4
Доллар — 67,18 Евро — 76,51 Валютёйы аргъ Боныхъёд Хурыскаст — 5,28 Хурныгуылд — 18,36 Боны дёргъ — 13,08 Республикёйы гидрометцентр куыд хъусын кёны, афтёмёй абон, 9 апрелы, нё уар- дзён. Уёлдёфы температурё республикёйы 18 — 23 градусы хъарм, Дзёуджыхъёуы 19 — 21 градусы хъарм. КЁСУТ НОМЫРЫ: Цёйут, ёфсымёртау, радтём нё къухтё Абон кёрёдзимё, Иры лёппутё!.. ЦЁГАТ ИРЫСТОНЫ РЕСПУБЛИКОН АДЁМОН ГАЗЕТ РЕСПУБЛИКАНСКАЯ НАРОДНАЯ ГАЗЕТА СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ Газет цёуын райдыдта 1923 азы 14 мартъийы Издается с 14 марта 1923 года 2016 азы 9 апрель хуымгёнёны мёйы 9 бон, сабат 61 (24098) Аргъ 10 сомы ЁНЦОЙБОНЫ ФАРС СПОРТИВОН ФИДИУЁГ Алани”-йы хъысмётыл тыхсынц Мёскуыйы дёр Дзырды фарн КАД ФЁЛЛОЙЁН Хорзёхджынгонд ёрцыдысты Сылгоймаджы зындзинёдтё ёмё уавёр ницёмё дарын, уый комком- мё фыдракёнддзинад у. ГЁДИАТЫ Цомахъ Фёсныхас Ёмбырд Фёндаггон-транспор- тон фыдбылызты бынёт- тё нысангонд кём цё- уынц, стёй бёллёхты аххосёгтё, фёцёф ёмё дзы фёмард уё- вёг адёмы нымёц кём амонынц, Ёппётуёрё- сеон адёмон фронт Цё- гат Ирыстоны ахём кар- тё сарёзта. Бёстёйы ёппёт регионтё ёххёст кё- нынц проект "Царды картё". Фарон Цёгат ирыстоны ёрцёуёг 700 фёндаггон-транспортон фыдбылызы аххосёй фёмард чысыл хъуагёй 120 адёймаджы, минёй фылдёр та цёфтё фес- ты. Ног фёндаггон- транспортон бёллёхты тыххёй хабёрттё кар- тёмё рёстёгёй-рёс- тёгмё бахёссём. Дзёуджыхъёуы фыдбы- лызтё ёппётёй арёх- дёр ёрцёуынц Ирыс- тойнаг ёмё Мёскуыйаг уынгты, стёй Къостайы проспекты. Ивгъуыд аз Ирыстойнаг уынджы ёр- цёуёг 11 фёндаггон- транспортон бёллёхы аххосёй фёмард 3 адёймаджы. Уёрёсейы ёнёниздзинад хъахъ- хъёнынады къабазы паддзахадон политикё фёнывыл кёныны тых- хёй бёстёйы Прези- дент Владимир Путины указмё гёсгё 2018 аз- мё фёндаггон-транс- портон фыдбылызтёй мёлынады бёрц 100 мин адёймаджы хыгъд- мё фёкъаддёр кёнын хъёуы 10,6 цауы онг. Ныртёккё Цёгат Ирыс- тоны 100 мин адёйма- джы хыгъдмё ацы бё- рёггёнён у 16,8 цауы, зёгъы Фронты регио- налон хайады сёрдар ГЁЛИТЫ Клим. Ёппётуёрёсеон ёх- сёнадон граждайнаг- патриотон змёлд "Уёрёсейы ёнёмёл- гё полкъ" кёй сарёз- та, уыцы социалон хыз баиу кёндзён Фыды- бёстёйы Стыр хёсты уёлахиздзауты 300 милуан байзёддаджы. Алы адёймагмё дёр ис сайт polkr.ru-йы хи срегистраци кёныны бар. Ныртёккё бинон- ты архивты чи ис, амынд портал хёсты тыххёй, уыцы ёрмё- джытё хъуамё ёрём- бырд кёна. Хёсты заманёй ныр- мё хёдзёртты базза- йёг гёххёттыты ёмё мысинёгты фёрцы ра- бёрёг кёнён ис сыр- хёфсёддонты ёмё ёфсёддон хёйтты хъысмёт. Сайты ёвёрд ёфсёддон-ис- торион къёлиндары фёрцы ис бёстёйы хёстон историйы ахсджиагдёр цаутё рахатыны фадат. Хёсты архайджыты байзёддёгтён ис кё- рёдзиимё бастдзинад дарыны, хёст кём цыд, ахём бынётты фембёлыны, стёй ёф- сёддонты рухс нёмт- тё ссарыны бар. Уё- вён ис, ёмё портал фидёны суыдзён би- рёвзагон. Ёдёппётёй студенттё сё дёсныйёдтё равдыс- той ёхсёз ёмё ссёдз но- минацийы. Къордтё се 'ппёт дёр ёнёзивёг ёмё сё хъарутыл нё ауёрд- гёйё раргом кодтой сё курдиёттё. Ёвдём апрелы уыд фес- тивалы кёронбёттён Гала- концерт. Видеобастдзинады руаджы цёгатирыстойнаг студенттён арфё ракодта Максим Дунаевский. Загъта, стыр ёхсызгон ын кёй у, студенттё сё кон- цертон номырты Дунаевски- ты сфёлдыстадёй кёй спайда кодтой, уый. "Ёз ёрмёст хъыг кёндзынён, уемё кёй нё уыдтён, уый тыххёй", — бафиппайдта Максим. Фестивалы уёлахиздзау- ты сбуц кодтой культурёйы министры хёстё рёстёг- мё ёххёстгёнёг Атайты Мёдинё, спорты министры хёстё рёстёгмё ёххёст- гёнёг Бёройты Хасан ёмё Парламенты депутат Касаты Таймураз. Номинаци "Техно Арт"-ы сё номыр "Свет во тьме"- йы тыххёй Гран-при райс- той Хёххон-металлургон институты студенттё. Уёл- дёр ёмё астёуккаг ахуыр- гёнёндётты хсён фыццаг командон бынёттё бацахс- той Хёххон-металлургон институт ёмё базарадон- экономикон техникум. КАСАТЫ Аслёнбег Ирыстоны "Царды картё" Ёхсёнад Номарён Фестиваль "Студентты уалдзёг-2016" Ёртыккаг апрелёй фёндзём апрелы онг Республикёйы фёсивё- дон галуаны цыд рес- публикёйы ёрыгётты XIX-ём фестиваль "Сту- денческая весна Ала- ния-2016". Фестивалы те- мё уыд Исаак ёмё Мак- сим Дунаевскиты сфёл- дыстад. Фестивалы до- мёнтём гёсгё, студенттё ерыс кодтой музыкалон, театралон ёмё кафыны номинациты. Ацы аз дзы архайдтой 7 уёлдёр ёмё 14 астёуккаг ахуыр- гёнёндоны минёвёрттё. Социалон хыз сарёзтой Битарты Вячеслав загъта: Нё фембёлды сёр хуымётёг нёу, нё ныхас у республикёйы экономикон райрёзты фарстатыл. Рес- публикёмё нё хёццё кё- нынц фаг ёфтиёгтё, бирё- тё нё фидынц хъалон. Уый гёнён нёй, ёмё адёмы 100 процентёй ёрмёст 20 проценты официалон ёгъ- дауёй фидой хъалон. Уый дзурёг у ууыл, ёмё бирё- тё ёнёзакъонёй кусынц куыстуётты. Ёргом уё ку- рын, цёмёй нё хъус ёрда- рём ацы фарстамё. Ёххёстгёнёг хицаудзи- над ёмё хъалонты служ- бёйы органтё егъаудёр куыстуёттё ёмё организа- цитимё иудадзыг ёмгуыс- тад куы кёной, уёд уый стыр ахъаз уыдзён респуб- ликёйы бюджеты ёфтиёг- ты рёзтён. Бюджеты уё- лёмхасён ёфтиёгтё нын фадат ратдзысты ног прог- раммётё ёмё проекттё ёххёст кёнынён. Уыдон та ахъаз уыдзысты республи- кёйы рёзтён. Афтид бюджетимё раз- мё цёуён нёй. Уый тых- хёй алы амалхъомёй дёр курын, цёмёй сё куыст- уёттё фёуёрёхдёр кё- ной, байгом уой ногтё, рё- зой ёмё куыстуёттём ёр- бацёуой, ёгуыстёй чи ба- ды, уыцы адём. Мёхёдёг дёр хорз зонгё дён уыцы куыстимё. Ёмбарын уын уё фёллой. Уёззау ёмё зын куыст у. Уый тыххёй нё амалхъомты нымёц ацы аз ноджыдёр фёкъаддёр. Ку- рын, цёмёй сын сё уавёр- тё фёрогдёр кёнём ёмё нё Ирыстон йё пъёззыйё фервёза. Иннё хъуыддаг та ма уый у, ёмё уё кусджы- тё хъуамё нёдёр социа- лон уавёр, нёдёр мыздёй ёфхёрд ма цёуой. Алкёй дёр сё хъёуы бинонтё да- рын. Мёхёдёг цёттё дён байхъусын ёмё баххуыс кёнын, Ирыстоны ма кусын цы адёмы фёнды, уыдо- нён се 'ппётён дёр. Ёр- гомёй уын зёгъын мё те- лефоны номыртё 8-989- 039-66-77. Дзурдзыстём ёрмёстдёр хъуыддагыл. Бёргё мё фёнды нё цар- ды уавёртё зёрдёйы фёндиаг куы уаиккой. Уы- мён бахъёудзён рёстёг. Ныр уал нё къухы бафтыд электрон тыхы лёггёдтё фёасламдёр кёнын, ёмё Хуыцауён табу. Дарддёр дёр архайдзыстём. Ёмбырды архайджытё ёрныхас кодтой сё куысты арёхдёр цы фарстатимё ёмбёлынц, куыстуаты рай- рёзтён къуылымпыйы хос чи у, уыдоныл. Радзырдтой сё фёндтё алы районты минёвёрттё, ёмё сё хи- цауады уёнгтё сёхимё фёнысан кодтой. Скодтой докладтё Ирыстоны амал- хъомады райрёзт цы къуы- лымпыдзинёдтё ёййафы, цавёр Федералон програм- мёты архайгёйё ис ёх- хуыс райсён, уый фёдыл. Фёстаг азты амалхъом адёмы ёмбырд фыццаг хатт у. Хъёугё та кёны, цёмёй ёппынкъаддёр суа ёрвылазон. Ёргом ёмё комкоммё ныхас дётты фа- дат иумёйаг нысанмё ком- коммё цёуынён. ХЕТЁГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанё Цал стём, уалёй ён- хъёлмё кастыстём ёргом ныхасмё. Ёцёгдёр, афтё рауад. Футбол нын национ иугёнёг хъуыддаг кёй нал схуыдтой, ёмё нё уый ты- рысайы бын ёнтыстытём кёй нал хондзысты, уый та