. Цёрёнуаты квадратон

метр ёппётёй асламдёр уМахачкалайы — 27,2 мин со-мы. Иртасынад кёуыл аххёс-

сыд, уыцы ёхсай фарастфыдыбёстёйаг горётёйдыууын авды цёрёнуатфёзынаргъ, цыппор дыууё

горёты та фатертё фёас-лам сты. Ныртёккё нёбёстёйы цёрёнуатон иуквадратон метры рёстём-бис аргъ у 51 мин сомы. Иу-ёй-иу горётты ёргътёбёлвырд фёивтой. Зё-гъём, Калининграды цё-рёнуаты квадратон метр13,2 проценты фёаслам,Калугёйы та — 12,6 процен-ты фёзынаргъ.

Ёвдыст цёуы Республикё Хуссар Ирыстоны Джусойты Нафийы номыл национ литературон премимё

Уый аккаг у!Ирыстоны номдзыд фысджытё ёмё поэттё сё

фёстё цы бирё сфёлдыстадон хёзнатё ныууагъ-той, уыдон цёмёй рёстёджыты фёлмы аууоны мабаззайой ёмё нё литературё дарддёр дёр рёза,уый, фыццаджыдёр, аразгё у, ныртёккё нё лите-ратурёмё цы бирё ёрыгон курдиатджын фёлтёрёрбацыд, уыдоны хъомысджын архайдёй.Нё хистёр номдзыд фысджыты фарн цёмёй ма

ёрмынёг уа, ууыл абон зёрдиагдёрёй чи архайы,уыдонёй иу у ёрыгон курдиатджын поэт, журна-лист, газет "Рёстдзинад"-ы сёрмагонд уацхёссёгГАСАНТЫ Валери.

Дёхи хиз фыддзинад ракёнынёй

Хуыцау тёригъёд нё барыХуыцауы фыдёхёй стырдёр фыдёх нёй, ёмё дзы фыдгёнёджы, адёмы тёри-

гъёды чи бацёуы, уыдон ёгъатырёй карз ёфхёры. Уымёй дзы иу фыдгёнёг дёрнё аирвёзы. Абон куы нё уа, уёддёр ёй райсом ёрсурдзён, Хуыцауы фыдёх ёйбаййафдзён. Йёхёдёг дзы йё карзы куы нё бахауа, уёддёр, дам, ёнхъёвзы йёбайзёддаджы ёвдём фёлтёры онг. Уымё гёсгё алчидёр хъуамё йёхи хиза,хъахъхъёна фыд ракёнынёй, искёй тёригъёды ма бацёуа. Сывёллётты, рёзгёфёлтёры, рынчыны тёригъёды бацёуыны тыххёй та ноджы карздёр у йё фыдёх.Хуыцау тёригъёд никёмён бары марёг у, давёг, стигъёг, сайёг. Уыцы бёллёхфёндагыл нё бафтын абон, дугты ивёнты, адём кёрёдзийы хъёр куы нал ёмба-рынц, кёрёдзиимё ёгъатыр куы сысты, уёд фёзындёр.

Акционерон ёхсёнёдты

Кёд нын бафиддзыстыдивидендтё?

Ацы аз заводы акционер-ты ёмбырд фёстёдёр уы-дис, 21 июны. О, фёлё дзыуёды хуызён бирё адёмнал уыд, сё нымёц —дзёвгар къаддёр. Акцио-нерты ёмбырды уыдис чы-сыл адём. Фёлё йё уёд-дёр йё аразджытё ёх-хёстбарджыныл ёмё го-мыл банымадтой. Ам зё-гъын ёмбёлы уый, ёмёацы ёмбырд иннё ёрвыл-азон ёмбырдты хуызён нёуыдис. Уёвгё, чи зоны,фёстаг азты ёмбырдтёдёр ныры ёмбырды хуы-зён уыдысты. Ёз сём 2011азёй фёстёмё нал цыд-тён. Ёмё мём ныр диссагфёкаст, Президиумы гомакционерон ёхсёнад"Электроцинчы" директортыСоветы авд уёнгёй иунёгйеддёмё кёй нё уыд, уый.Ёмбырд амонёг уыд ак-

ционерон ёхсёнад "Элек-троцинчы" директор Ходы-ко Игорь Иваны фырт.Уый залы бадёг адёмёнфехъусын кодта ёмбырдыбоны фётк, ивгъуыд азыкуысты бёрёггёнёнтёёмё ёхсёнадён афёдзыдёргъы йё къухы цас ёф-тиаг райсын бафтыд, уы-дёттё. Ёмё загъта, ив-гъуыд азтау та ацы аз дёр2016 азы куысты бёрёггё-нёнтём гёсгё дивиденд-тё кёй нё уыдзён, уый,318 милуан ёмё 351 минсомы пайдатё, дам, ницыфаг сты, миллиардтё хъё-уы, зёгъгё.Акционерты иумёйаг

ёмбырдмё бирё адёмцёуылнё 'рбацыд, уыйфёстёдёр бамбёрстон.Бирётён сё фадат наламоны, се 'нёниздзинадфёцудыдта "Электроцин-чы" дёргъвётин рёстёгбакусыны фёстё, иннётёрагацау схъёлёс кодтой,уёдё дзы ссёдз азёйфылдёрмё мёлгё дёркуыннё акодтаид акционер-тёй. Иу дзырдёй, ИгорьИваны фырт Ходыко зонгёдёр нё кёны, ёхсёнадыакционертё хёринаг стыёви нуазинаг, уый. Афтёкёй у, уымён ёвдисён у,залёй йём цы фарст рад-той, ёмбырды журналисттёцёуылнё ис, зёгъгё, уы-

мён ахём дзуапп кёй рад-та: "Журналисттё акцио-нертё не сты". Афтёмёйта акционертёй журналист-тё дёр ис, ахуыргёндтёёмё суанг Парламенты де-путат дёр. Фёлё уыдонёй,суанг "Электроцинчы" чи ку-сы, уыцы ирёттёй ёхсёзазы размёйау акционеронёхсёнады директорты Со-веты номхыгъдмё никёйбахастой. 2011 азы ёхсё-нады директорты Советы цыавд адёймаджы уыд, уыдо-нёй ма ныры номхыгъдыуыд иу — Андрей Паньшин,гом акционерон ёхсёнадзавод "Электроцинчы" раз-дёры директор. Боны фёткы цы фондз

фарстайы уыдис, уыдонёйалкёй тыххёй директор йе'ххуысгёнёгимё цыбырдокладтё скодтой ёмёёмбырд ахгёдтой. Фёлёакционертё сё фёрстытёуёддёр лёвёрдтой ём-бырд амонёгмё. Сёйрагфарст та уыдис: "Кёд нынбафиддзыстут дивиденд-тё?" Фёлё та йын ацы хаттдёр бёлвырд дзуапп нёрайстой.Адёмы мастыл ма цёхх

акодта, расыггёнаг лёджыхъёлёсы уагёй чи дзырдтазалёй, уыцы бурдзалыгацёргё сылгоймаг. Ёппё-лын райдыдта заводы раза-мындёй. "Подсадная утка!"— афтё дзургёйё йём йё-хи ёввахс баласта бёр-зонд, бёзёрхыгтё рихи-джын нёлгоймаг. Бёстёхъёр-хъёлёба сси...

"Ахём сценарийыларёзт уыдис завод "Элек-троцинчы" акционерты ём-бырд фарон дёр. Адём ка-пекк райсынмё бёргё ён-хъёлмё кастысты уёд дёр,фёлё та сыл ацы хатт дёррувасы ёмбисонд ёрцыд.Фыркъайё куыд ницы'рхауд, афтё акционертёмдёр ницы 'рхауд. Уёнтё-хъил ёмё та сёргуыбырёйрацыдысты Металлургтыкультурёйы галуанёй", —фыстон ёхсёз азы размёмё уацы акционерты ёр-вылазон иумёйаг ёмбыр-дёй. Советон дуджы ахёмкритикон уацы фёстё пар-тийы обком бёргё ёрфар-стаид кёйдёрты, фёлё2011 азы дуг ёндёр уыдёмё аххосджынтён уай-дзёф дёр ничи бакодта.Ёмё уёдёй нырмё, уёв-гё 2007 азёй фёстёмё,"Электроцинчы" акционер-тё капекк дёр нё федтойзаводёй.Иу хъуыддаг фёцыдис

акционерты ацы радон ём-бырды мё зёрдёмё. Раз-дёр-иу ёмбырд дёргъвё-тин уыдис. Ныр та — цыбыр,скъолайы иу урочы бёрцахаста, ёндёр нё. Ёмёёмбырд амонёгён уыйтыххёй акционерты номёйзёгъын бузныг, нё рёстё-гёй раздёрау дзёгъёлыбирё нё фесёфт.

БАГАТЫ Аврам

"Рувасы ёмбисонд кёнё Ногёй та — фучъи"—афтё хуындис ёхсёз азы размё акционерон ёхсёнад"Электроцинчы" акционертён цы ёмбырд уыдис,уырдыгёй газет "Рёстдзинад"-ы цы ёрмёг ныммых-уыр кодтон, уый. 2011 азы 10 июны уыдис уыцы ём-бырд. Уёдёй нырмё, куыд акционер, афтё никуыуалуыдтён ёмбырды.

Нымёцтё

Цёрёнуётты ёргътё ИрыстоныПортал "Мир квартир"-ы

иртасёнты бёрёггёнёнтёкуыд ёвдисынц, афтёмёйДзёуджыхъёуы цёрёнуа-ты иу квадратон метрырёстёмбис аргъ у 30,8мин сомы, фатеры рёс-тёмбис аргъ та — 2,18милуан сомы.

Иран ёмё Цёгат Кавказ: истори ёмё ёмгуыстад Сентябры Цёгат

Ирыстоны Хетёг-каты Къостайы но-мыл паддзахадонуниверситеты бын-дурыл ацёудзёндунеон практиконконференци "Иранёмё Цёгат Кав-каз: истори ёмёёмгуыстады гё-нёнтё".

Page 3: Ёнёниздзинад цард Инсульт дзёбёх ногдзинёдтёhttps://растдзинад.рф/wp-content/uploads/2017...2017/07/04  · Инсульт дзёбёх

3№ 117 (24399) 2017 АЗЫ СУСЁНЫ МЁЙЫ 4 БОН

— Ацёмёз, дё фёндаг музы-кёмё куыд райдыдта?

— Музыкалон аивады фёндагылацыдтён мё мад Раисёйы фёндёй.Мё сабибонтё ёз арвыстон Беслё-ны. Уый та куыста ам фыццёгём ас-тёуккаг скъолайы уырыссаг ёвзагёмё литературёйы ахуыргёнёгёй.Тынг уарзта аивад ёмё йё зёрдиа-гёй фёндыд, цёмёй ёз дёр уыцыфёндагыл ацёуон. Беслёны та уёдырёстёг пианино дёр нё уыд, стёймузыкалон скъола дёр. Уымё гёсгёнё бахъуыд нё цёрён бынат Дзёу-джыхъёумё баивын. Ам ёрцардыс-тём фатеры. Мё мад кусынмё бацыдДзёуджыхъёуы изёры ахуырадыскъоламё ёмё дзы фёкуыста суангпенсимё ацёуыны онг. Дзёуджыхъё-уы цардыстём Ленины уынджы 55-ёмхёдзары, иумёйаг кёрты. Уыдис нынтынг хорз сыхёгтё, кёрёдзи бирёуарзтам. Уёлдай хорз зёрдё та дард-той мё ныййарёгмё ёмё мёнмё.Цёмёй ёз музыкант суон, уый мёмады куыд зёрдиагёй фёнды, уыйкуы базыдтой, уёд ёхца ёрёмбырдкодтой ёмё мын балхёдтой пианино.Уый уыд мё фыццаг музыкалон инст-румент. Раст куы зёгъон, уёд, музы-кёйё уёлдай ма мё зёрдёмё тынгцыд футбол. Ёмё мё мад куы нё уы-даид, уёд, чи зоны, ёмё ацы спортыхуызимё мё цард ёнёхъёнёй дёрсбастаин, музыкант мё нё рауадаид,фёлё. Куы фембаргёдёр дён, уёд ба-

цыдтён сывёллётты фыццёгём му-зыкалон скъоламё, ахуыр кёнын дзырайдыдтон фортепианойы хайады. Ацыахуыргёнёндон каст куы фёдён, уёдта дарддёр ахуыр кёнынмё бацыд-тён Дзёуджыхъёуы музыкалон учили-щемё (ныр Гергиты Валерийы номылАивёдты колледж). Мё ахуыргёнёгта уыд фыццаг ирон пианисткё, рухс-тауёг, Уёрёсейы Федерацийы культу-рёйы сгуыхт кусёг Лолаты Заремё.Уый уыд домаг, фёлё тынг зёрдё-хёлар, цёстуарзон адёймаг. Музыкёйёхёдёг куыд ёгёрон уарзтёй уарз-та, раст афтё йё фёндыд бауарзынкёнын йё ахуырдзаутён дёр. Про-фессионалон ёгъдауёй музыкёйымё зонындзинёдтён сё бындурёвё-рёг уыди Лолаты Заремё. Уый фёр-цы федтон фыццаг хатт номдзыд иронкомпозитор Ёлборты Феликсы фыстуацмысты нотётё ёмё семё лёмбы-нёгдёр куы акуыстон, йё музыкёйырёсугъддзинад ын арф куы банкъард-тон, уёд мём фёзынд тырнындзиадмузыкё фыссынмё. Уый фёстё кёдконсерваторийы ахуыр кодтон, уёд-дёр нёхи музыкалон училищейы мёуарзон ахуыргёнджытё Лолаты Заре-мёйё ёмё Анатолий, Брискинёй цыбазыдтон, уыдонён аргъ нёй!

— Куыд композитор, афтё тадёхи фыст фыццаг музыкалон уац-мыс цавёр уыд?

— Ноктюрн фортепианойён. Ацыуацмыс уёлдай тынгдёр цёуы, музы-калон аивадыл ахуыр чи кёны, уыцыфёсивёды зёрдёмё. Ёмё йё тынгзёрдиагёй фёцёгъдынц сё ахуырырёстёг, стёй суанг фёлварёнтырёстёг дёр.

— Де сфёлдыстады рёзтылтынгдёр цавёр композитортысфёлдыстад сахадыдта?

— Уыдон сты дыууё композиторыСергей Рахманинов. Йё фыст музы-кёмё мё уарзт ёгёрон ёмё ёнусонуыдзён. Кёд ацы номдзыд компози-тор сёрмагондёй фортепиойыл кёйцёгъдынц, ахём уацмыстё фыста,ёмё ёнцон цёгъдён не сты, уёддёрсё алкёцыдёр у зёрдёагайгё ёмёхёдхуыз. Мё иннё уарзон композиторта у Ёлборты Феликс. Йемё лёгёй-лёгмё фыццаг хатт куы базонгё дён(1975 азы), уёд мын балёвар кодтайё фыст музыкалон уацмысты нотётыкъухфыстытё. Зёрдылдарён фыстдёр ма сыл ныккодта: "Моему дорого-му, любимому Ацамазу, другу и после-дователю". Феликсы уыцы лёвар ёздардтон кёддёриддёр мё разы,суанг ма фынёй дёр уыцы нотётимёкодтон. Абон дёр мын тынг зынаргъсты. Ёмё сё мёхимё хёзнайаухъахъхъёнын. Фёстёдёр базыдтонахём хабар: зындгонд уырыссаг музы-кант Скрябин дёр тынг уарзта ёмёаргъ кодта дунейы номдзыд компози-тор Шопены сфёлдыстадён ёмё-иу

ын йё уацмысты нотётё ёхсёв йёхуыссёнуаты базы бын дардта.

— Музыкалон аивады дын рухс-тауёг чи басгуыхт йё рёстёджы,уыцы ахуыргёнджытёй та арёх-дёр кёй ёрхъуыды кёныс?

— Мён пианисты дёсныйадылахуыр кодтой дыууё номдзыд ахуыр-гёнёджы Виктор Никитин, уый мынуыд ахуыргёнёг Дзёуджыхъёуы 1-ём музыкалон скъолайы. Зыдта, фут-болмё дёр мё зёрдё кёй ёхсайы,уый, ёмё цёмёй йё уроктёй маалидзон футболёй хъазынмё, уыйтыххёй мыл-иу къласы дуар арёхсёхгёдта, ёмё-иу ахуыр кодтон. Тынгарёх мё зёрдыл ёрлёууы, мызыка-лон училищейы мын цёстуарзон зонд-амонёг чи уыд, уый — Лолаты Заре-мё. Консерваторийы ахуыргёнгёйёдёр бирё хорз рухстауджытыл сём-бёлдтён, фёлё уёддёр музыкалонскъолайы ёмё училищейы форте-пианойыл цёгъдёджы дёсныйадёйцы базыдтон, уыдон уыдысты фидарзонындзинёдтё. Уымё гёсгё мынмё дарддёры ахуыры уыдысты стырахъаз ёмё уым мё ахуыр цыди ёнцо-нёй ёмё ёнтыстджынёй. Консерва-торийы профессортё дын ёххуыс кё-нынц, куыд пианист, афтё дын цавёркомпозиторты уацмыстё феххуыс уы-дзысты дё курдиаты хъомыс райхалы-нён ёмё райрёзтён, уыдон базо-нынмё, равзарынмё. Ме 'ртыккагахуыргёнёгыл нымайын дёсны музы-кант ёмё дирижер, Хетёгкаты Къос-тайы номыл паддзахадон премийылауреат Анатолий Брискины. Тынг ёйфёндыд, цёмёй дирижер суыдаин,уый. Ахуыр дёр мё уыцы дёсныйадылзёрдиагёй кодта. Кёд йё дёсны-йадимё мё хъысмёт не сбастон,уёддёр, куыд музыкант, композитор,афтё мё курдиаты рёзтыл йё арфёмё бирёвёрсыг зонындзинёдтёиттёг хорз сахадыдтой. Ныртёккёмын гёнён ёмё амал куы фёвёййы,уёд, симфонион оркестр мёхи уац-мыстё куы фёцёгъды, уёд балёууынпульты раз, куыд дирижер.

— Дёумё гёсгё, раздёрУёрёсейы ёмё Ирыстоны музы-калон аивады рёзт цавёр ёмвё-задыл уыд ёмё ныртёккё та цыуавёры ис?

— Уёрёсейы ёмё Ирыстоны музы-калон аивадён йё рёзты ёппётытыхджындёр, ирддёр заман уыдивгъуыд ёнусы. Зёгъём, уырыссагпианистты дёсныйады скъола ёппё-ты тынгдёр рёзт нудёсём ёнусыкёрон ёмё ёнёхъён ссёдзёмёнус. Уёд бёстёйы техникон рёзткёд ныллёг ёмвёзадыл уыд, уёд-дёр, куыд нё бёстёйы, афтё Ирыс-тоны иудадзыгдёр архайдтой ног му-зыкалон скъолатё, училищетё, техни-кумтё, театртё гом кёныныл. Нёаивадуарзджытё стыр цымыдисёйхъуыстой ирон, уырыссаг ёмё ду-нейы композиторты музыкалон уац-мыстём. Сё хъус дардтой, вокалон-инструменталон жанры ног цы фё-зынд, уыцы композицитём. Уыцы азтырёзт ёмё фидардёр кодта нёхи му-зыкалон аивад дёр. Фёзынд нём би-рё курдиатджын композитортё, музы-канттё, дирижертё. 20-ём ёнус фи-дарёй схонён ис аивады ёмё культу-рёйы ёнус. Уёд не стыр бёстёйыхицауад дёр хуыздёр цёстёй каст,аивадмё, культурёмё, стёй йё рёз-тыл чи куыста, уыцы зиууёттыл хистё-рёй-кёстёрмё тынг зёрдиагёйаудыдта. Ныртёккё та техникё кёдтынг райрёзт ёмё дзыппыдаргёхуымётёг чырёг телефоны кёнёкомпьютеры (Интернеты хызы) фёр-цы байхъусён ис классикон ёмё ны-рыккон музыкёмё дёр, уёддёр уыйнё адёмы иумёйаг культурёйы рёз-тыл хорзёй нё ахады. Раздёр нёбёстёйы адёмтё чингуытё куыдарёх ёмё цымыдисёй кастысты, уы-мёй дунейы ахстой фыццаг бынат.Ныртёккё та, ёвёццёгён, чырёг те-лефонтё нё кёмё цас фылдёр ис,уымёй ахсём фыццаг бынат дунейы.Чингуытё раздёр чи каст, уый хъуыдмузыкё дёр, театр ёмё кино дёр.Ныртёккё, стыр хъыгагён, афтё кёйнал у, уымёй мёгуырдёр кёнынц нёзонд, зёрдё ёмё уд. Уыцы кёуинагуавёр ёвзёрёй ахады, фёсивёд му-зыкалон ахуыргёнёндёттём бацё-уынмё раздёрау кёй нал тырнынц,

ууыл дёр. Кёд мё рёстёджы форте-пианойы хайады нёхи Аивёдты колле-джы ахуыр кодта ёппынкъаддёр ёр-тын фондз студенты, уёд ныртёккёсё нымёц ёрхауд цыппар-фондзмё.Уёдё симфонион оркестртён ёрыгонмузыканттё цёттё кёныны фарстакарзёй лёууы канд Ирыстоны нё,фёлё ма суанг Стъараполы, Дагеста-ны, Кёсёг-Балхъары. Уымён ёмёуыцы горётты симфонион оркестртымузыкантты куысты мыздтё сты тынгчысыл. Уымё гёсгё, ёрыгёттёйМёскуыйы кёнё Петербурджы сим-фонион оркестрты кусыны фадат кё-мён фёвёййы, уыдон уым баззайынц.Провинциалон горёттём нал ёрыз-дёхынц.