цёй аргъ у! Нё бюджетён йё бёз-бёз никуы цыдис, фёлё-иу ахуыргёнджыты, медицинон кусджыты, Ирыс- тоны сывёллётты иуварс авёрдтой, ёнё футбол, дам, цёй адём, цавёр рес- публикё стём?! Футбол нын нё Хицауады фёрцы фенад, уыдис сын бюджет- хёрён мадзал. Бамбарён ис нё респуб- ликёйы цёрджыты, тынг бирё хъуыддёгтём ён- хъёлмё кёсынц, сё зёр- дё дарынц ивддзинёдтыл. Битары-фырт цы бон ёрба- цыд хицаудзинадмё Ёгъуы- зары-фыртимё, уёдёй сё зондахаст, сё нысантё уыдысты ёргом ёмё ём- бёрстгонд: адёмы царды уавёртё фёхуыздёр кё- нын, республикё уёззау со- циалон-экономикон къуырц- дзёвёнёй рахонын. Нё- дёр йё зондахаст, нёдёр йё нысантыл йё зёрдё кёй нё сивдзён, уый дёр нё бамбёхста республи- кёйы Сёргълёууёджы хёстё рёстёгмё ёххёст- гёнёг. Уавёр куыд вазыгджын, куыд уёззау у, цас къуы- лымпыдзинёдтё ёвзары, уыдёттыл дзургёйё, Бита- ры-фырт нё бафсёрмы кё- ны бафёрсын, ома, куыд уынут, цавёр мадзёлттёй февналём, зёгъгё. Бирё- тё уый лёмёгъдзинадыл нымайынц. "Ёз кёйфёнды дёр бафёрсдзынён, са- хуыр дён уынаффё кёнын, уавёр хуыздёр чи зоны, къабазы тыххёй наукон хат- дзёгтё кёмё ис, уый ба- фёрсыны цы ис аиппёй? О, фёнд мёхёдёг рахёсдзы- нён, фёлё Ирыстоны сом- боныл йё зёрдё кёмён риссы, рёстудёй йын лёг- гад чи кёны, цъысымёй ра- хизынён фёндёгтё чи зо- ны, уыдоны ёз никуы аиу- варс кёндзынён", — афтё ёмбары бёрнон лёг иу- мёйаг хъуыддагыл иумё архайыны мадзал. Иуёй-иутён сё ахуыр фехалын зын уыдзён. Рага- цау дын куы фехъусын кё- ной, райсом уём хицауад фёцёуынц, уё къёсёртё рамёрзут, уёд ма уымёй уёлдай кёрт дёр цъылын- дзёф ракёндзысты. "Ничи мё зыдта, афтёмёй иунё- гёй иу бон бацыдтён рес- публикон рынчындонмё, уым адём лёууыдысты реа- нимацион хайады цур. Куыд мын радзырдтой, афтёмёй бирё хостё, хъёугё меди- цинон фёрёзтё нё фаг кёны сё рынчынтён, ёмё сём хайадёй хыгъдтё ра- лёвёрдтой, балхёнут сё, зёгъгё. Уый куыд у? Ау, бинт, шприцтё афтё ёнёссаргё цёмён систы рынчындоны? Мёхёдёг цы федтон, цы фехъуыстон, уый зёгъын, уыцы фарста- тё мын хуымётёг не 'сты, каст сём ёппынёдзух дёр цёудзён". Битары-фырт министрад- ты, ведомствоты итувёрд хатдзёгтыл кёй нё баззай- дзён, фёлё йёхёдёг алы хъуыддагмё дёр бёстонёй кёй кёсдзён, уый ёхсыз- гон у. Уымён, ёмё ахём хъёндзинёдты тыххёй бёрнондзинад, ёнёмёнг, бадомдзён дзуапдёттёг адёймёгтёй. "О, "Электроцинк" тёс- сагдзинёдтё ёвзарын кё- ны. Уый тыххёй цы хъуыды кёнын, уый ёз загътон 2010 азы иумёйаг ёмбырды. Фёлё мё фёазымджын кодтой, ома, адёмы цёст- мё, дам, дзурыс. Нё уё ба- сусёг кёндзынён, завод сёхгёнын, ёндёр ранмё йё ахёссын уый иу боны, иу азы хъуыддаг нёу. Фыл- дёр зиан ныртёккё цёуы здыйы куыстадёй, уёдё заводы ёппёрццёгтыл цёст нал ёххёссы. Ёрё- джы дёр мын уыдис фем- бёлд сё разамындимё, фёлё бёстондёр ныхас нырма разёй ис. Санитарон дёрццёджы, хёстёг чи цёры, уыцы адёмы, бын- тондёр рёзгё сабиты ёнёниздзинадён ахъазгё- нён рагагъоммёйы хъуыд- дёгтё ёххёст кёнын, уёл- дёфы сыгъдёгдзинад бё- рёггёнён лаборатори бал- хёнын уыцы фарстатё сёвёрдзыстём, домдзыс- тём. Байхъусын хъёуы нё ахуыргёндтём эколог- тём, куыд уынынц эколо- гион уавёр банывылы ма- дзёлттё..." — республи- кёйы Сёргълёууёджы хёстё рёстёгмё ёххёст- гёнёг ма раарфё кодта журналисттё Цёгёраты Ленё ёмё ёхсёнадон ар- хайёг Бёззаты Азёмётён, "Электроцинчы" знаггадгё- нёг ёвдисёндартё рёгъ- мё кёй хёссынц, уый тых- хёй. "Цалдёр хатты ахуырад ёмё наукёйы министры хёстё ёххёстгёнёгёй ра- куырдтон, Дзёуджыхъёуы фёндзём гимназы хуымё- тёг зёхкусджыты, хъугдуц- джыты, металлургты сывёл- лёттёй цал ахуыр кёны, уый мын зёгъ, фёлё мын афтё дёр дзуапп нёма радта. Англисаг ёвзаг ахуыр кёнын, ёнёмёнг, у хъёугё, фёлё ёвзаг арф- дёр ахуыргёнён къордты нымёцы тыххёй фарста ис- гёйё, ёмбарын хъёуы бю- джеты авналёнтё. Кёд, мыййаг, искёмён скъолайы зонындзинёдты бёрц фаг нёу, уёд скъолайы ёддё ис ссарён специалисттё, бафид сын ёмё архай. Мах хъуамё ёппёт скъолаты зонындзинёдты ёмвёза- дыл схёцём, уёдё хъёзд- гуытё ёмё мёгуыртыл дих кёнын сывёллёттыл цё- мён хъуамё зына?" — фёндзём гимназы кусджы- тё ёмё ахуырдзауты ный- йарджытё ныр иуцасдёр рёстёг цы фарста хёссынц рёгъмё, уымё дёр Бита- ры-фыртмё ис хи цёстён- гас ёмё йё нё бамбёхста. Кёмдёр мём хардзау ёркаст, цымё искуы ирон ныййарджытё афтё, ахём ёмвёзады, кёнё ёндёр рётты, сё цёстёй цёхёр калгё, ирон ёвзаджы тых- хёй сдзырдтой, стох код- той. Амёйразмё суанг Пар- ламенты Сёрдар Алексей Мачнев дёр карзёй йё хъуыды загъта, ома, дам, фёндзём гимназы англисаг ёвзаг арфдёр ахуыргёнён къордтём ёвналён нёй. Уый та, дам, куыд? Цыбыр дзырдёй республикёйы цардарёзт цёуыл ёнцой кёны, уыдонмё, дам ён- гуылдзёй дёр нё. Ирон ёвзаг ма нём кёй ис, уый фёрцы чиновниктён ныр- ма фёлмён къёлётджын- тё, ёнёмёт, ёвёлмёст цард кёй ис, уый та?! (Кёрон 2 фарсыл) Кусын кёй фёнды, уымён цёттё дён мёхёдёг баххуыс кёнынмёЗнон РЦИ-Аланийы Сёргълёууёджы хёстё рёстёгмё ёххёстгёнёг БИТАРТЫ Вячеслав фембёлд нё республи- кёйы амалхъом адёми- мё. Ёмбырды ма архайд- той РЦИ-Аланийы Хицауады Сёрдары хёс- тё рёстёгмё ёххёстгё- нёг ТУСКЪАТЫ Тайму- раз, РЦИ-Аланийы пар- ламенты сёрдар Алексей МАЧНЕВ, экономикон рёзты министры хёстё рёстёгмё ёххёстгёнёг ГУЛУТЫ Олег, хъёууон хёдзарад ёмё хойраджы министры хёстё рёстёг- мё ёххёстгёнёг ДЗИЦ- ЦОЙТЫ Риммё, Хицауа- ды финансон-экономикон хайады разамонджытё, Хъалонты федералон службёйы республикон управленийы бёрнон кус- джытё ёмё дзыллон-ха- бархёссёг фёрёзты ми- нёвёрттё. Къамтё систа КЪЁБЫСТЫ Харитон Дардёй, ёнёмётёй кёсынмё нын рёстёг нал ис "Бирёты зёрдё мыл-иу фёхудти, уымён ёмё Парламенты депутат уёв- гёйё дёр разы нё уыдтён, футболён ёнёвгъауёй бюджетёй цы миллиардтё лёвёрдтой, уыимё... Хорз, исчи ма мын зёгъёд: цы у футбол? Ёрмёстдёр хиирхёфсён хъуыддаг. Ёмё абон бюджеты кадавардзинад, республикёйы социалон-экономикон уавёр зонгёйё хъуамё не 'ргом цёмё аздахём? Фут- болмё, ёви социалон зёрдёдарёнтём? Кёй равзарём: ёххормаг сывёллоны, ёви футбол? Дзёбёхгёнён хостё, ёви футбол? Ёнёмёнг, хъуамё нём уа хи командё. Мах хи футболистты цёттё кёндзыстём куыд ёмбёлы, афтё: къаннёг сабитёй райдай ёмё уымёй уёлёмё. Алы ран дёр афтё кусынц. Ис ахём нысанимё программё, ёмё йё ёххёст кёндзыстём" — РЦИ-Аланийы Сёргълёууёджы хёстё рёстёгмё ёххёстгёнёг БИТАРТЫ Вячеславён теле- радиокомпани "Алани"-йы комкоммё эфиры цы ныхас рауад, уымё, ёвёццё- гён, республикёйы ёппёт цёрджытё дёр ёхсызгонёй байхъуыстой ёмё ба- кастысты. Фылдёр зиан ныртёккё цёуы здыйы куыстадёй, уёдё заводы ёппёрццёгтыл цёст нал ёххёссы. Ёрё- джы дёр мын уыдис фембёлд сё разамындимё, фёлё бёстондёр ныхас нырма разёй ис. Санитарон дёрццё- джы, хёстёг чи цёры, уыцы адёмы, бынтондёр рёз- гё сабиты ёнёниздзинадён ахъазгёнён рагагъом- мёйы хъуыддёгтё ёххёст кёнын, уёлдёфы сыгъдёг- дзинад бёрёггёнён лаборатори балхёнын уыцы фарстатё сёвёрдзыстём, домдзыстём. Байхъусын хъёуы нё ахуыргёндтём экологтём, куыд уынынц экологион уавёр банывылы мадзёлттё..."

Студентты уалдзёг-2016https://растдзинад.рф/wp-content... · Доллар— 67,18 Евро— 76,51 Боныхъёд Хурыскаст— 5,28 Валютёйы

  • Upload
    others

  • View
    11

  • Download
    0

Embed Size (px)

Citation preview

Page 1: Студентты уалдзёг-2016https://растдзинад.рф/wp-content... · Доллар— 67,18 Евро— 76,51 Боныхъёд Хурыскаст— 5,28 Валютёйы

Доллар — 67,18

Евро — 76,51Валютёйы аргъБоныхъёд Хурыскаст — 5,28

Хурныгуылд — 18,36Боны дёргъ — 13,08Республикёйы гидрометцентр куыд хъусын кёны, афтёмёй абон, 9 апрелы, нё уар-

дзён. Уёлдёфы температурё республикёйы — 18 — 23 градусы хъарм, Дзёуджыхъёуы —19 — 21 градусы хъарм.

КЁСУТ НОМЫРЫ:

Цёйут, ёфсымёртау, радтём нё къухтёАбон кёрёдзимё, Иры лёппутё!..

ЦЁГАТ ИРЫСТОНЫ РЕСПУБЛИКОН АДЁМОН ГАЗЕТ РЕСПУБЛИКАНСКАЯ НАРОДНАЯ ГАЗЕТА СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ

Газет цёуын райдыдта 1923 азы 14 мартъийыИздается с 14 марта 1923 года

2016 азы 9 апрель — хуымгёнёны мёйы 9 бон, сабат

№№ 6611 ((2244009988)) Аргъ 10 сомы

ЁНЦОЙБОНЫ ФАРС

СПОРТИВОН ФИДИУЁГ

“Алани”-йы хъысмётыл тыхсынц Мёскуыйы дёр

Дзырды фарн

КАД — ФЁЛЛОЙЁН

Хорзёхджынгонд ёрцыдысты

Сылгоймаджы зындзинёдтё ёмёуавёр ницёмё дарын, уый комком-мё фыдракёнддзинад у.

ГЁДИАТЫ Цомахъ

ФёсныхасЁмбырд

Фёндаггон-транспор-тон фыдбылызты бынёт-тё нысангонд кём цё-уынц, стёй бёллёхтыаххосёгтё, фёцёфёмё дзы фёмард уё-вёг адёмы нымёц кёмамонынц, Ёппётуёрё-сеон адёмон фронт Цё-гат Ирыстоны ахём кар-тё сарёзта.

— Бёстёйы ёппётрегионтё ёххёст кё-нынц проект "Цардыкартё". Фарон Цёгатирыстоны ёрцёуёг 700фёндаггон-транспортонфыдбылызы аххосёйфёмард чысыл хъуагёй120 адёймаджы, минёйфылдёр та цёфтё фес-ты. Ног фёндаггон-транспортон бёллёхтытыххёй хабёрттё кар-тёмё рёстёгёй-рёс-тёгмё бахёссём.Дзёуджыхъёуы фыдбы-лызтё ёппётёй арёх-дёр ёрцёуынц Ирыс-тойнаг ёмё Мёскуыйагуынгты, стёй Къостайыпроспекты. Ивгъуыд азИрыстойнаг уынджы ёр-цёуёг 11 фёндаггон-транспортон бёллёхыаххосёй фёмард 3адёймаджы. Уёрёсейыёнёниздзинад хъахъ-хъёнынады къабазыпаддзахадон политикёфёнывыл кёныны тых-хёй бёстёйы Прези-дент Владимир Путиныуказмё гёсгё 2018 аз-мё фёндаггон-транс-портон фыдбылызтёймёлынады бёрц 100мин адёймаджы хыгъд-мё фёкъаддёр кёнынхъёуы 10,6 цауы онг.Ныртёккё Цёгат Ирыс-тоны 100 мин адёйма-джы хыгъдмё ацы бё-рёггёнён у 16,8 цауы,— зёгъы Фронты регио-налон хайады сёрдарГЁЛИТЫ Клим.

Ёппётуёрёсеон ёх-сёнадон граждайнаг-патриотон змёлд"Уёрёсейы ёнёмёл-гё полкъ" кёй сарёз-та, уыцы социалон хызбаиу кёндзён Фыды-бёстёйы Стыр хёстыуёлахиздзауты 300милуан байзёддаджы. Алы адёймагмё дёр

ис сайт polkr.ru-йы хисрегистраци кёныныбар. Ныртёккё бинон-ты архивты чи ис,амынд портал хёстытыххёй, уыцы ёрмё-джытё хъуамё ёрём-бырд кёна.Хёсты заманёй ныр-

мё хёдзёртты базза-йёг гёххёттыты ёмёмысинёгты фёрцы ра-бёрёг кёнён ис сыр-хёфсёддонты ёмёёфсёддон хёйттыхъысмёт. Сайтыёвёрд ёфсёддон-ис-торион къёлиндарыфёрцы ис бёстёйыхёстон историйыахсджиагдёр цаутёрахатыны фадат. Хёсты архайджыты

байзёддёгтён ис кё-рёдзиимё бастдзинаддарыны, хёст кёмцыд, ахём бынёттыфембёлыны, стёй ёф-сёддонты рухс нёмт-тё ссарыны бар. Уё-вён ис, ёмё порталфидёны суыдзён би-рёвзагон.

Ёдёппётёй студенттёсё дёсныйёдтё равдыс-той ёхсёз ёмё ссёдз но-

минацийы. Къордтё се'ппёт дёр ёнёзивёг ёмёсё хъарутыл нё ауёрд-

гёйё раргом кодтой сёкурдиёттё. Ёвдём апрелы уыд фес-

тивалы кёронбёттён Гала-концерт. Видеобастдзинады‘руаджы цёгатирыстойнагстуденттён арфё ракодтаМаксим Дунаевский.Загъта, стыр ёхсызгон ынкёй у, студенттё сё кон-цертон номырты Дунаевски-ты сфёлдыстадёй кёйспайда кодтой, уый. "Ёзёрмёст хъыг кёндзынён,уемё кёй нё уыдтён, уыйтыххёй", — бафиппайдтаМаксим.Фестивалы уёлахиздзау-

ты сбуц кодтой культурёйы

министры хёстё рёстёг-мё ёххёстгёнёг АтайтыМёдинё, спорты министрыхёстё рёстёгмё ёххёст-гёнёг Бёройты Хасан ёмёПарламенты депутат КасатыТаймураз. Номинаци "Техно Арт"-ы

сё номыр "Свет во тьме"-йы тыххёй Гран-при райс-той Хёххон-металлургонинституты студенттё. Уёл-дёр ёмё астёуккаг ахуыр-гёнёндётты ‘хсён фыццагкомандон бынёттё бацахс-той Хёххон-металлургонинститут ёмё базарадон-экономикон техникум.

КАСАТЫ Аслёнбег

Ирыстоны"Царды картё"

Ёхсёнад

Номарён Фестиваль

"Студентты уалдзёг-2016" Ёртыккаг апрелёй

фёндзём апрелы онгРеспубликёйы фёсивё-дон галуаны цыд рес-публикёйы ёрыгёттыXIX-ём фестиваль "Сту-денческая весна —Ала-ния-2016". Фестивалы те-мё уыд Исаак ёмё Мак-сим Дунаевскиты сфёл-дыстад. Фестивалы до-мёнтём гёсгё, студенттёерыс кодтой музыкалон,театралон ёмё кафыныноминациты. Ацы аз дзыархайдтой 7 уёлдёрёмё 14 астёуккаг ахуыр-гёнёндоны минёвёрттё.