— Ды разамынд дёттыс нё рес-публикёйы дыууё сфёлдыстадонстыр артдзёстытён. Уыдон стыпаддзахадон Филармони ёмёКомпозиторты цёдис. Цавёрфарстатё лёууынц дё размёабон сёйрагдёр ёмё сё алыгкёныныл куыд архайыс?

— Мён иу ёмё ссёдз азы размёпаддзахадон Филармонийы директорыёмё аивадон разамонёджы бынатыкусынмё ардём ёрбахуыдта РЦИ-Аланийы уёды культурёйы министр,Уёрёсейы Федерацийы адёмон ар-тист Уататы Бимболат. Уымёй размёта ёнтыстджынёй куыстон Тёбёх-сёуты Балойы номыл Ирон академионтеатры. Раст уыцы рёстёг мё рав-зёрстой нё республикёйы Компози-торты цёдисы сёрдарёй. Уёд ма не'хсён уыдысты ирон музыкалон аива-ды зёрингуырдтё Хаханты Дудар,Плиты Христофор, Гёбёраты Илья,Ёлборты Феликс, Хёбёлаты Зинё,Кокойты Аслан. Уыдон, кёд мёнёйбирё хистёр уыдысты, уёддёр мылёрёвёрдтой, сёхёдёг цы сфёлдыс-тадон организаци сарёзтой йё рёс-тёджы, уый — Композиторты цёдисысёрдары стыр, бёрнон ёмё кадджынхёс. Филармонийы дёр ёмё Компо-зиторты цёдисы дёр ёз кусын куырайдыдтон, уёд сё уавёр экономи-кон, социалон ёгъдауёй тынг уёззаууыд. Рацарёзты фёстё уёззау азтёсыл сё уёззау уаргъ ёрёвёрдтой.Фёлё ёз, фыццаджыдёр, бацархайд-тон Композиторты цёдис бахъахъхъё-ныныл, стёй Филармонийы сфёл-дыстадон коллективты куыст ма ба-мынёг кёныныл. Ацы дыууё органи-зацийён мё бахъуыд дыууын фыццё-гём ёнусы дёр цёрёнбоны тых рат-тын. Ёмё уый мё къухы кёй бафтыд,уый тыххёй абон дёр бузныг дён, уы-цы рёстёджыты мын чи ёххуыс кодта,мё фарсмё чи балёууыд, уыдонёй се'ппётёй дёр! Мёнмё гёсгё, йёзёрдё мыл чи дардта, уыцы хистёрты— ирон аивады зёрингуырдты ёууён-

чы аккаг разыдтён, фыдёнхъёл сёникуы ницёмёй фёкодтон. Мё царды ёмё ме сфёлдыстадон

куысты сёйраг нысан уыд ирон клас-сикон музыкёйы хёзнатё нё дзыл-лёйы ёхсён, куыд гёнён ис, афтёаивдёрёй, тыхджындёрёй парахаткёнын. Уымён ёмё зыдтон ёмёзонын абон дёр, дунейы номдзыддёркомпозиторты уацмыстё ацёгъддзыс-ты цавёрфёнды стыр бёстёты сим-фонион оркестртё. Нёхи ирон музы-калон культурё хъёздыг ёмё мидис-джын цёмёй у, уыцы хёзнатё та нёдзыллёмё хёссынц нёхи ирон ком-позитортё ёмё Филармонийы сим-фонион оркестры музыканттё. Фида-рёй зёгъён ис, уыдон кёй сты ироннацион аивады цёсгом ёмё фидыц.Ёмё мё куысты сёйраг хёстё сты,сё архайдён, куыд гёнёнён ис, аф-тё хуыздёр ёмё стырдёр фадёттёаразын. Се сфёлдыстадон хъомысылсын аудын. Ахём цёстёй кёсын абондёр, Филармонийы чи кусы, уыцы со-листтё ёмё зарёггёнджытём дёр.Ахём уагыл кусын мын ме ‘взонджыбонты цёстуарзонёй амыдтой мёахуыргёнджытё Лолаты Заремё, Ана-толий Брискин ёмё нё композитортыхистёр фёлтёры минёвёрттё. Уы-доны зонды тёразёй барстон ёмёбардзынён, мё цёст цалынмё ёрт-тива, уёдмё! Ныртёккё нём цы бирё курдиат-

джын дирижертё ис Сохиты Тугъан(Мёскуыйы Стыр Театры сёйрагдирижер), Зёнджиаты Тимур, ТедетыХетёг, Муриты Данё, Ёлбегаты Геор-ги, уыдон се 'ппёт дёр сё фыццагсфёлдыстадон къахдзёфтё акодтойФилармонийы симфонион оркестры.Сё курдиаты рёзты мё фёллойы хайдёр кёй ис, уымёй дён сёрыстыр.Уымён ёмё рагёй дёр мё уд мёцёст сты Ирыстоны курдиатджын кёс-тёртё. Семё кусын мын хурыскастаувёййы ёхсызгон. Чидёртё мын-иууыцы арфёйаг хъуыддёгты мё размёцёлхдуртё дёр ёвёрдтой, фёлё сёёз ёрдумё дёр нё дардтон. Мёнмё гёсгё, зёрдёйё ёмё

зондёй мёгуыр у уыцы хистёр, хорзкёстёрён царды раст фёндаг баца-моныныл зёрдиагёй чи нё бацар-хайа, сё курдиат сын райрёзын кё-ныныл чи нё бакуса! Кёй ранымадтон,уыцы курдиатджын фёсивёд, цалын-мё Уёрёсейы ёмё ма суанг дунеонсфёлдыстадон конкурсты лауреаттёнё уыдысты, цалынмё сын алыхуызонаивадон фондтёй сёрмагонд стипен-дитё фидын нё райдыдтой, уёдмёнёхи симфонион оркестры кёй куыс-той, уый тыххёй нёхи Филармонийыистой мызд. Ёз ацы хабёрттё мёхи-цёй раппёлыны тыххёй нё дзурын,фёлё мё уыцы ёппёт фактты фёр-

цы фёнды, Филармонийён нё адёмыудварны рёзты, курдиатджын кёстёр-ты хъомылады цы стыр ахадындзинадуыд ёмё ис, уый равдисын.Уымёй уёлдай, не 'ппётён дёр

зындгонд у, нё Филармони бирёрёстёг цалцёггёнинаг кёй уыдис,уый, фёлё уёддёр, нё бон цас уыд,уый бёрц не сфёлдыстадон къордтёнё адёмён кодтой рухстауён куыст.Уавёр цёхгёр хуыздёрмё ивын рай-дыдта, нё республикёйы раздёрыСёргълёууёг, дзёнёты бадинагЁгъуызарты Тамерлан нё бёстыхайыкёуинаг уавёр йёхи цёстытёй куыфедта, уёд уый фёстё. Ёгъуызары-фырт ёвёстиатёй ссардта фёрёзтёёмё гёнёнтё, цёмёй Филармонийыбёстыхай цалцёггонд ёрцёуа. Ёмёуый йё къухы бафтыд, зёгъён куыднёй, афтё хорз. Уымё гёсгё дзыёнёхъён коллективёй дёр мёрдтёмбузныг стём. Цы бёсты ис, уым рухсуёд йё бынат…

— Симфонион оркестрёй уёл-дай ма Филармонийы ис ёндёраивадон къордтё. Ёмё уыдонытыххёй та цы зёгъдзынё?

— Ёз Филармонимё кусынмё куыёрбацыдтён, уёдмё дзы оркестрёйуёлдай уыд бирё сфёлдыстадон кол-лективтё. Ёз дзы бахъахъхъёдтон сёсёйрагдёртё ёмё ахадгёдёртё.Фыццаджыдёр нём абон дёр ён-тыстджынёй кусы дыууё лекторийы.Ис дзы фёлтёрдджын музыкёиртас-джытё — лектортё. Сё рухстауён ар-хайды сёйраг нысан та ис уый мидёг,ёмё Филармонийы кёцыфёнды кол-лектив дёр концерт куы фёдётты(фёнды Филармонийы уа, фёндыИрыстоны хъомыладон ахуырадонартдзёстыты, хъёуты кёнё горётты),уёд концерты программё фёмидис-джындёр кёныны тыххёй лекторийыкусджытё фёкёсынц ирон музыкалонкультурёйы хёзнаты равзёрдыл, нёирон композиторты сфёлдыстадыфёдыл лекцитё. Уыдонён ис стырахадындзинад, уёлдайдёр кёстёрты— фидёны ирон аивадуарзджытыхъомыл кёныны хъуыддаджы. Дёс азы размё нём арёзт ёрцыд

нёлгоймаг зарёггёнджыты къорд. Йёаивадон разамонёг у дёсны музыкантёмё курдиатджын хормейстер, РЦИ-Аланийы адёмон артисткё ДзанайтыОльгё. Ацы коллективы алы артистдёр, стёй сё аивадон разамонёгзёрдёйё уарзынц ирон фыдёлтыкконзарджытё ёмё кадджытё. Уыцыёвёджиауы хёзнатё парахат кёнынциттёг рёсугъдёй, канд Ирыстоныцёрджыты ёхсён нё, фёлё ма суангнё бёстёйы ёмё дунейы аивадуарз-джыты ёхсён дёр. Уымён ёвдисёнсты сё бирё кадджын хорзёхтё, май-дантё, дипломтё алыхуызон аивадон

фестивальтёй ёмё конкурстёй. Уы-мёй уёлдай ма зарёггёнджыты къор-ды аивадон разамонёг Дзанайты Оль-гё ирон фыдёлтыккон зарёджы рёз-тён цырагъау кёй судзы, уый дёрраппёлинаг куыд нёу. Цёмёй сё ре-пертуар хъёздыгдёр, мидисджындёркёна, уый тыххёй архивты, рагон чин-гуыты ссары, стёй Ирыстоны хохагёмё быдираг хъёуты цёрёг карджынадёмёй иудадзыгдёр ныффыссы, чиферох, ахём рагон фыдёлтыккон зар-джытё ёмё кадджытё. Арёхстджынзёрингуырдау сыл музыкалон ёгъда-уёй биноныгёй бакусы ёмё сё ноджырёсугъддёрёй хоры хъуытазхъёлёсартисттимё рахёссы адёмы размё. Зёгъын ма хъёуы уый дёр, ёмё

ацы зарёггёнджыты къорды бирё аз-ты фёзарыд Ирыстоны адёмон ныв-гёнёг, уёздан ёмё дзырддзёугёхистёр Сёбанты Хаджумар. Уый уыдацы аивадон къорды фидыц, йё хёз-на. Хаджумары хуызён хистёртё стынё уёзёджы фидыц ёмё ёгъдау,фарн, намысы мёсгуытё. Уымё гёс-гё нын абон тынг нё фаг кёны. Фё-лё йё фёстё цы бирё рагон зарджы-тё, кадджытё ныууагъта, уыдон базза-дысты, хорён цы музыкалон диск рацыд,уым фыстёй, стёй сё йё рёстёджынотётём раивыныл стыр куыст бакодтаДзанайты Ольгё. Уый нын фадат дётты,цёмёй фидарёй зёгъём, Хаджумарыуды бёркады хёзнатё сёфт не стыёмё нё уыдзысты, фидар у сё бынатзарёггёнджыты къорды хъёздыг му-зыкалон репертуары. Ацы хорён, куыд ирон музыкалон

фольклор ёмбырдгёнёг, афтё ахадгёёххуыс кёны ёрыгон курдиатджын ком-позитор, музыкёиртасёг, фольклористДзлиаты Дзерассё. Ёмё йын йё уыцыкуысты тыххёй зёрдиаг арфё кёнын,фылдёртё ма йын бантысёд! Ёнёзёгъгё нёй Филармонийы

ирон адёмон уадынгёрзтыл цёгъд-джыты оркестры тыххёй. Йё аивадонразамонёг ёмё дирижер, ёрыгонкурдиатджын музыкант Ходы Олег. Ор-кестры цы музыканттё ис, уыдон се‘ппёт дёр ёрыгон сты. Ис сём уёл-дёр профессионалон музыкалон ахуы-рад. Сё репертуар арёзт у рагон иронцёгъдтытёй ёмё нё композитортыхуыздёр уацмыстёй. Ныридёгён ацыаивадон кърдён дёр ис йёхи цёсгомёмё ном нырыккон ирон музыкалонкультурёйы ёмё аивады.Филармонийы сфёлдыстадон аз-

фыстыл дзургёйё ма мё зёгъынфёнды уый, ёмё алы рёстёджытынё симфонион оркестримё ёнтыст-джынёй куыстой зындгонд зарёггён-джытё Дзёгъиаты Риммё, УёрёсейыФедерацийы сгуыхт артисткё Котоли-ты Мария, Уёрёсейы Федерацийыадёмон артисткё Цёллагты Эмилия

(абон дёр махимё сфёлдыстадонёгъдауёй бастдзинад дары), зынд-гонд музыкёиртасёг, Цёгат Ирысто-ны аивёдты сгуыхт архайёг ОльгёПотапова…

— Ацёмёз, Цёгат ИрыстоныКомпозиторты цёдисыл ног уёнг-тё цас арёх ёфты?

— Нё цёдис у, Цёгат Кавказы ре-гионты ёхсён ёппёты стырдёр ёмёрагондёр сфёлдыстадон организаци.Йё азфыст у хъёздыг ёмё мидис-джын. Нё хыгъды чи ис, уыдонёй авдкомпозиторёй чи Мёскуыйы, Петер-бурджы, чи Ростовы, чи та фёсарён-ты цёры. Фёлё семё нё бастдзинаднё хёлы. Зёгъын-ма мё фёнды уый,ёмё кёд раздёр нё цёдисы уёнгтёфылдёр нёлгоймаг композитортёуыдысты (сылгоймёгтё нём уыд ёр-мёстдёр ёртё Людмилё Ефимцова,Хъаныхъуаты Ларисё ёмё ПлитыЖаннё), уёд ныр та сё фылдёр нёног уёнгтён сты ёрыгон курдиатджынчызджытё: Дзлиаты Дзерассё, Фёр-ниаты Нинё ёмё Косты Лизё. Кёймыггёгтё ранымадтон, уыдонёй алыадёймагён дёр ис стыр сфёлдыста-дон фидён. Бёрзонд профессионалонёмвёзадыл фыссынц алы хуызы му-зыкалон уацмыстё, сёхиуыл ёнувы-дёй кусынц иудадзыг. Сфёлдыстадонкуысты агурынц ног гёнёнтё ёмёфёндёгтё сё курдиатёй Ирыстонёнфылдёр хёрзты бацёуыныл, хистёркары композиторты ёмрёнхъ, сё удхъарынц. Уымё гёсгё сын мах дёр,куыд нё бон у, афтё ёххуыс кёнём.

— Къорд азты ёнтыстджынёйбакуыстай Ирон академион теа-тры. Куыд композитор, афтё му-зыкё ныффыстай бирё спектакль-тён. Ирон театрён ахём хёрзтыкёй бацыдтё, уый дёхи сфёл-дыстадон рёзтыл цас хорз са-хадыдта. Дарддёр дё нё фёндидИрон тетрён лёггад кёнын?

— Ирон академион тетримё сфёл-дыстадон куыст кёнын райдыдтон1985 азёй фёстёмё. Уырдём мёёрбакодта ирон аивады ёнувыд зиу-уон, РЦИ-Аланийы культурёйы сгуыхткусёг, ПТРК "Алани"-йы звукорежис-сер Газайты Зоя. Уый дзы йёхёдёгмузыкалон ёгъдауёй бирё спектакль-тё сфёлгонц кодта ёмё кёны. Ёмёмё бафёдзёхста уёды рёстёджыИрон театры разамонджытё, Уёрё-сейы Федерацийы адёмон артист, ре-жиссер, драматург Хуыгаты Георылёмё Уёрёсейы Федерацийы аивёд-ты сгуыхт архайёг, режиссер ёмё ар-тист Цихиты Мёирбегыл. Сё цёст-уарзон ахасты фёрцы ме сфёлдыста-дон архайд ам дёр рауад ёнтыст-джын. Уый тыххёй кёддёриддёр буз-ныг уыдзынён уёлдайдёр ХуыгатыГеорёй. Йё царды фёстаг бонмёдёр мыл уыд тынг ёнувыд, дардтамём раст хи фыдау фёлмён зёрдё.Абон мё бон зёгъын у, ёнё уёлдайдызёрдыгай, Ирон театримё сфёл-дыстадон ёмгуыстад мын фёфидаркодта мё курдиат, куыд композитор,афтё. Музыкёйё кёй саив кодтон,уыцы спектакльтён сё фыццёгтёуыдысты: сабитён Цихиты Мёирбе-джы ёвёрд спектакль "Аргъау" ёмёХуыгаты Георы пьесёмё гёсгё спек-такль "Хъёздыг хёдзар". Ёдёппё-тёй та музыкё ныффыстон 53 спек-таклён. Фёстёдёр, Филармонийыкусын куы райдыдтон, уёд та ма музы-калон ёгъдауёй бакуыстон ЕвгенийВахтанговы номыл Уырыссаг академи-он театры ёвёрд цалдёр спектаклыл. Ёнтыстджын рауад мё архайд бёх-

ты театр "Нартё"-йы дёр. Уым та му-зыкё ныффыстон, номдзыд ирон фыс-сёг, ахуыргонд, поэт, драматургДжыккайты Шамилы пьесёмё гёсгёёппёты фыццаг цы спектакль "Хъоды-гонд зёд" сёвёрдтой, уымё. Куыдёй зонут, афтёмёй ацы спектакльёвдыст ёрцыд Хетёгкаты Къостайыномыл паддзахадон премимё". Ёмёйын къамисы уёнгтё хорз агъ кёйскодтой, уымё гёсгё ёз дёр, спек-таклы режиссер Дзиуаты Анатоли,сёйраг фёлгонцтё ахъазёг артисттёДзуццаты Артур ёмё Сёбанты Тамер-ланимё райстон нё республикёйыкадджындёр хорзёхтёй иу — Хетёг-каты Къостайы номыл паддзахадонпреми. Кёд мём ирондзинадёй исты ис,

уёд мё ууыл сахуыр кодта Ирон те-атр, ёмё ма дзы ёз кёй ёрёййёф-тон, уыцы диссаджы артисттё. Сове-тон Цёдисы адёмон артист Тёбёх-сёуты Балойы дзы нал ёрёййёфтон,ёндёр иннёты Саламты Къолайы,Сланты Къостайы, Туменаты Еленёйы,Цёлыккаты Мёирбеджы, Баллаты Ва-лодяйы, Уыртаты Верёйы… Се ‘ппётдёр уыдысты мё зёрдёйён адджынёмё зынаргъ. Сё уёздандзинадёй,ёгъдауёй, уды хорзёхёй хайджынкёй фёдён, уымёй дён кёддёрид-дёр буц ёмё сёрыстыр. Ныртёккёдёр мё зёрдыл арёх ёрлёууынц,нё сё рох кёнын. Ирон театримё ме сфёлдыстадон

бастдзинад нё хёлы ныртёккё дёр.Ёрёджы ныффыстон музыкё зынд-гонд драматург Айларты Асёхмётыпьесё "Къафетты къопп"-мё гёсгёёвёрд спектакльмё. Сценёйы йёсёвёрдта режиссер Мерденты Марат.

— Ацёмёз, ды ныффыстай сёр-магондёй симфонион поэмё. Уы-мёй та ссардтай Цёгат Ирыстоныфыццаг адёмон артист, Лениныордены кавалер, ёрдхёрёны кур-диаты хицау, актер ТаутиатыСолёманы ном. Ацы уацмыс ныф-фыссынмё та дё цы сразёнгардкодта?

— Ацы диссаджы артист куыд курди-атджын уыд, уый тыххёй фыццаг хаттбазыдтон мё мад Раисёйы мысинёг-тёй. Уый йё сценёйы федта Ирынёртон хъёбул Къостайы ролы 1939азы. Уёд генион поэты райгуырды 80азы юбилеймё Ирон театр сёвёрдтаЕпхиты Тётёри ёмё Дзанайты Иваныфыст пьесё "Къоста". Солёман дзысарёзта сёйраг архайёджы сурёт.Ёмё йё куыд уырнинагёй, дёсныахъазыд, уый тыххёй-иу мын мё мадарёх дзырдта. Йё мысинёгтё-иу аф-тё зёрдиаг ёмё бёлвырд уыдысты,ёмё-иу сём хъусынёй не 'фсёстён.Фёстёдёр Ирон театрмё кусынмёкуы бацыдтён, уёд мё мады мы-

синёгтыл Солёманы тыххёй ноджыстырдёр тых бафтыдтой, артисты лё-гёй-лёгмё чи зыдта, театры йемё чикуыста, ёмё ма ёз дёр кёй ёрёй-йёфтон театры, уыцы зындгонд ар-тисттё Саламты Къола, Сланты Къос-та, Беккуызарты Орзетё, ТуменатыЕленё, Баллаты Валодя. Уыдон мын-иу Солёманы тыххёй сё мысинёгтёкуы дзырдтой, уёд-иу сё ирон ёвза-джы адёймагёй раппёлыны тыххёйцыдёриддёр хорз аргъгёнён дзырд-тё ис, уыдон дёр сын-иу нал фаг код-той, афтё зёрдиагёй нывёзтой сёдзырд ёмё хъуыдытё. Се 'ппётдёр-иу ёй ёхсызгонёй, иннёмёй та,цёрын ын кёй нё бантыст, уый тых-хёй хъыг зёрдёйё мысыдысты.Фырбуцён ёй, зёгъынц, цёхёрцёстСолёман хуыдтам. Иу рёстёг мёхицён бынат нал