Социалон хызсарёзтой

Битарты Вячеслав загъта: — Нё фембёлды сёр

хуымётёг нёу, нё ныхас уреспубликёйы экономиконрайрёзты фарстатыл. Рес-публикёмё нё хёццё кё-нынц фаг ёфтиёгтё, бирё-тё нё фидынц хъалон. Уыйгёнён нёй, ёмё адёмы100 процентёй ёрмёст 20проценты официалон ёгъ-дауёй фидой хъалон. Уыйдзурёг у ууыл, ёмё бирё-тё ёнёзакъонёй кусынцкуыстуётты. Ёргом уё ку-рын, цёмёй нё хъус ёрда-рём ацы фарстамё. Ёххёстгёнёг хицаудзи-

над ёмё хъалонты служ-бёйы органтё егъаудёркуыстуёттё ёмё организа-

цитимё иудадзыг ёмгуыс-тад куы кёной, уёд уыйстыр ахъаз уыдзён респуб-ликёйы бюджеты ёфтиёг-ты рёзтён. Бюджеты уё-лёмхасён ёфтиёгтё нынфадат ратдзысты ног прог-раммётё ёмё проекттёёххёст кёнынён. Уыдон таахъаз уыдзысты республи-кёйы рёзтён. Афтид бюджетимё раз-

мё цёуён нёй. Уый тых-хёй алы амалхъомёй дёркурын, цёмёй сё куыст-уёттё фёуёрёхдёр кё-

ной, байгом уой ногтё, рё-зой ёмё куыстуёттём ёр-бацёуой, ёгуыстёй чи ба-ды, уыцы адём. Мёхёдёгдёр хорз зонгё дён уыцыкуыстимё. Ёмбарын уынуё фёллой. Уёззау ёмёзын куыст у. Уый тыххёй нёамалхъомты нымёц ацы азноджыдёр фёкъаддёр. Ку-рын, цёмёй сын сё уавёр-тё фёрогдёр кёнём ёмёнё Ирыстон йё пъёззыйёфервёза. Иннё хъуыддаг тама уый у, ёмё уё кусджы-тё хъуамё нёдёр социа-лон уавёр, нёдёр мыздёй

ёфхёрд ма цёуой. Алкёйдёр сё хъёуы бинонтё да-рын. Мёхёдёг цёттё дёнбайхъусын ёмё баххуыскёнын, Ирыстоны ма кусынцы адёмы фёнды, уыдо-нён се 'ппётён дёр. Ёр-гомёй уын зёгъын мё те-лефоны номыртё 8-989-039-66-77. Дзурдзыстёмёрмёстдёр хъуыддагыл.Бёргё мё фёнды нё цар-ды уавёртё зёрдёйыфёндиаг куы уаиккой. Уы-мён бахъёудзён рёстёг.

Ныр уал нё къухы бафтыдэлектрон тыхы лёггёдтёфёасламдёр кёнын, ёмёХуыцауён табу. Дарддёрдёр архайдзыстём. Ёмбырды архайджытё

ёрныхас кодтой сё куыстыарёхдёр цы фарстатимёёмбёлынц, куыстуаты рай-рёзтён къуылымпыйы хосчи у, уыдоныл. Радзырдтойсё фёндтё алы районтыминёвёрттё, ёмё сё хи-цауады уёнгтё сёхимёфёнысан кодтой. Скодтойдокладтё Ирыстоны амал-хъомады райрёзт цы къуы-

лымпыдзинёдтё ёййафы,цавёр Федералон програм-мёты архайгёйё ис ёх-хуыс райсён, уый фёдыл. Фёстаг азты амалхъом

адёмы ёмбырд фыццагхатт у. Хъёугё та кёны,цёмёй ёппынкъаддёр суаёрвылазон. Ёргом ёмёкомкоммё ныхас дётты фа-дат иумёйаг нысанмё ком-коммё цёуынён.

ХЕТЁГКАТЫ-УАНИТЫОксанё

Цал стём, уалёй ён-хъёлмё кастыстём ёргомныхасмё. Ёцёгдёр, афтёрауад. Футбол нын национиугёнёг хъуыддаг кёй налсхуыдтой, ёмё нё уый ты-рысайы бын ёнтыстытёмкёй нал хондзысты, уый тацёй аргъ у! Нё бюджетёнйё бёз-бёз никуы цыдис,фёлё-иу ахуыргёнджыты,медицинон кусджыты, Ирыс-тоны сывёллётты иуварсавёрдтой, ёнё футбол,дам, цёй адём, цавёр рес-публикё стём?! Футболнын нё Хицауады фёрцыфенад, уыдис сын бюджет-хёрён мадзал.Бамбарён ис нё респуб-

ликёйы цёрджыты, тынгбирё хъуыддёгтём ён-хъёлмё кёсынц, сё зёр-дё дарынц ивддзинёдтыл.Битары-фырт цы бон ёрба-цыд хицаудзинадмё Ёгъуы-зары-фыртимё, уёдёй сёзондахаст, сё нысантёуыдысты ёргом ёмё ём-бёрстгонд: адёмы цардыуавёртё фёхуыздёр кё-нын, республикё уёззау со-циалон-экономикон къуырц-дзёвёнёй рахонын. Нё-дёр йё зондахаст, нёдёрйё нысантыл йё зёрдёкёй нё сивдзён, уый дёрнё бамбёхста республи-кёйы Сёргълёууёджыхёстё рёстёгмё ёххёст-гёнёг.Уавёр куыд вазыгджын,

куыд уёззау у, цас къуы-лымпыдзинёдтё ёвзары,уыдёттыл дзургёйё, Бита-ры-фырт нё бафсёрмы кё-ны бафёрсын, ома, куыдуынут, цавёр мадзёлттёйфевналём, зёгъгё. Бирё-тё уый лёмёгъдзинадылнымайынц. "Ёз кёйфёндыдёр бафёрсдзынён, са-хуыр дён уынаффё кёнын,уавёр хуыздёр чи зоны,къабазы тыххёй наукон хат-дзёгтё кёмё ис, уый ба-фёрсыны цы ис аиппёй? О,фёнд мёхёдёг рахёсдзы-нён, фёлё Ирыстоны сом-боныл йё зёрдё кёмёнриссы, рёстудёй йын лёг-гад чи кёны, цъысымёй ра-хизынён фёндёгтё чи зо-ны, уыдоны ёз никуы аиу-варс кёндзынён", — афтёёмбары бёрнон лёг иу-мёйаг хъуыддагыл иумёархайыны мадзал.Иуёй-иутён сё ахуыр

фехалын зын уыдзён. Рага-цау дын куы фехъусын кё-ной, райсом уём хицауадфёцёуынц, уё къёсёртёрамёрзут, уёд ма уымёйуёлдай кёрт дёр цъылын-дзёф ракёндзысты. "Ничимё зыдта, афтёмёй иунё-гёй иу бон бацыдтён рес-публикон рынчындонмё,уым адём лёууыдысты реа-нимацион хайады цур. Куыдмын радзырдтой, афтёмёй

бирё хостё, хъёугё меди-цинон фёрёзтё нё фагкёны сё рынчынтён, ёмёсём хайадёй хыгъдтё ра-лёвёрдтой, балхёнут сё,зёгъгё. Уый куыд у? Ау,бинт, шприцтё афтёёнёссаргё цёмён систырынчындоны? Мёхёдёг цыфедтон, цы фехъуыстон,уый зёгъын, уыцы фарста-тё мын хуымётёг не 'сты,каст сём ёппынёдзух дёрцёудзён".Битары-фырт министрад-

ты, ведомствоты итувёрдхатдзёгтыл кёй нё баззай-дзён, фёлё йёхёдёг алыхъуыддагмё дёр бёстонёйкёй кёсдзён, уый ёхсыз-гон у. Уымён, ёмё ахёмхъёндзинёдты тыххёйбёрнондзинад, ёнёмёнг,бадомдзён дзуапдёттёгадёймёгтёй.

"О, "Электроцинк" тёс-сагдзинёдтё ёвзарын кё-ны. Уый тыххёй цы хъуыдыкёнын, уый ёз загътон 2010азы иумёйаг ёмбырды.Фёлё мё фёазымджынкодтой, ома, адёмы цёст-мё, дам, дзурыс. Нё уё ба-сусёг кёндзынён, заводсёхгёнын, ёндёр ранмёйё ахёссын — уый иу боны,иу азы хъуыддаг нёу. Фыл-дёр зиан ныртёккё цёуыздыйы куыстадёй, уёдёзаводы ёппёрццёгтылцёст нал ёххёссы. Ёрё-джы дёр мын уыдис фем-бёлд сё разамындимё,фёлё бёстондёр ныхаснырма разёй ис. Санитарондёрццёджы, хёстёг чицёры, уыцы адёмы, бын-тондёр — рёзгё сабитыёнёниздзинадён ахъазгё-нён рагагъоммёйы хъуыд-дёгтё ёххёст кёнын, уёл-дёфы сыгъдёгдзинад бё-рёггёнён лаборатори бал-хёнын — уыцы фарстатёсёвёрдзыстём, домдзыс-тём. Байхъусын хъёуы нёахуыргёндтём — эколог-тём, куыд уынынц эколо-гион уавёр банывылы ма-дзёлттё..." — республи-кёйы Сёргълёууёджыхёстё рёстёгмё ёххёст-гёнёг ма раарфё кодтажурналисттё ЦёгёратыЛенё ёмё ёхсёнадон ар-

хайёг Бёззаты Азёмётён,"Электроцинчы" знаггадгё-нёг ёвдисёндартё рёгъ-мё кёй хёссынц, уый тых-хёй.

"Цалдёр хатты ахуырадёмё наукёйы министрыхёстё ёххёстгёнёгёй ра-куырдтон, Дзёуджыхъёуыфёндзём гимназы хуымё-тёг зёхкусджыты, хъугдуц-джыты, металлургты сывёл-лёттёй цал ахуыр кёны,уый мын зёгъ, фёлё мынафтё дёр дзуапп нёмарадта. Англисаг ёвзагахуыр кёнын, ёнёмёнг, ухъёугё, фёлё ёвзаг арф-дёр ахуыргёнён къордтынымёцы тыххёй фарста ис-гёйё, ёмбарын хъёуы бю-джеты авналёнтё. Кёд,мыййаг, искёмён скъолайызонындзинёдты бёрц фагнёу, уёд скъолайы ёддё

ис ссарён специалисттё,бафид сын ёмё архай. Маххъуамё ёппёт скъолатызонындзинёдты ёмвёза-дыл схёцём, уёдё хъёзд-гуытё ёмё мёгуыртыл дихкёнын сывёллёттыл цё-мён хъуамё зына?" —фёндзём гимназы кусджы-тё ёмё ахуырдзауты ный-йарджытё ныр иуцасдёррёстёг цы фарста хёссынцрёгъмё, уымё дёр Бита-ры-фыртмё ис хи цёстён-гас ёмё йё нё бамбёхста.Кёмдёр мём хардзау

ёркаст, цымё искуы иронныййарджытё афтё, ахёмёмвёзады, кёнё ёндёррётты, сё цёстёй цёхёркалгё, ирон ёвзаджы тых-хёй сдзырдтой, стох код-той. Амёйразмё суанг Пар-ламенты Сёрдар АлексейМачнев дёр карзёй йёхъуыды загъта, ома, дам,фёндзём гимназы англисагёвзаг арфдёр ахуыргёнёнкъордтём ёвналён нёй.Уый та, дам, куыд? Цыбырдзырдёй — республикёйыцардарёзт цёуыл ёнцойкёны, уыдонмё, дам ён-гуылдзёй дёр нё. Иронёвзаг ма нём кёй ис, уыйфёрцы чиновниктён ныр-ма фёлмён къёлётджын-тё, ёнёмёт, ёвёлмёстцард кёй ис, уый та?!