ардтон, Солёманы рухс номён мёкурдиатёй цы хуызы балёггад кёнон,уыцы хъуыдытёй. Афтё райгуырд йёномыл мёхи фыст сёрмагонд уацмыс.Фыццаг хатт райхъуыст 2000 азы ар-тисты номарён изёры, ацагъта йёФилармонийы симфонион оркестр.Уыцы изёры уыд Солёманы кёстёрхо Бафеня. Уый мём сценёмё схызт,зёрдиагёй мё фёлмён йё хъёбысыёрбакодта ёмё мын арфётё кёны-нёй нал ёфсёст. Йё къухы та уыдСолёманы стыр хуызист. Ацы хуызистмын, зёгъы, тынг зынаргъ у, фёлё йёаз дёуён бузныджы ёмё стыр ар-фёйы нысанён лёвар кёнын. Гъеахём ныхёстимё ёз райстон, нырдёр кёсынёй кёмё нё фефсёдын,стыр хёзнайау мё хёдзары сыгъдёгёмё ёфснайдёй кёй дарын, Таутиа-ты Солёманы уыцы портрет. Ам ма зёгъдзынён уый, ёмё Со-

лёманы номыл цы уацмыс ныф-фыстон, уымён стыр аргъ скодта мёахуыргёнёг Анатолий Брискин. Куыднё симфонион оркестры репертуарыхуыздёр уацмыстёй иу, афтё йё нёмузыканттё цагътой канд Ирыстонынё, фёлё Уёрёсейы Федерацийы,стёй суанг фёсарёйнаг бирё горёт-ты сё гастрольты рёстёг. Кёмфён-ды ма азёлыдаид ацы уацмыс, уымём алчидёр хъуыста иттёг зёрдиа-гёй ёмё ёхсызгонёй. Ахём хуызыма сёрмагонд уацмыс ныффыстонУёрёсейы Федерацийы адёмон ар-тист Уататы Бибойы номыл дёр. Иу ныхасёй, Ирон театры цы 12 азы

бакуыстон, уыдон уыдысты ме сфёл-дыстадон азфысты ирддёр азтё. Уы-мёй уёлдай Хуыгаты Георы курдиат-мё гёсгё Хуссар Ирыстоны Хетёгка-ты Къостайы номыл паддзахадон дра-мон театры ёвёрд цалдёр спектаклыдёр мын бантыст музыкалон ёгъауёйсфёлгонц кёнын.

— Фёстаг рёстёг дё къухы ца-вёр ног уацмыстё ныффыссынбафтыд, стёй ныридёгён цёуылкусыс?

— Кёд дыууё сфёлдыстадон арт-дзёсты сёргъы лёууын, уёддёр мёсёйрагдёр куыст музыкё фыссынкёй у, уый мё рох никуы уыд. Фыссы-ныл архайын ёхсёв дёр ёмё бондёр. Филармонийы мё кусён уаты цырояль лёууы, уый амонёнтыл ныф-фыстон ме стырдёр ёмё ахадгёдёрмузыкалон уацмыстё: Хъёрмёдонызёйраскъуыды амёттёгты номарёнсимфони-реквием фортепионойён.Уёдё куыд нё зёгъон, Беслёныскъолайы фыдбёллёхы амёттёгтыномыл ме 'нкъараг зёрдёйы цы уац-мыс "Моя родина Беслан" райгуырд,уый тыххёй. Ёз ацы горёты схъомылдён, ам се ‘нусон бынат ссардтой мёмад ёмё мё дада. Мё хёстёджытёёмё хиуёттё. Уымё гёсгё мынБеслёны алы уынг, алы фёндаг ёмёдур дёр зонгё, зынаргъ ёмё адджынсты. Уымё гёсгё мёхицён стырхёсыл банымадтон, мё уарзон горётБеслёны 2004 азы цы ёбуалгъ фыд-былыз ёрцыд, уый амёттёгты рухснёмттё арынён уацмыс ныффыссын.Ацы бёллёх куы нё ёрцыдаид, уёд-дёр мё рагёй фёндыд горётБеслёны ёмё йё цёрджыты кадёнсёрмагонд уацмыс сфёлдисын, фё-лё мё мё уыцы фёндмё ивддзинёд-тё бахёссын бахъуыд 2004 азы сен-тябры фыццаг бонты.Сёрмагондёй мё юбилеймё ёрё-

джы рухс федта, фортепианойён цыуацмыстё ныффыстон, уыдоны ём-бырдгонд. Йё рауадзынмё та мёмфёкастысты ЦИПУ-йы ректор ОгъуатыАлан ёмё РЦИ-Аланийы арёзтадыминистр Икъаты Русланбег. Стыр буз-ныг сын зёгъын. Сёрмагондёй Аи-вёдты республикон лицейы юбилей-мё ныффыстон сывёллётты балет"Ацёмёзы уадындз". Ёрёджы уыцыуацмыс ёвёрд ёрцыд ацы ахуыргё-нёндонён йёхи сценёйы. Ёмё ра-уад ёнтыстджын. Нё ирон поэттыёмдзёвгётыл дёр иудадзыг архайынёмё архайдзынён зарджытё фыссы-ныл. Мё фыссён сисы бынёй рацыд,сёрмагондёй сабитён кёй ныф-фыстон, ахём бирё уацмыстё. Ёмёмё бон цалынмё уа, уёдмё зёрдиаглёггад кёндзынён нё ирон аивадён,культурёйён, нё кёстёртён ёмёнё адёмён.

— Дё уды фёндиёгтё нё Ирыдзыллёйён цавёртё уыдзысты?

— Сёйрагдёр мё фёнды, нёадём хистёрёй-кёстёрмё ёнёнизёмё ёнёмаст куыд уой. Царды зын-дзинёдтён сёттын куыд нё бакомой,фёлё сё алчидёр йё кёстёрты растхъомыл кёнын ёмё сабыр арвы бынфаг рёвдауын куыд фёраза. Уый у мёсёйрагдёр фёндиаг мё уарзонИрыстонён ёмё йё цёрджытён!

— Ацёмёз, стыр бузныг дёзёрдиаг хъуыдыты тыххёй. Дёкадджын юбилейы фёдыл дын га-зет "Рёстдзинад"-ы редакцийыкусджытё зёрдиаг арфё кёнынц.Ирон музыкалон аивады хёзнадондё уаз хуынтёй сфидауын кодтай.Ёмё ма, дё фёлмён ёмё ён-къараг зёрдёйы цы бирё рёсугъдфёндтё ис, уыдон дын тагъд рёс-тёг нёртон ёфсир куыд рафтауой,Ирыстоны аивадуарзджытён сёудварны рёзтыл ноджы тынгдёркуыд сахадой, уыцы хорзёх дынХуыцау ёмё йе сконд зёдтё ба-лёвар кёнёнт!

Юбилей

Ирон аивады ёвёллайгё зиууонЗындгонд ирон композитор,

Цёгат ИрыстоныКомпозиторты цёдисы сёрдар МАГКОТЫАцёмёзыл сёххёст

ММёё ццааррддыы ёёммёё ммее ссффёёллддыыссттааддоонн ккууыыссттыы ссёёййрраагг нныыссаанн ууыыдд ииррооннккллаассссииккоонн ммууззыыккёёййыы ххёёззннааттёё ннёё ддззыыллллёёййыы ёёххссёённ,, ккууыыдд ггёённёённ иисс,,ааффттёё ааииввддёёррёёйй,, ттыыххдджжыыннддёёррёёйй ппааррааххаатт ккёённыынн.. УУыыммёённ ёёммёёззыыддттоонн ёёммёё ззоонныынн ааббоонн ддёёрр,, ддууннееййыы ннооммддззыыддддёёрр ккооммппооззииттооррттыы ууаацц-ммыыссттёё ааццёёггъъддддззыыссттыы ццааввёёррффёённддыы ссттыырр ббёёссттёёттыы ссииммффооннииооннооррккеессттррттёё.. ННёёххии иирроонн ммууззыыккааллоонн ккууллььттууррёё ххъъёёззддыыгг ёёммёё ммииддииссдджжыыннццёёммёёйй уу,, ууыыццыы ххёёззннааттёё ттаа ннёё ддззыыллллёёммёё ххёёссссыыннцц ннёёххии иирроонн ккоомм-ппооззииттооррттёё ёёммёё ФФииллааррммооннииййыы ссииммффооннииоонн ооррккеессттррыы ммууззыыккааннттттёё.. ФФии-ддааррёёйй ззёёггъъёённ иисс,, ууыыддоонн ккёёйй ссттыы иирроонн ннааццииоонн ааииввааддыы ццёёссггоомм ёёммёёффииддыыцц.. ЁЁммёё ммёё ккууыыссттыы ссёёййрраагг ххёёссттёё ссттыы,, ссёё ааррххааййддёённ,, ккууыыдд ггёё-ннёённ иисс.. ааффттёё ххууыыззддёёрр ёёммёё ссттыыррддёёрр ффааддёёттттёё ааррааззыынн.. ССее ссффёёллддыы-ссттааддоонн ххъъооммыыссыылл ссыынн ааууддыынн.. ААххёёмм ццёёссттёёйй ккёёссыынн ааббоонн ддёёрр,, ФФииллаарр-ммооннииййыы ччии ккууссыы,, ууыыццыы ссооллииссттттёё ёёммёё ззааррёёггггёённдджжыыттёёмм ддёёрр..

Ирон музыкалон аивады йёхи сёрмагонд цёсгом ёмё ирд ёрм-дзёф кёмён ис, йё адёмён йё курдиатёй ёмё нё культурёйёнёгёрон уарзты хъомысёй биноныг ёмё зёрдиаг лёггад чи кёны,йё уёздандзинадёй, арф ёмё бирёвёрсыг зонындзинёдтёй нёадёмы ёхсён йёхицён кад ёмё ном чи скодта, уый у зындгондирон композитор, Хетёгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийылауреат, РЦИ-Аланийы адёмон артист, Уёрёсейы Федерацийы аи-вёдты сгуыхт архайёг, нё республикёйы Композиторты цёдисысёрдар, Цёгат Ирыстоны паддзахадон Филармонийы директорёмё аивадон разамонёг МАГКОТЫ Ацёмёз. Ацы бонты йыл сёх-хёст 60 азы. Ёрёджы йемё фембёлд газет "Рёстдзинад"-ы уац-хёссёг ГАСАНТЫ Валери. Се 'хсён рауад ахём ныхас:

аа ззыы66660000

Page 4: Ёнёниздзинад цард Инсульт дзёбёх ногдзинёдтёhttps://растдзинад.рф/wp-content/uploads/2017...2017/07/04  · Инсульт дзёбёх

Сёйрагредактор БИТАРТЫМаринё

Офсетон мыхуыр 1.88 мыхуырон сыфы. Газет цёуы къуыри фондз хатты.

Индекс 53901. Тираж 4864.Заказ № 764. Мыхуырмё

хъуамё фыст ёрцёуа — 18.00.мыхуырмё фыст ёрцыд — 18.00.

Email: [email protected]Сайт: www.растдзинад.рф

Газета выходит 5 раз в неделю“Растдзинад”(“Правда”)

УЧРЕДИТЕЛИ:Парламент РСО-А, Правительство РСО-А, ГБУ “Редакция республиканской народной

газеты “Растдзинад”.Газета зарегистрирована в Управлении Феде-ральной службы по надзору в сфере связи, информационных технологий и массовых ком-муникаций по РСО-Алания 30 марта 2012 г.

(ПИ № ТУ 15-00063)

Нё газетёй ист ёрмёгёй ёндёр мыхуырон рауагъды пайда-гонд куы цёуа, уёд хъуамё ёнёмёнг бёрёггонд уа, “Рёстдзинад”-ёй йё кёй рафыстой, уый.

Фыстёджытё, къухфыстытё, къамтё ёмё нывтён рецензинё дёттём, стёй сё автортём дёр фёстёмё не ‘рвитём.

Газеты цы ёрмёджытё рацёуа, уыдоныл бёрнондзинад хёс-сынц сё автортё.

Рекламё ёмё хъусынгёнинёгты тыххёй “Рёстдзинад”-ы ре-дакци йёхимё бёрнондзинад нё исы.

Сёйраг редактор — 25-96-27Сёйраг редакторы хёдивджытё — 25-94-37, 25-63-19Рауагъды дирекци — 25-94-37, 25-90-54ХАЙЁДТЁ:Культурёйы, фёсивёды ёмё спорты — 25-91-89, 25-99-33, 25-94-09, 25-96-31.Ёхсёнадон, политикон, социалон ёмё экономикон — 25-90-51, 25-91-80Бухгалтери — 25-94-19Къамисёг — 25-93-68Сайты редактор — 25-96-16РЕКЛАМЁ — 25-67-03, Корректортё — 25-93-36.

Редакци, рауагъдад ёмё типографийы адрис:

362015, РЦИ-Алани, г. Дзёуджыхъёу,

Къостайы проспект, 11.Мыхуыргонд цёуы акционеронёхсёнад “Осетия-поли-

графсервис”-ы

Газет уадзынцРЦИ-Аланийы Парламент,РЦИ-Аланийы Хицауад, паддзахадон кусёндон

“Республикон адёмон газет“Рёстдзинад”-ы редакци”.

Газеты регистрацион номыр(ПИ № ТУ 15-00063)

4 № 117 (24399) 2017 АЗЫ СУСЁНЫ МЁЙЫ 4 БОН

Выполняем все виды работ накладбище.ТЕЛ.:

8-961-821-07-65(Алан);

8-962-743-81-50(Аслан).

РЕКЛАМЁ, ХЪУСЫНГЁНИНЁГТЁ

Спортивон фидиуёг

ПРОДАЮдачу 40 кв. м. с

приватиз. зем. уч. 5 сот.

в с/т "Локомотив" (р-он пивзавода

"Дарьял"). Цена 1,5 млн. руб.

ТЕЛ.: 8-988-831-98-22

(Нина).

ХъусынгёнинагАбонёй фёстёмё газет "Рёстдзи-

над" ёмдзёвгётё лёвар мыхуыр кёныФысджыты цёдисы уёнгтён ёмёёрыгон поэттён, суанг скъоладзаутёндёр.Зёрондёй уыцы куыстыл чи фёхёст,

уыдоны фыст ёмдзёвгётё та мыхуыркёнын райдыдтам рекламёйы бындурыл,иу куплетён 100 сомы фидгёйё.

Редакци

БАЛЬЗАМИРОВАНИЕтел умерших. Быстрый выезд по городу и

республике. Похоронные принадлежности. Перевозка тел.

ТЕЛ.: 56-63-85; 8-918-822-81-80. Работаем круглосуточно.

Укладка асфальта.ТЕЛ.: 8-905-488-28-41 (Артур).

Спил деревьев.Тел.: 8-988-832-83-06 (Павел).

Сдается 2-комнатная

квартира по ул.Армянской, 17.

Цена — 13 тыс. руб.Тел.:

8-918-828-80-22.

СРОЧНО ПРОДАЮ: два зем. участка (10 и 40 сот.) в пос. В. Фиаг-

дон. Торг уместен. Тел.: 8-918-830-40-80.

Продается сенокосилка

(производство Чехия).Цена —

130 тыс. руб.Тел.:

8-925-855-51-23(Руслан).

Гарантированное качество.Весь товар

сертифицированРаботаем с 8 до 21 часа.

угол ул. Маркова и Кирова, 74/23

(напротив гостиницы "Кадгарон",

район ж/д. вокзала). ТЕЛ.: 544-554, 94-11-15.

Возможны противопоказания, перед применением обязательно проконсультируйтесь со специалистом.

РЕКЛАМА

ААААППППТТТТЕЕЕЕККККАААА низких цен

С НАМИ ВЫГОДНО!

“К пеечка”“К пеечка”

НОМЫРЫЛ БАКУЫСТОЙ:Дзуапдёттёг редактор — Баскаты Уырызмёг.

Номырён бёрнон — Ёлборты Дианё.КОМПЬЮТЕРОН МЫХУЫР — Цопанаты Эльмё.

ДИЗАЙН: 1-аг ёмё 4-ём фёрстён — Сланты Мёдинё;

2-аг фарсён — Халиты Изё; 3-аг фарсён — Рубайты Нелли.

КОРРЕКТОРТЁ:1-аг фарсён — Айларты Эмилия;

2-аг ёмё 4-ём фёрстён — Дзоцъиты Тамарё;

3-ём фарсён — Гаглойты Наташё.

Металлоизделия “Престиж"

ворота, двери, перила,навесы из лексана ипрофнастила, заборы, решетки,ограды и многое другое.

ККооррооттккииее ссррооккии,, ввыыссооккооее ккааччеессттввоо..

Тел.: 28-20-44, 8-928-491-24-83

Ахсёны ёмё тъёнгты хёцгё низтё:лямбли, дисбактериоз, буары низтё, фады-нёг, уыдырны, уазал бацыды тыхджын фор-мётё (ОРЗ, грипп), куыд сывёллётты, афтёалы кары адёмы дзёбёхгёнёг дохтыры

хъусынгёнинаг.

Зынаргъ горётёгтё! Табуафси, йе 'нёниздзи-надмё йё зёрдё кёмён ёхсайы, уыдонмё ён-хъёлмё кёсын Куйбышевы уынджы 35-ём хёдзары.Тел.: 96-21-23, 8-918-826-21-23.Ёвёстиатёй ёмбёлгё консультаци раттын мё

бон у рынчынён йёхи хёдзары дёр.Уё хорзёхёй, саккаг кёнут!Ис гёнён ныхмёвёрд фёзындтытён, уый

тыххёй хъёуы ёнёмёнгёй специалисты кон-сультаци.

Лиц. 15 №001139

Фёзминаг хъёппёрисРацыд ног чиныг

Ёмбырд байгом кодтаёмё йё амыдта Томайты Са-вели. Уый зёрдёбын арфёракодта ёмбырдмё ёрба-цёуджытён ёмё загъта:

— Абон мах, Томайты мыг-гаджы минёвёрттё, ёрём-бырд стём, цёмёй нё кёрё-дзи хуыздёр базонём, аныхаскёнём биноныгдёр нё цар-ды риссаг фарстатыл. Ёмё,куыд Ирыстоны иннё мыггёг-тё, афтё мах дёр саразёмнё Мыггаджы ныхас. Куыд зо-нут, афтёмёй нё мыггаг,Ирыстоны цы бёзджын мыг-гёгтё ис, уыдоны номхыгъд-мё хауы. Ёдёппёт нём ис700 хёдзары. Стёй ма ёрва-диуёг кёимё кёнём: Дзгой-тё, Беккуызартё, Будзитё,Къозонтё, Губатё, Цёгёратёёмё Гагуылаты мыггёгтёдёр.Нё мыггагёй кусы сёрма-

гонд къорд иуёндёс адёйма-гёй, сё сёргъы Томайты Зе-лим, афтёмёй. Уыдоны фы-дёбоны фёрцы мыхуыры ра-цыд, 735 фарсы кём ис, ахёмегъау, бёзджын чиныг "Томае-вы", зёгъгё. Нё зёрды ис,майрёмы мёйы (августы) кон-ференци саразын. Уёдмёбацёттё кодтам, Мыггаджыныхасён йё размё цы хёстёёвёрд уыдзён, уыдоны ном-хыгъд, ёмё сё уым сфидаркёндзыстём. Савели бёстонёрдзырдта не 'гъдёутты тых-хёй. Уый загъта: "Не 'ргомфылдёр аздахын хъёуы не'гъдёуттём. Хъуамё цинёмё зианы ёгъдёуттё кё-рёдзийё хицён кёнын зо-нём. Бирё мыггёгтё нал кё-нынц мёрдёхсёвёр, ёмётынг раст у, уымён ёмё дзыницавёр мидис ёвёрд ис.Хёдзары бинонтё сё цёссы-гёй сёхи фехсынц, чидёртёта сё зёрдёйы дзёбёхёндаргъ рёгъытё фёуадзынц.Зианы кёндтытёй кёнынхъёуы йё ёвёрён бон, дыу-уиссёдзём бон ёмё афёдз.Мыхуыры рацыд сёрмагонд

чиныг. "Чындзхаст, чызгёр-выст ёмё марды ёгъдёут-тё", зёгъгё, ахём сёргонди-мё ёмё нё уымёй пайдакёнын хъёудзён".Не 'хсёнад мыггёгтёй

арёзт у ёмё алы мыггаг дёрхъомысджын куы уа, йе 'гъдау,йе 'фсармёй фёзминаг куыуа, уёд нё цард дидинёг кал-дзён. Уымё гёсгё Мыггаджыныхасён ис стыр ахадындзи-над, ёмё йём куыдфёндыйыцёстёй кёсын нё хъёуы, ар-хайын хъёуы, цёмёй алымыггаджы дёр уа Ныхас. Су-сёггаг нёу, алы мыггаджыдёр расыггёнджытё, магуса-тё, ёгъдаухалджытё, нё царднын зыгъуыммётё чи кёны,ахёмтё кёй ис. Уыдон канд сё-хи нё худинаг кёнынц, фёлёма ёгады гакк ёвёрынц мыгга-гыл ёмё ёнёхъён ирон дзыл-лёйыл дёр. Ахёмтён мыггёг-ты совет хъуамё ныхкъуырддётта ёмё сё раст фёндагмёздаха. Нё дзыллёйён йё сёйраг-