(Кёрон 2 фарсыл)

“Кусын кёй фёнды, уымён цёттёдён мёхёдёг баххуыс кёнынмё”Знон РЦИ-Аланийы

Сёргълёууёджы хёстёрёстёгмё ёххёстгёнёгБИТАРТЫ Вячеславфембёлд нё республи-кёйы амалхъом адёми-мё. Ёмбырды ма архайд-той РЦИ-АланийыХицауады Сёрдары хёс-тё рёстёгмё ёххёстгё-нёг ТУСКЪАТЫ Тайму-раз, РЦИ-Аланийы пар-ламенты сёрдар АлексейМАЧНЕВ, экономиконрёзты министры хёстёрёстёгмё ёххёстгёнёгГУЛУТЫ Олег, хъёууонхёдзарад ёмё хойраджыминистры хёстё рёстёг-мё ёххёстгёнёг ДЗИЦ-ЦОЙТЫ Риммё, Хицауа-ды финансон-экономиконхайады разамонджытё,Хъалонты федералонслужбёйы республиконуправленийы бёрнон кус-джытё ёмё дзыллон-ха-бархёссёг фёрёзты ми-нёвёрттё.

Къамтё систа КЪЁБЫСТЫ Харитон

Дардёй, ёнёмётёй кёсынмё нын рёстёг

нал ис"Бирёты зёрдё мыл-иу фёхудти, уымён ёмё Парламенты депутат уёв-

гёйё дёр разы нё уыдтён, футболён ёнёвгъауёй бюджетёй цы миллиардтёлёвёрдтой, уыимё... Хорз, исчи ма мын зёгъёд: цы у футбол? Ёрмёстдёрхиирхёфсён хъуыддаг. Ёмё абон бюджеты кадавардзинад, республикёйысоциалон-экономикон уавёр зонгёйё хъуамё не 'ргом цёмё аздахём? Фут-болмё, ёви социалон зёрдёдарёнтём? Кёй равзарём: ёххормаг сывёллоны,ёви футбол? Дзёбёхгёнён хостё, ёви футбол? Ёнёмёнг, хъуамё нём уахи командё. Мах хи футболистты цёттё кёндзыстём куыд ёмбёлы, афтё:къаннёг сабитёй райдай ёмё уымёй уёлёмё. Алы ран дёр афтё кусынц. Исахём нысанимё программё, ёмё йё ёххёст кёндзыстём" — РЦИ-АланийыСёргълёууёджы хёстё рёстёгмё ёххёстгёнёг БИТАРТЫ Вячеславён теле-радиокомпани "Алани"-йы комкоммё эфиры цы ныхас рауад, уымё, ёвёццё-гён, республикёйы ёппёт цёрджытё дёр ёхсызгонёй байхъуыстой ёмё ба-кастысты.

“Фылдёр зиан ныртёккё цёуы здыйы куыстадёй,уёдё заводы ёппёрццёгтыл цёст нал ёххёссы. Ёрё-джы дёр мын уыдис фембёлд сё разамындимё, фёлёбёстондёр ныхас нырма разёй ис. Санитарон дёрццё-джы, хёстёг чи цёры, уыцы адёмы, бынтондёр — рёз-гё сабиты ёнёниздзинадён ахъазгёнён рагагъом-мёйы хъуыддёгтё ёххёст кёнын, уёлдёфы сыгъдёг-дзинад бёрёггёнён лаборатори балхёнын — уыцыфарстатё сёвёрдзыстём, домдзыстём. Байхъусынхъёуы нё ахуыргёндтём — экологтём, куыд уынынцэкологион уавёр банывылы мадзёлттё..."

Page 2: Студентты уалдзёг-2016https://растдзинад.рф/wp-content... · Доллар— 67,18 Евро— 76,51 Боныхъёд Хурыскаст— 5,28 Валютёйы

2 № 61 (24098) 2016 АЗЫ ХУЫМГЁНЁНЫ МЁЙЫ 9 БОН

Кад — фёллойён

Битарты Вячеслав уа-зёгён ёхсызгонёй загъ-та, зёгъгё, йё пьесётёмгёсгё арёзт спектакльтёарёх ёвёрынц ЕвгенийВахтанговы номыл Уырыс-саг академион театрыёмё сын нё аивадуарз-джытё скёнынц хорзаргъ. Юрий Поляков таёхсызгонёй дзырдта ра-зыйё кёй баззад, Хетёг-каты Къостайы номыл пад-дзахадон университеты,

Уырыссаг академион теа-тры ёмё ДзёуджыхъёуыДзанайы-фырты номылуынджы чингуыты дука-нийы йын студенттё ёмёчиныгкёсджытимё цыфембёлдтытё уыд, уыдо-нёй. Юрий Поляков куыдзагъта, афтёмёй чингуы-ты дукани адёмы ёхсёнуырыссаг аивадон литера-турё куыд парахат кёны,уый тыххёй "Литератур-ная газета"-йы ныммых-уыр кёндзысты стыр уац.Уый ма загъта, рёхджыкёй уыдзён йё пьесё"Ёмкъласон"-мё гёсгёист киноныв "Соврешь-ум-решь" премьерё. Йё ре-жиссер та у уе 'мзёххон,Цёгат Ирыстоны сгуыхтартист Дыгъуызты Алан.Фембёлды кёрон

Юрий Поляков БитартыВячеславён балёвар код-та йё фыст чингуытёй.Нё республикёйы Сёргъ-лёууёджы хёстё рёс-тёгмё ёххёстгёнёг тауазёгён радта номдзыдахуыргонд, этнограф Кало-ты Барисы чиныг "Ирёт-тё".

ГАСАНТЫ Валери

Сергей Меликов фёбё-рёг кодта, зёгъгё, 2016азы форумы программёёнёмёнг бахёссын хъё-уы Ёхсёнадон совет, Рек-торты совет ёмё Ёххё-стбарджын минёвары со-веты куысты бёрёггё-нёнтё. Уымён ёмё ацысоветтё мартъийы ём-бырдты фылдёр ныхаскодтой фёсивёдон тема-тикёйыл, динты ёхсёнахастдзинёдтё банывылкёныныл, конфесситы ми-дёг кёрёдзи ёмбарынадрёзын кёныныл, экстре-мизм ёмё терроризмыныхмё архайдыл ёмёахуырады рёзтыл ЦёгатКавказы федералон зылдырегионты.

— "Машук" у азы фёси-вёдон сёйраг цау нёзылды. Кёд уый сёрдыарёзт цёуы, уёддёр хъу-амё уа кёронбёттёнкъёпхён афёдзы ёппёткуыстён фёсивёдон по-литикёйы къабазы. Уымёгёсгё тынг ахсджиаг у,цёмёй форумы методи-кон бындур ёнцой кёна,зылды ёмё регионты ём-вёзады цы архайд цёуы,ууыл", — бафиппайдтаСергей Меликов.Ёххёстбарджын минё-

вар форумы куратортёнбафёдзёхста ивгъуыдазы конкурсы гранттёрайсджытём фаг ёргомздахын. Уый ахсджиаг уканд бёрёг кёнынён нё,фёлё ма проекттё цардыуадзынён хъёугё ёххуыскёнынён дёр.

— Форум "Машук-2015"-ы хатдзёгтём гёс-гё, гранттё райстой 5000

адёймагёй фылдёр ёмёиууылдёр кёнынц бархи-он архайд, 1000 мадзалёйфылдёр арёзт ёрцыдЦёгат Кавказы федералонзылды, цёттёгонд ёмёцарды уагъд ёрцыд 200фылдёр наукон рацарёз-ты ёмё 300 фылдёр биз-нес-проекттё. Проекттёцарды уадзыны руаджыспортивон ёмё туристонинфраструктурё сырёзыдЦёгат Кавказы террито-рийы, — загъта Цёгат Кав-казы фёсивёдон форум"Машук-2016"-ы директорГеоргий Головин.Ёмбырды ма раныхас

кодтой форум "Машук-2015"-ы гранттё кёмёис, уыдонёй цалдёрадёймаджы. Магомедха-биб Тажудинов, ЮлияГоворова ёмё Садру-дин Расулов радзырдтой,сё проекттё царды куыдуагъд цёуынц, уый тых-хёй.

2016 азы форум "Ма-шук" ацёудзён августыдыууё радёй — "Пред-принимательство" ёмё"Общество". Фидёны фо-румы ногдзинёдты ёхсёнуыдзысты ахуырты инте-рактивон формётё — тре-нингтё, арёзт цёудзыстыпресс -конференцитё ,стыр хъуыддаджы хъёзты-тё ёмё бирё ёндёртё.Архайджытё ёвзаргёйё,фылдёр ёргом здёхт ёр-цёудзён хъёууон фёси-вёдмё. Йё культуронпрограммёйы ёвдыстёрцёудзён Уёрёсейы2016 азы темё — уёрё-сейаг кино.

Виктория КРАПИВИНА

Транспорт ёмё фён-дёггтыл цёуыны фёт-кёвёрыны управленийыразамонёг Дзитойты Ба-рисы ныхёстём гёсгё,фёндёгтыл нысангёнд-тё ахорынмё бавнёлд-той 5 апрелы, ёмё,фыццаджыдёр, куыстцёудзён ахуырадон уаг-дётты алыварс. Нысан-гёндтё кёронмё кондёрцыдысты Гугкайы-фырты уынджы 35-ёмёмё 38-ём скъолатырайоны. Ныртёккё куыст

цёуы Барбашовы/Дова-торы уынгты. Нысан-гёндтё сног кёнынылгорёты бюджетёй хард-згонд ёрцёудзён 12милуан сомы. ДзитойтыБарис зёрдё бавёрдта,фёндёгты ёдасдзинадёмё хёрзхъёддзина-дыл администраци фё-стауёрц кёнынвёндкёй нё кёны, уымёй.