дёр сагъёс у, нё демографи-он уавёр зёрдёмёдзёугёкёй нёу, уый. Куыд зонём,афтёмёй мёлгё нё чи кё-ны, уыдоны нымёц фылдёр у,гуыргё чи кёны, уыдонёй.Ацы ахсджиаг ёууёл алкё-мёндёр ахъуыдыйаг у. Хуыцаубахизёд, фёлё уавёр афтёкуы ахёсса, уёд нё нацисёфты къахыл ныллёудзёнёмё ма фёсмон кёндзыс-тём, фёлё байрёджыуыдзён. Нё адёмы нымёцыл кёй

нё ёфты, къаддёрёй-къад-дёр кёй кёнём, уымён исйёхи аххосёгтё. Уыдонёй иуу нё усгур лёпппутё бинонтыхъуыддаг кёй нё кёнынц,уый. Раджы заманты, цёмёйлёппу бинонты хъуыддаг ба-кодтаид, уый тыххёй йё фи-дын хъуыд стыр ирёд. Ахёмирёд бафидын та бирётыкъухы не 'фтыд ёмё уый аххо-сёй бирётён сё амонд сса-рын сё къухы не 'фтыд. Ныр

уыцы ёгъдауёй сёрибар стынё усгур лёппутё, фёлёуёддёр сё иу хай ёнё усёйзёронд кёнынц. Бафиппайынхъёуы уый дёр, ёмё нырыдуджы чындзёхсёв скёнынёнцон хъуыддаг нёу, хъёуыдзы бирё хёрдзтё, ёмёиуёй-иутё цыбыркъух кёйсты, уый аххосёй сё бон чын-дзёхсёв скёнын нёу. Хуыз-дёр нё уаид, кёд лёппуёмё чызгён йё къух нё амо-ны, уёд дзы цёмён хъёуыресторанты ёмё ёндёр рёт-ты стыр чындзёхсёвтё кё-нын. Ёппёт уыцы фарстатылныхас цыд Томайты мыггаджыиумёйаг ёмбырды. Ёмё уы-дон лыггёнинаг сты алы мыг-гагён дёр сё Мыггаджы ны-хасы. Томайты Мыггаджы ём-

бырды бёстон ныхас цыд,зианы фёдыл сабёттаджыбёрц цал сомы хъуамё уа,ууыл. Иуёй-иу хъёздгуытё,ёвёлмон ёфтиёгтё кёмёхауы, уыдон сё фырхъалёй"хъайла цёгъдынц" ёмёадёмы ёхсён сёхи равдисы-ны охыл дёттынц стыр сабёт-тёгтё, минтё, дыгай минтёёмё ма ноджы фылдёр. Фё-лё мёгуыр лёг, айдагъ пен-сийы капеччыттёй чи цёры,уый хъёздгуыты куыд хъуамёбафёзма, уыйбёрц сабёттагкуы ратта, уёд ма йё бинон-тён къёбёр цёмёй балхён-дзён? Бирётё цыбыркъухкёй сты, уый тыххёй зианмёнё ацёуынц.Ёмбырды уёнгтё скодтой

хатдзёгтё ёмё ёрцыдыстыахём хъуыдымё: Сабёттагдёттын хъёуы ёрмёстдёрхёрнёджы бон, 300-500 со-мёй фылдёр куыд нё уа, аф-тё. Ёмбырды кёрон ма сёхъуыдытё загътой ЁккацатыЮри, Кцойты Гермён, Томай-ты Зауыр, Томайты Израиль,Томайты Таймураз ёмё ин-нётё.Томайты мыггагён сё бёл-

лиц сё къухы бафтыд, арёзтёрцыд мыггаджы "Ныхас". Йёсоветмё ёвзёрст ёрцы-дысты авд адёймаджы, тагъдрёстёджы Ныхас райдайдзёнйё хёстё ёххёст кёнын.

ХЁМЫЦАТЫ Раман,Ёппётдунеон

ёхсёнадон змёлд "ИрыСтыр Ныхас"-ы уёнг,

Рахизфарсы районы Ныхасы иронёгъдёутты комитеты

сёргълёууёг

Проект цёттёгонд ёрцыд национ литературёйён бах-хуысы программёйы фёлгёты. Ацы хъуыддаджы чи-ныджы рацыд уыд фыццаг ахсджиаг къахдзёф. Дарддёруагъд ёрцёудзысты сывёллётты антологи (поэзи ёмёпрозё) ёмё прозёйы антологи.Ёрёджы цы поэзийы антологи рацыд, уырдём хаст

ёрцыдысты 57 ёвзагыл чи фыссы, уыцы 229 поэты уац-мыстё. Чиныг байгом Уёрёсейы Президент ВладимирПутины разныхасёй.Уёрёсейы ис, сё мадёлон ёвзагыл чи фыссы, бирё

ахём курдиатджын фысджытё. Ахсджиаг хъуыддаг у уый,цёмёй сё поэтикон рёнхъытё адёммё фехъуысой,адёмы зёрдётём сёхи фёндаг ссарой.Зёрдё дарён ис, уёрёсейаг нырыккон поэтты хигъё-

дон уацмыстё цы антологийы сты, стёй сё тёлмацтёуырыссаг ёвзагмё, уый зынгё бавёрён кёй бахёсдзёнУёрёсейы национ литературётё бахъахъхъёныны ёмёрёзты хъуыддагмё, уёрёх чиныгкёсджытён уыдзёнцымыдисаг.Уымёй уёлдай ма ацы чиныджы сты очерктё алы ли-

тературон ёвзаджы, иу кёнё иннё адёмы поэтикон тра-дициты тыххёй.Чиныг рауадзынмё цёттёгёнгёйё арёзт ёрцыдысты

регионалон редакцион советтё. Фёлтёрдджын поэттё-тёлмацгёнджытё зылдысты бёстёйы алы рётты ёмёарёзтой семинартё ёмё мастер-класстё тёлмацгён-джытё ёмё литератортён. Уыдон кодтой дёлрёнхъонтёлмацтё. Бынёттон поэттё ма видео ёмё аудиойыфёрцы хъусын кодтой сё уацмыстё, цёмёй сын тёл-мацгёнджытё сё ритмикё банкъардтаиккой, удёгас на-цион ёвзагыл ёмдзёвгёйы мелоди, афтёмёй арёзтёрцыд стыр ёмё цымыдисаг архив. Гёнён ис, ёмёскёной антологийы сайт дёр.Ирыстонёй ацы антологийы сты Касаты Батрадзы, Ма-

мыкъаты Хъазыбеджы, Джусойты Мараты, СкъодтатыЭльбрусы, Къадзаты Станиславы поэтикон уацмыстё Уы-рыссаг ёвзагыл дёр сё уёлмонц ныхас у зёрдёмё-хъаргё. Ацы чиныг йё къухмё чи райса ёмё йё чи ра-фёлдаха, уый йё йёхёдёг банкъардзён. Адёмы удвар-ны ёнёниздзинад фыссёджы уёлмонц ныхасёй аразгёкёй у, ёмё фыссёгмё паддзахад йе 'ргом кёй раздёх-та, уый та — сёйрагдёр.

АБАЙТЫ Эдуард

Мыггаджы ныфс — мыггаг ёнгомгёнёг

Ёрёджы Беслёны Галуаны уыд уёрёх ёмбырд. Ар-хайдтой дзы Рахизфарсы районы Томайты мыггаджы ми-нёвёрттё. Сё ёмбырды сёр уыд, цёмёй арёзт ёрцыда-ид сё мыггаджы ныхас. Ацы хъёугё мадзал арёзт ёрцыдРахизфарсы районы "Иры Стыр Ныхас"-ы хайадысёргълёууёг ТОМАЙТЫ Савелийы хъёппёрисёй. Ём-бырдмё хуынд ёрцыдысты мыггёгты комитеты сёрдарЁККАЦАТЫ Юри, районы ныхасы сёрдары хёдивёгКЦОЙТЫ Гермён ёмё ацы рёнхъыты автор — районыНыхасы ирон ёгъдёутты комитеты сёргълёууёг.

Поэты ныхас — удён ёвдадзЁнёдызёрдыгёй зёгъён ис, нё бёстёйы хуыз-

дёр чингуытёй иуыл нымад кёй ёрцёудзён антоло-ги "Современнная литература народов России. Поэ-зия".

Куыд алы аз, афтё таныр дёр командёйы исивддзинёдтё. Сёйрагтренерёй ёвёрд ёрцыдВалери Горохов. Хъыга-гён, ёндёр командётёмхуынд ёрцыдысты, ив-гъуыд чемпионаты йёхихъомысджынёй чи рав-дыста, уыцы хъазджытёцалдёрёй, ёмё сын нырсё бёсты тренертё агу-рынц, чи сё баива, ахёмфутболистты.Нырма уал командё

йёхи цёттё кёны Ирыс-тоны. Фыццаг официалонфёлварён "Спартак"-ёнуыдзён 15 июлы. Уыцыбон 2-аг къорды командё-тё акёндзысты Уёрё-сейы Кубок рамбулынылерысты фыццаг хъёзтытё.Кём ёмё кёимё уыдзёнуыцы фыццаг фембёлд,уый сбёрёг уыдзён ацыкъуыри.Ерыстём цёттё кён-

гёйё алы командё дёрфётырны ёмбаладонфембёлдтытё арёхдёрскёнынмё. Уыдон хорзахъаз сты командёйыцёттёдзинад хуыздёркёнынён, йё хъёнтё йынаиуварс кёнынён.Уыцы фадатёй спайда

кодтой "Спартачы" раза-монджытё дёр, ёмё йынсабаты Дзёуджыхъёуыёмбаладон фембёлд уыдМахачкалайы уёлдёр

къорды командё"Анжи"-йы 2-аг командё-имё.Фембёлд кёд ёмбала-

дон уыди, уёддёр рауадзёрдёмёдзёугё. Фут-болуарзджытён уёлдайцымыдисагдёр уыди нёкомандёйё цы хъазджы-тё ацыди, Хъараты Давид,Гатыгкоты Давид, ДудайтыТимур ёмё иннёты чибаивдзён, уыдоны хъазт-мё бакёсын. Фёсивёдтынг зёрдиагёй архайд-той сё хъазтёй спорт-уарзджытё ёмё тренертызёрдётё барухс кёны-ныл. Кёй зёгъын ёй хъё-уы, сё фёндтё ёппётёйнё бафтыдысты сё къухы,фёлё сё бон фылдёрбакёнын кёй уыдзён,ууыл баууёндын кодтойбирёты.Хъазт райдыдта дзёу-

джыхъёуккёгты ныббырс-тёй. Хъазты райдайёнёйавд минуты куы рацыд,уёд нё футболистты ра-дон ныббырст фёрёст-мё. Гуырцъыты Батрадзрёсугъд фёсайдта уаз-джыты хъахъхъёнджытыёмё пурти ёрбалёвёрд-та Хасцъёты Дзамболат-мё. Уый сёрёй рёсугъдфёцарёзта пуртийы тахтуазджыты хызмё ёмёхыгъд ссис 1:0 "Спартачы"пайдайён.Уый фёстё дёр ма нё