"Иууылдёр ацы горё-ты цёрём, ёмё уынём,нысангёндтё нал зы-нынц, зёгъён ис, ёмёёппындёр не сты. Ныс-ангёндтё кём скёндзы-сты, уыцы объекттё би-рё сты", — йё ныхасмёбафтыдта управленийыразамонёг.

Нё уацхёссёг

— Раздзог суёвынмёцёттё чи у, студентон ма-рафоны уыдон архайынц.Командёйы кусыны ёууёлахъаз кёны адёймаджыёнтыстдзинёдтён, — зё-гъы форумён фадёттё са-разёг Ног фёсивёдон по-литикёйы центры разамо-нёг Аннё Денисенко.Ёртё боны дёргъы Цё-

гат Ирыстоны, Кёсёг-Бал-хъары, Дагестаны, Цёцён

ёмё Стъараполы крайыстудентты командётё тохкодтой форумы уёлахиз-дзауы ном райсыныл. Хуыз-дёртыл нымад ёрцыдыстыКёсёг-Балхъары Х.Бербе-

ковы номыл паддзахадонуниверситеты, Цёгат Ирыс-тоны паддзахадон медици-нон академийы ёмё ЦёгатИрыстоны Хетёгкаты Къос-тайы номыл паддзахадон

университеты командётё.Форумы фёткмё гёсгё

ацыдысты спортивон,сфёлдыстадон ёмё ахуы-радон ерыстё. Уёлдай ми-дисджындёр рауадысты

Нёртон хъёзтытё (рёттылхъёбысхёст, рётёныивёзт, армхёст ёмё гол-ладжы сист). Ерысты арха-йёг ёппёт командётё сёарёхстдзинад равдыстой.Цёгат Ирыстоны пад-

дзахадон университет фем-бёлдён нывыл уавёртёкёй сарёзта, уый тыххёййын форумы архайджытёбузныг загътой.

— Цёгат Ирыстоны пад-дзахадон университетимёнын ис ёнгом бастдзинёд-тё, парахатёй ёмгуыст кё-нём. Нё командёйы уёнг-тё фембёлдёй разы сты,ерысты ёхсызгонёй ар-хайдтам, — загъта Кёсёг-Балхъары паддзахадон уни-верситеты командёйы раза-монёг Ахмет Аутлов.

2012 азёй фёстёмёпроект "Студентон мара-фон"-ы архайдтой бёстёйыалыхуызон регионтёй 130командёйё фылдёр. Про-екты хёс у студентты ёх-сён спортивон, сфёлдыста-дон ёмё ахуырадон ерыстёпарахат кёнын.

Дзёуджыхъёуы администра-цийы культурёйы хайады хицауКокайты Аланы ныхасмё гёсгё,горёты зоопаркмё ног цёрёгой-ты баласынмё хъавынц.

— Горёты администрацийысёргълёууёг Ёлбегаты Барискёй бабёрёг кодта, уыцы зо-опарк аив кёнын райдыдтой.Ныртёккё аразджытё ивынц рау-

уатмё ёрцёуёг ёмбонд. Амёйразмё зоопаркмё холладжы тых-хёй уыд стыр хёстё. Ныртёккёацы фарста лыг кёнынц. Амали-уёггёнджытё зоопаркён холла-гёй ёххуыс кёнынц. Фёнды нёзоопаркмё 'ввахс территорийёирхёфсёнты тёлм саразын. Ацыхъуыддагён инвесторты агурём,— загъта Кокайы-фырт.

Ёмбырды архайдтой ди-ны кусджытё ГуёцёлтыХадзымураты ёмё Гаглой-ты Саввё, республикёйыХицауады Сёрдары хёстёрёстёгмё ёххёстгёнё-джы хёдивёг АлександрРеутов, республикёйыспорты министры хёстёрёстёгмё ёххёстгёнёгБёройты Хасан, Парламен-ты промышленносты, транс-порт, бастдзинад ёмёамалхъомады комитетысёргълёууёг Андиаты Сос-лан, Дзёуджыхъёуы адми-нистрацийы ахуырадыуправленийы сёргълёууёг

Гозымты Раман, скъола-дзаутё, ныййарджытё ёмёёндёр уазджытё. Ёмбырды сёйраг хёс

уыд скъоладзаутён радзу-рын, наркотиктё адёйма-гён цы зиан хёссынц, уый.Ёмё сын кёй зёгъын ёйхъёуы, ёнтысгё дёр ба-кодта. Дзгойты Геннадирадзырдта, йёхёдёг цардыцы зындзинёдтё бавзёр-ста ёмё йын куыд зын уыд,наркотиктимё бастдзина-дёй хи атонын, уый. Сы-вёллёттё ёмё уазджытёнравдыстой киноныв, кё-цыйы цёстуынгё дёнцёг-

тё ёрхастой наркотиктимёбаст чи вёййы, уыдоныбёллёхтё. Киноныв сарёз-той дыууё хайё: фыццаджыамынд цёуы, наркотикы ца-вёрфёнды хуыз дёр кёй узианхёссёг. Равдыстойдзы, наркотиктёй чи амард,цыппёрдёс, фынддёс, ёр-тындёсаздзыд ахём сы-вёллётты къамтё. Геннадисын куыд бамбарын кодта,афтёмёй рёзгё уд вёййыёппёты ёмхицдёр цавёр-фёнды наркотикмё дёр,ёмё йыл буар уайтагъдацахуыр вёййы, фёдомыкуыд фылдёр ёмё арёх-дёр ацы хъылмайы хуыз. Уымё гёсгё Дзгойы-

фырт фёсидт фёсивёдмё,цёмёй сын, мыййаг, искуыисчи куы зёгъа, наркотикёйсаход, иу хаттёй дын ницыуыдзён, зёгъгё, уёд уыцыадёймаджы цурёй дардсёхи айсой. Иу хатт дзы чисахода, уый уый фёстё йё-хи зынтёй сдзёбёх кён-дзён. Дыккаг хайы та рав-

дыстой нё республикёхъуыстгонд кёмёй у, уыцыспортсменты ёмё сё уё-лахизтё.Ёмбырды кёронбёттё-

ны фысымты ёмё уазджы-ты зёрдётё барухс кодтойнё зарёггёнджытё Ме-дойты Аслан ёмё Зён-джиаты Мёдинё.

КАСАТЫ Аслёнбег

ИИррыыссттоонныы ууааррззыыннццууыыррыыссссаагг ллииттееррааттууррёёЁрёджы РЦИ-

Аланийы Сёргъ-лёууёджы хёстёрёстёгмё ёххёст-гёнёг БИТАРТЫВячеслав фембёлдзындгонд уырыс-саг фыссёг, дра-матург, "Литера-турная газета"-йысёйраг редакторЮрий ПОЛЯКО-ВИМЁ.

Цёгат Кавказ

Наркотикты ныхмё — карз тох Цыбырёй

Адёмы удёнцойдзинадён

Студентты ерыстёЦёгат Ирыстоны

паддзахадон универ-ситеты ахицён реги-онты иумёйаг студен-тон форум "Студен-тон марафон: Кав-каз". Фембёлды ар-хайдтой Цёгат Кав-казы федералон зыл-ды уёлдёр ахуыргё-нёндётты курдиат-джындёр студенттё.

Ирхёфсёнтё

Ног цёрёгойты баласдзысты

Слестгёнджытё куыдсбёрёг кодтой, афтёмёй2016 азы февралы мёйыбонтёй иуы фёндаггон ин-спектор шофыртёй иуыбаурёдта. Документтёмёркёсгёйё, куыд сбё-рёг, афтёмёй хёдтул-гёйы хицау йё раздёрыивар нё бафыста. Уыцыёууёл инспекторён фадатлёвёрдта, цёмёй ёгъ-даухалёджы администрати-вон ёгъдауёй ёрцахсой.Фёлё уый хыгъд испекторнёлгоймагёй бадомдтасихор скёныны фаг ёхца. Ёмё кёд инспектор йё

"сихоры" аргъ нё загъта,уёддёр ёгъдаухалёг йёдокументты мидёг ба-вёрдта 2 мин сомы. Пъё-лицёйы кусёг ёхца йёдзыппы нывёрдта. Фёлёфёстёдёр инспекторёнйёхи куы баурёдтой, уёдзагъта, зёгъгё, уыцы ёхцайё сихорён нё хъуы-дысты, фёлё йё хёдтул-гё сцалцёг кёнынён —йё ныхасмё гёсгё, маши-нё зынгсирвёзты рёстёгхъыгдард баййёфта.Афтёмёй, тёрхондон

инспекторы гёртам райсы-нёй азымджыныл баны-мадта ёмё йё фёиваркодта 80 мин сомёй. Уыи-мё, йын 1,5 азы ёмгъуыд-мё бар нал ис паддза-хадон ёмё муниципалонбынётты кусынён.Раздёр ма дзыллон ин-

формацийы фёрёзтёкуыд хъусын кодтой, афтё-мёй Мёскуыйы ёрцахс-той, гёртёмттё ёмбырдкёнынён сёрмагонд "ко-пилкё" чи сарёзта, уыцыфёндаггон инспекторы.

Ма бауадзём кёстёрты рёдийынИвгъуыд цыппёрёмы

Дзёуджыхъёуы СоветонЦёдисы Хъёбатыр Мил-дзыхты Хадзымырзёйыномыл фынддёсём астё-уккаг скъолайы цы мадзалацыд, уый бацёттё кодтанё республикёйы ёхсё-надон хёрзаудён фонд"Спасательный круг", йёсёргъы Дзгойты Геннади.Рахуыдтой йё — "Моло-дежь Осетии за здоровыйобраз жизни".

ДЗГОЙТЫ Геннади

Уыдзён форум"Машук-2016"

Пятигорскы ацыд Цёгат Кавказы форум"Машук-2016"-ы организацион комитетыёмбырд. Сёрдариуёг дзы кодта УФ-йыПрезиденты Ёххёстбарджын минёварСергей МЕЛИКОВ. Организатортё рад-зырдтой, грантты конкурс "Машук-2015"-ыпроекттё-уёлахиздзаутё царды куыдуагъд цёуынц, уый фёдыл ёмё бавдыстойфидёны форумы программё дёр.

Хицауады хёдзары

"Ёххормаг"фёндаггонинспекторёнстёрхон кодтойГорёт Ивановойы

тёрхон скодтой, ёгъ-даухалёгёй йё сихорыфаг ёхца чи куырдта,уыцы фёндаггон ин-спекторён. Уый тых-хёй фыссы "Россий-ская газета".

Цёгат ИрыстоныАрёзтад ёмё архи-тектурёйы министра-ды бёрёггёнёнтёмгёсгё, фыццаградоннацион программё"Уёрёсейёгтён — ас-лам ёмё удёнцойцёрёнуёттё" ёххёсткёныны фёрцы ацыазы фыццёгём квар-талы нё республи-кёйы сарёзтёуыд46,5 мин квадратонметры цёрёнуёттё(ома, фароны уыцырёстёгимё абар-гёйё, 2,5 мин квадра-тон метры фылдёр).Ёппёт арёзт цё-

рёнуёттёй хицёнадёймёгтём хауы 6,9мин квадратон метры,5,8 мин квадратонметры та нымад стыаслам цёрёнуёттыл.

Нё уацхёссёг

Цёрёнуёттыарёзтад

Дзёуджыхъёуы райдыдтой ахорын

фёндёгтыл нысангёндтё

(Райдайён 1 фарсыл)Мах бирё азты дёргъы

ёргом, комкоммё ныхасахуыр нал стём. Суанг фёах-уыр стём, чиновникты курёг-гаг цёхдонау ёдзёх ныхё-стыл; уыдзён, хъуамё, кёд-дёр, чи зоны, ёркёсдзыс-тём, фендзыстём, абон —райсом, — искуы. Ёмё — ни-куы. Ёцёгдзинад ахём у,ёмё уёддёр алы ран дёр,уыимё хицаудзинады ёппёткъабёзты, кусынц рёстудспециалисттё, рёстёджыкомулёфт чи 'нкъары, адё-мён ёцёгёй чи лёггад кё-ны, паддзахадон хъуыддёг-тём бёстон чи у. Уыдёттыфёрцы ма республикёйы удудыл хёцы. Битары-фырткёнгё ныхёстё нё кодта,нёдёр ацы комкоммё эфи-ры, нёдёр — раздёр. Фёс-тёмё къахдзёф акёнын-вёнд ём кёй нёй, адёмыёууёнк ын ахсджиаг кёй у,уымёй бёрёг дары. Ирыс-тон чысыл у, ахём уёз рай-сыны агъоммё, цардвёнда-гыл цы къахдзёфтё кодта,уыдон дёр зындгонд сты...

"Ивгъуыд азы кёрон нынуыдис фембёлд, Беслёныфыдбёллёхы бахауёг адё-мы номёй дзы архайдта Ду-диаты Сусаннё. Уёд ныхасрауад террористон фыдбы-лызы бахауёг адёмён цё-рёнуёттё аразыны, дих кё-ныны фарстатыл. Федералонцентр куыд ёмбарын кёны,афтёмёй, чидёриддёрхыгъды уыдис, уыдонён цё-рёнуёттё саразыны фаг ёп-пёт ёхца республикёмёрарвыстой. Дыууёсёдёадёймагёй фылдёр ма ён-хъёлмё кёсынц. Рохуаты несты, мё зёрды ис фарстафёстёмё бёстёйы хицау-дзинады раз сёвёрын. Ёхцацы фесты, уый равзарын та

бабар кодтон барадхъахъ-хъёнёг органты кусджытён",— ахём уыд Битары-фыртыдзуапп газет "Рахизфарсыцард"-ы редактор КъомайтыЛидёйён.Хуыцау зёгъёд, ёмё уын

ёхцатё разынёнт, уёд та макёмдёр "къуымы" аззадыс-ты. Фёлё ахём ёхца баса-тар кёнынмё къух батасёд,уый у ахъуыдыйы аккаг. Кё-нё Къостайы хёдзар-музейыкёртыл сусёг-ёргом ёмха-сёнёй алырдёмты ахёц.Цымё-иу цёй фёдыл загъ-той фыдёлтё "марды роныгуыдынтё агурёгау..."Зёххы фарста, бынёттон

хицаудзинады архайд, чысыламалхъомадён авналёнтёёмё удёнцойдзинёдтё, со-циалон, политикон ёмё мабирё ёндёр хъуыддёгтылрауад ныхас Битары-фыртёнуацхёсджытимё, республи-кёйы цёрджытимё. Нё сёайрох, хицаудзинадмё Че-лёхсаты Рустемы кёй ёрба-хуыдта, уый дёр. "Ёз ёй зо-нын йё сабибонтёй, ёууён-дыл ыл. Кёд уё дзы исчи ис-ты ёвзёрдзинёдтё зоны,уёд мын сё зёгъут. Йе 'рба-цыд, раздёры хицаудзинадфёстёмё сё бынёттёмздёхыныл мачи нымайёд", —загъта республикёйы Сёргъ-лёууёджы хёстё рёстёг-мё ёххёстгёнёг...Разёй нём ёнхъёлмё

кёсы бирё хъуыддёгтё,фёхёрдгёнёнтё ёмё уыр-дыджытё, къуыхцытё ёмёёнтыстытё. "Нём" цёмён?Уымён ёмё Битарты Вяче-слав ёппёт хъуыддёгтыл ар-хайынвёнд адёмимё кёны.Йёхимё бёрн исгёйё. Дар-дёй, ёнёмётёй кёсынмёнын рёстёг нал ис...

БУТАТЫ Эльзё

Дардёй, ёнёмётёй кёсынмё нын рёстёг

нал ис

"Бирёазыккон ёнтыст-джын фёллой ёмё театра-лон аивады раз сгуыхтдзи-нёдты тыххёй, рёзгёфёлтёры хъомыладыахсджиаг бынат кёй ахсут,уый фёдыл Парламент йёхёсыл банымадта уё куыс-тён уын аргъ скёнын", —

загъта Алексей Мачнев.Куыд ма бафиппайдта, аф-тёмёй театры артисттёреспубликёйы рёзтмёхёссынц ахъаззаг бавёрд.Бирё азтё рацёуы, сывёл-лёттё рахъомыл вёййынц,ёхсёнады бацахсынц бы-нат ёмё уёд бамбарём,

цас фыдёбон бахъёуы, уый.Парламенты Кады гёх-

хёттытё лёвёрд ёрцы-дысты Цёгат Ирыстоныадёмон артисттё, сценёйыветерантё Евгения Зу-бинайён, Рёмонты Вла-димирён, Пухаты Геор-гийён ёмё Плиты Зариф-фёйён. Арфёйы ныхёстёартисттён загътой ЕленёКнязьева, Суанты Вадим,Касаты Таймураз ёмёЧелдыты Витали.Фембёлд рауад зёр-

дёйы фёндиаг, уымёнёмё фысымтё ёмё уаз-джытё кёрёдзи хорз ём-бёрстой. "Саби"-йы аива-

дон разамонёг, РЦИ-Ала-нийы адёмон артист Колы-ты Владислав радзырдтатеатры ёнтыстдзинёдтёёмё зындзинёдты тыххёй.Ныхас баххёст кодта 88-аз-дзыд Евгения Зубина, уыйИрыстоны сывёллёттён 70азы дёргъы лёвар кёныфёндаг аргъёутты бёстё-мё. Театры артисттё кё-ронбёттёны фёхуыдтойдепутатты сё иу спектакль-мё, уыдон дёр ёхсызго-нёй сразы сты.

РЦИ-Аланийы Парламенты

пресс-службё

Ёмбырд

Ёхсёнад

Дзёуджыхъёуырайдыдтой ахо-рын фёндаггоннысангёндтё.

Хорзёхджынгонд ёрцыдысты

Ёвёццёгён ёмё, театр "Саби"-йы фёрцы, аргъёуттыдуне сывёллон уёвгёйё чи бабёрёг кодта, уый уыцы ирдмысинёгтё никуыуал ферох кёндзён. Уыцы куклаты рав-дысты рёстёг сывёллётты зёрдётём фёндаг чи ссары, ар-гъёутты хъёбатырты кёй фёрцы бауарзынц, уыдон ивгъу-ыд цыппёрёмы уыдысты нё республикёйы Парламентыуазджытё. Ахём фембёлдён та уыдис ёхсызгон бындур.РЦИ-Аланийы Парламенты Сёрдар Алексей МАЧНЕВКады гёххёттытё радта театр "Саби"-йы артисттён.

Page 3: Студентты уалдзёг-2016https://растдзинад.рф/wp-content... · Доллар— 67,18 Евро— 76,51 Боныхъёд Хурыскаст— 5,28 Валютёйы

3№ 61 (24098) 2016 АЗЫ ХУЫМГЁНЁНЫ МЁЙЫ 9 БОН

Ирон къёбиц

Фыс (Овен) — ног къуыри уём фёзындзённог тыхтё быцёйуаг фарстатё алыг кёнынён.Уый фёдыл уём ныхас рауайдзён уё куыстуа-ты хицауадимё. Фёлё уё уыдон куыдфёстё-мё афтё бамбардзысты, ёмё уын ратдзысты

фадат уё размё ёвёрд хёстё ёнтыстджынёй сёх-хёст кёнынён. Къуырийы дыккаг ёмбисы, гёнён ис,ёмё фехъусдзыстут ног, ёхсызгон хабёрттё. Хорзфадат уын уыдзён ног зонгётё ссарынён ёмё семёбалцы ацёуынён.

Уёныг (Телец) — уё мидсагъёстё ма ём-бёхсут уё алыварс уёвёг адёмёй. Куы сынсё раргом кёнат, уёд уын зынгё фенцондёруыдзён. Гёнён ис, ёмё уын уыдон раргом кё-ной сё зёрдёйы ёмбёхст сусёгдзинёдтё.