хъазджытё сарёзтой цал-дёр тёссаг уавёры, фё-лё сын хыгъд фёфылдёркёнын бантыст ёрмёст-дёр 37-ём минутыл.Гуырцъыты Батрадз тынгсёрён хъазт акодта уаз-джыты иварон фёзмё ба-цёуёны. Фёд-фёдылфёсайдта уазджыты ёртёхъазёджы ёмё ёнёкъуы-лымпыйё пурти хызы фё-

мидёг кодта. 2:0 — афтё-мёй ахицён хъазты фыц-цаг ёмбис.Улёфты фёстё уаз-

джытё сё архайд зынгёфёмидисджындёр код-той, фёлё уёддёр"Спартак" цалдёр хаттыхёстёг уыд хыгъд фё-фылдёр кёнынмё. Иухатт Гаджиты Ренаты цёфнё фёрёстмё, иннё хаттта Мыстулаты Алан пурти-мё нал баххёссыдис.Хъазты 59-ём минутыл

уазджыты ёвиппайдыныббырст фёрёстмёёмё хыгъд ссис 2:1. Дыу-уё командёйы тренертёскодтой цалдёргайивддзинады сё командё-ты рёнхъыты ёмё уыдонзёрдиагёй тырныдтойхыгъд аивынмё. Ныббырс-тытё доны уылёнтау код-той иуёрдыгёй-иннёр-дём, фёлё пурти иуыхызмё дёр нал "разы"кодта. Хъазтён йё фёс-таг минут куы цыди, уёдтынг рёсугъд голбакъуырдта МыстулатыАлан. Нё командёйы ныб-бырстён йё кёронбёт-тёны Алан йёхи донмёёппарёгау фехста ёмёныллёджыты тёхёг пуртийё сёрёй кулдуарыкъуыммё фёцарёзта.Хъазт ахицён 3:1 хыгъ-дёй.Кёй зёгъын ёй хъёуы,

чемпионат ёмё Кубокрамбулыныл ерыстё зын-гё карздёр уыдзысты,ёмё нё командёйыбахъёудзён ноджы фыл-дёр дёсныйад ёвдисын.Нё зёрдё дардзыстём,нё фёсивёд уый кёй зо-нынц ёмё сёхиуыл но-джы зёрдиагдёрёй кёйкусдзысты, ууыл.

Футбол. "Спартак" ахъазыд "Анжи"-имё

Дзёуджыхъёуы фут-болон командё "Спар-так" ацы бонты йёхицёттё кёны Уёрёсейыдыккаг къорды коман-дёты 2017-2018 азычемпионатмё.

Нё республикёйы Фи-зикон культурё ёмёспорты министрад ацыёрвылазон бёрёгбон ацыаз скодта, 2018 азы Ко-рейы цы зымёгон Олим-паг хъёзтытё цёудзысты,уыдоны кадён. Терчы был-мё цы сёдёгай лёппутёёмё чызджытё ёрба-цыдысты, уыдон ерыс код-той 3,5 километрмё згъо-рынёй. Фёсивёдён арфёйы

ныхёстё загътой нёзындгонд спорты хъайтар-тё. Олимпаг хъёзтытыуёлахиздзаутё БёройтыХасан ёмё Хуыгаты Алан,спорты сгуыхт мастер, ду-нейы чемпионаты уёла-хиздзау, Олимпаг хъёзты-ты 2-аг бынат бацахсёгЦёрукъаты Светланё,Уёрёсейы сгуыхт тренерСланты Витали.Фёсивёд фёцагайдтой

"цёнгёт" хиды цурёйёмё ёз-фёраздёронёйзгъордтой Терчы былты

суанг Гугкайы-фырты уын-джы райдайёны онг. Раппёлинаг сты ерысты

архайджытё иууылдёрчызгёй-лёппуйё, стырёй-чысылёй. Фёсивёдимёзгъордтой цалдёр хёрзчысыл лёппуйы дёр. Уы-дон кёд кёронмёхистёртимё згъорын нёбафёрёзтой, уёддёр стыарфёйы аккаг. Сылгоймёгты 'хсён

фыццаг бынат бацахстаЕленё Бородинова, дык-каг бынатмё рацыд Ко-койты Элинё, ёртыккагкъёпхёныл та ёрлёууыдиЕналдыты Дианё. Уёлахиздзаутё ёмё

призертён лёвёрттёёмё дипломтё радтаспорты сгуыхт мастер Цё-рукъаты Светланё. Нёлгоймёгты ерысы

уёлахиздзау ссис ЦёгатКавказы ёфсёддон суво-ровон училищейы ахуыр-гёнёг Александр Трофи-мов. Йё фёстё дыккагбынат бацахста АбайтыМихал, ёртыккаг бынатмёта рацыди Александр Тро-фимовы ахуыргёнинаг су-

воровон Кокойты Артур.Уый тыххёй йё ахуыргё-нёг тынг бацин кодта: "Ёззгъоргё-згъорын дёр мёцёст дардтон Артурмёёмё цин кодтон, кёрон-мё йе згъорд кёй нё фё-лёмёгъ кодта, ууыл.Дзёуджыхъёумё ёрвыстёрцыдтён Санкт-Петер-бурджы спортивон ёф-сёддон институт каст куыфёдён, уый фёстё.Уыдтён спорты мастермёкандидат, сёххёст кодтонмастеры нормё дёр, фё-лё ныр мё сёйраг куысту кёстёрты хъомыл кё-нын. Ацы бёрёгбон у тынгхъёугё мадзал ёмё йёсаразджытён сё цёрён-бон бирё уёд! Кокойты Артур ма йё

ахуыргёнёджы ныхасмёбафтыдта:

"Мёнён стыр ныфс уы-ди, мё ахуыргёнёг мёразёй кёй згъордта, уый.Худинаг мём каст фёстебаззайын, ёмё мё тыхмё бонёй тырныдтон раз-мё. Стыр бузныг ацыерыстё саразджытёнёмё, нын зынаргъ лё-вёрттё чи скодта, уыдо-нён".Кокойты Артур цы лё-

вёртты кой кёны, уыдонуыдысты РЦИ-Аланийыарёзтад ёмё архитекту-рёйы министр ИкъатыРусланбег, нё республи-кёйы алфамбылайы ёрдзхъахъхъёнын ёмё ёр-дзон фёрёзты министрМамиаты Чермен ёмёбёгёны фыцён компани“Бавария”-ы фёрцы. Уымёй уёлдай ма

къорд лёвары ёнхъёлмёкастысты ерысты архай-джытёй, йё лотерейонхал кёмён схауд, уыдон-мё. Гъе ахём арфёйаг

рауад "Олимпаг бон" Тер-чы был.

БАСКАТЫ Уырызмёг

"Олимпаг бон" — Терчы был

Сабаты, 30 июны,Терчы галиу был цытезгъогёнён фёндагис, уым арёзт ёрцыдцымыдисаг спортивонбёрёгбон "Олимпагбон".

Уыцы ёууёл хынцгёйё, РЦИ-Аланийы Мид-хъуыддёгты министрад адёммё сиды, цёмёй,мобилон бастдзинад ёмё Интернеты фёрцыалыхуызон лёггёдтёй пайда кёнгёйё, къёрц-хъус уой. Зёгъём, адёймаг иу кёнё иннё исбонад

(хёдтулгё, хёдзары хъёугё техникё ёмё афтёдарддёр) интернет-дуканиты балхёнынвёнд куыскёны, уёд арёх афтё рауайы, ёмё уёйгёнёгёлхёнёгёй рагагъоммё ёхца ёркуры, кёнё таалы сайён миты фёрцы фёархайы, цёмёй ёл-

хёнёг фехъусын кёна йё банчы картёйы номыр-тё. Фёлё адёймаг ахём домёнтём уёлёнгайцёстёй ма хъуамё акёса, фыццагдёр уал гёнёнёмё амалёй сёмбёлын хъёуы уёйгёнёгимёёмё лёгёй-лёгмё ныхасы рёстёг сбёлвырдкёнын уёййаг исбонады тыххёй ёппёт хабёрттёдёр.Вёййы афтё дёр, ёмё адёймаг Интернеты

хъусынгёнинаг сёвёрдта, йё хёдтулгё кёнёёндёр исбонад уёййаг кёй у, уый тыххёй. Уёдём ёлхёнёджы хуызы ёрбадзурынц цёстфёл-дахджытё ёмё дзы ракурынц, цёмёй сын фехъу-сын кёна йё банчы хыгъды кёнё картёйы номыр-тё. Ахём ёмё ёндёр бёрёггёнёнтё дёрёнёзонгё адёмён дёттын нё хъёуы.Фыдгёнджытё ёрхъуыды кодтой ахём сайён

мадзал дёр. Адёймагмё телефонёй бадзурынцёмё, сёхи банчы кусёг рахонгёйё, рахабар кё-нынц, ома, дё банчы картё ёхгёд ёрцыд ёмёйё ногёй скусын кёныны тыххёй хъёуынц йё па-

роль ёмё номыртё. Ахём хъусынгёнинаг райс-гёйё, фыццаджы-фыццагдёр, бадзурын хъёуыбанкмё — уыцы куыстуаты специалисттё сбёл-вырд кёндзысты ёппёт фарстатё дёр.Ноджыдёр ма иу дёнцёг. Адёймагмё телефо-

нёй бадзурдзысты ёмё йын сёхи бацамондзыстыалыхуызон ёрхъуыдыгонд фирмёты минёвёрт-тёй. Адёймагён фехъусын кёндзысты "ёхсыз-гон" хабар — лотереяйы фёуёлахиз. Фёлё йёсёйраг приз райсыны размё хъёуы хъалон бафи-дын (ам ёрымысёггаг фиддонты нымёц вёййыалыхуызон). Уыцы ёууёлтё дёр зёрдёхсайгёсты. Кёй зёгъын ёй хъёуы, стыр приз райсынхорз у, фёлё рагагъоммё "хъалон" бафидын куы'ркурой, уёд ёй зон, кёй фёдзёгъёл уыдзён,стёй приз дёр кёй нё райсдзынё, уый. Фёлё ахём амынддзинёдтё адёймагён кёд

ницёмёй фёпайда сты ёмё фыдгёнджытыахёсты бахаудта, уёд ёвёстиатёй бадзурын хъё-уы пъёлицёйы радгёс хайадмё (йё номыр —"02"), кёнё РЦИ-Аланийы Мидхъуыддёгты мини-страды "ёууёнчы" телефонмё (йё номыр —8 (8672) 59-46-99).

Мидхъуыддёгты министрадёй

Цёмёй цёстфёливён митёй ёдас уатЦёгат Ирыстоны Мидхъуыддёгты ми-

нистрады бёрёггёнёнтём гёсгё, фёстагрёстёг зынгё фёфылдёр, фыдгёнджытёмобилон бастдзинад ёмё Интернеты хы-зёджы фёрцы цы цёстфёливён митёкёнынц, уыдоны нымёц.