Куы сё базонат, уёд уё тыхстытё зынгё фёкъаддёруыдзысты. Уё мидхъёлёсмё куы хъусат, уёд никуыфёрёдийдзыстут.

Фаззёттё (Близнецы) — къуырийы рай-дайёны, гёнён ис, ёмё уём уё хёлёрттимёфёзына быцёйуаг фарстатё. Фёлё къуырийыдыккаг ёмбисы уё уавёр цёхгёр фёхуыздёруыдзён. Ёхсёнадёй уёхи ма иппёрд кёнут,

ёмё уём амонды хур йё мидбылты бахуддзён.Мыдзбыр (Рак) — ацы къуыри уём уё би-

нонтимё цы уынаффётё уыди, уыдон сёх-хёст кёнын уё къухы бафтдзён. Уё куыстуа-ты уём цы хъуыддёгтё ис, уыдон дёр ёнё-дызёрдыгёй, ёнтыстджынёй бакёндзыстут.

Уый тыххёй та уём хицауад уёлдай хуыздёр цёстёйракёсдзён.Къуырийы дыккаг ёмбисы уё бинонтимё уё ахасты-

тё фёфидардёр уыдзысты.Домбай (Лев) — къуырийы фыццаг ёмбисы

балцы цёуынвёнд ма кёнут. Фёлтау уё раз-мё ёвёрд хёстё сёххёст кёнут. Уымён тауын хуыздёр гёнён уыдзён. Къуырийы дыккагёмбисы базонгё уыдзыстут, уё цардыл уын

хорзёй чи сахаддзён, ахём адёмимё.Чызг (Дева) — уё ёнкъарёнты рохтыл фи-

дар хёцут, цёмёй уё алыварс тёссаг уавёрма сёвзёра, уый тыххёй. Къуырийы дыккагёмбис уё фылдёр уёгъд рёстёг ёрвитут уёбинонтимё. Цёмёй уыдон тынгдёр бамбарой,

куыд тынг сё уарзут, ёмё сын стыр аргъ кёй кёнут,уый.

Тёрёзтё (Весы) — уё тыхтё хардз кёнут,уёхицён ёмё уё бинонтён пайда чи ёрхёс-дзён, ахём хъуыддёгтыл. Ёрмёст уёхи хизутрёдыдёй, ёмё уём цард йё мидбылты бахуд-дзён. Фадат уын ис уё зонгётимё уё ахаст-

дзинёдтё ног хуызы рацаразынён.Къёдздым (Скорпион) — ацы къуыри уёхи

бахизут ёхснырсёгёй ёмё улёфёнты ёндёрнизтёй. Куысты уём ёнхъёлмё кёсы бирёбакёнинаг хъуыддёгтё, фёлё уё уё фёл-

ладуадзын дёр ма рох кёнёд.Фатёхсёг (Стрелец) — ног къуыри уё би-

нонтимё уё ахастдзинёдтё фёхуыздёр, фё-фидардёр уыдзысты. Уё кёстёртё уын се'нтыстытёй балёвар кёндзысты ёхсызгон ён-къарёнтё. Гёнён ис, ёмё уё дзыппы бёркад

дёр зынгё фёфылдёр уа.Сёгъысыкъаджын (Козерог) — уё алыварс

цы хёстёджытё ёмё зонгётё ис, уыдонимёуё ахастытё фёфидардёр уыдзысты, хуыз-дёр сё ёмбарын райдайдзыстут. Фехъусдзыс-

тут, стыр ёхсызгондзинад уын чи ёрхёсдзён, ахём ногхабёрттё.

Донкалёг (Водолей) — ныртёккё уын исхорз фадат алы къабёзты уё зонындзинёдтёфёфылдёр кёнынён. Ууыл зёрдиагёй куы ба-цархайат, уёд уын уё куысты фёуыдзысты хорз

ахъаз. Ёмё уём раздёр цы фёрстытё ёвзёрд уёдёсныйады, уыдонён дёр дзуапп ёнцонёй ссар-дзыстут.

Кёсаг, кёф (Рыбы) — раздёр уё хёс чидардта ёхца, гёнён ис, ёмё уын сё бафидой.Уёдё уё дзыппы бёркад дёр зынгё фёфыл-дёр уыдзён. Уё бинонтимё, хёстёджытимё

уё ахастытё фенгомдёр уыдзысты.

Гороскоп 2016 азы 11 апрелёй 17 апрельмё

Уё фёндонмё гёсгёБакёс-базон

Фарс бацёттё кодтой ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболатёмё ГАСАНТЫ Валери

Хёдзары ёфсинтён зонынён

Ирон ёмбисёндтё

Дохтыр амоны

Хъёлдзёг радзырд

Куырыхон лёгмёвёййы ёртё хорз ми-ниуёджы: бакёныраст уынаффётё,дзуры ёнёрёдыдёй,кёны, цы 'мбёлы,уый.

Демокрит

Зондджын алцы нё

фёзоны, фёлё зоны,зонын цы 'мбёлы, уый.

Эсхил

Зонды тёккё уёл-

дёр миниуёг у хорзёвзёрёй иртасын.

Сократ

Куырыхон зондён йё

бындуры ис быхсондзи-над.

Платон

Ёдылымё хъусгё

куы бакёнон, уёддёрйё коммё нё бакёс-дзынён.

Цецилий СТАЦИЙ

Куырыхон зонд нын

кар нё балёвар кёны,фёлё — ёрдз.

Плавт

Ме ‘дылы митём кандмёсты не свёййын, фё-лё ма сё ёфсёрмыдёр фёкёнын.

Цицерон

Фыццагдёр санатори"Тёмискъ"-ёй чысылдарддёр доны туризмытехникёйё ёппётцёди-сон ерыстё цыдысты 1972азы, уым архайдтой Сове-тон Цёдисы 28 коман-дёйы.

Терчы цёугёдоны

бассейны ахуыргёндтёбанымадтой, сё иумё-йаг фёзуат 694,8 квад-ратон километры кёмёну, ахём 797 цъитийы.

Фыццагдёр уырыссаг

сылгоймёгтёй Сёнайыхохы цъупмё схизын йёкъухы бафтыд Дзёуджы-хъёуы гимназы ахуыргё-нёг Мария Павелы чызгПреображенскаяйён 1900азы.

Тынг туаг къёдорцыхтсызмёнт йёхи 'мбёрцногдыгъд ёхсыримёёмё йё афтёмёй ныу-уадз ёхсёвы. Уый фёс-тё йё ныккён хъуыма-цёй дзёкъулы, бабёттёй ёмё йё сёвёр тё-бёгъы, уёле йыл истыуёззау ёрёвёргёйё.Ёхсыр куы атёдза, уёдкъёдорён йё уёлдайтуагад фесёфдзён.

Хом халсартё ёмё

дыргътё хуыздёр у пласт-массёйё фёйнёгыл кёр-дын, уымён ёмё сын уыйсё дон нё цъиры.

Тебёйыл царвы кёнё

зетийы фых хъёдындзытёф куы баззайа, уёддзы ныккён дыууёхъёрмхуыпхёрён уи-дыджы уксус ёмё иуагуывзё дон, уыдон фё-фыц фондз минуты ёмётебё ранхъёвз.

Уазалгёнёны ёнад тёф

куы фёзына, уёд сау дзулы

тёнёг хёйттё тёрхёджы-тыл апырх кён. Суткёмётёф цыдёр фёуыдзён.

Итуйы быныл тёппытё

ссёуын кёныны тыххёйбурёйы 50 граммы (уёййё кёнынц афтекты)сызмёнт нашатырыспъирты 10 граммимё,хыссё дзы куыд рауайа,афтё, ёмё дзы бай-

сёрд итуйы бын. Уыйфёстё йё ёрёхс до-нёй.

Дзаумайыл айчы буры

хъулёттё ссёугё сты 35градусы онг схъармгондглицеринёй сёрст щет-кёйё, стёй йё уёд 15 ми-нуты фёстё ёрёхс хъармдонёй сапонимё.

Адёмон хосгёнджыты къухтынуры стыр хотых у бирё низтыныхмё. Сё ахсджиагдёртёй иу у,сёрыхъуынтё кёнк кёнын куырайдайой, дзыккутё та — ёвзи-йын, уёд уый ныхмё. Уый тыххёйнурыйы дёс дёндаджы хъёуыныцъцъёл кёнын ёмё сыл баф-тау се 'мбёрц ёхсынёны зети.Уыцы ёмхёццёйё дё сёр бай-сёрд, сёууёрд ёй, хос хъуынтыуидёгты куыд ахъара, афтё. Дыу-уё сахаты бёрц сёр гомёй ныу-уадз, уый фёстё йё ныхс сапо-нёй, кёнё та шампунёй. Афтё —къуыри иу хатт дыууё — ёртёмёйы дёргъы.

Дыдын, кёнё мыдыбындзы цёф

цёмёй тынг ма дуда ёмё ма рисса,уый тыххёй бёмбёджы мур атул дзы-марийы (уксусы), кёнё лимоны доныёмё йё ёрёвёр цёфыл. Уксусёмё дём лимон куы нё разына, уёдсын баивён ис хуымётёджы со-дёйё.

Нуры хорз ахъаз кёны нозтуарз-джытён дёр. Бирё бануазыныфёстё дзы боны дёргъы фондздёндаджы, кёнё фылдёр куы ба-хёрай, уёд уымёй туг тагъддёррасыгъдёг вёййы.

Коммунистты заман шофырёй фёкуыста Луккё,фёлё йё ёрмёстдёр демократтё фенкъуы-сын кодтой размё. Бавдёлдысты ёмё йё хи-

цауёй сёвёрдтой. Зыбыты иунёг "маршруткё" дёр ёнёуый бардзырдёй йё бынатёй нё банкъуысдзён, ахёмфидар лёг разындис. Шофыртён се ‘ппётимё дёр хёла-рёй цёры, фёлё йём Биби уёлдай хёстёгдёр у. Горё-таг лёг мёгуыр у, алцыдёр ёй ёлхёнын хъёуы, ёмё,ёвёццёгён, уый тыххёй.Луккё Бибийы сё хёдзармё 'рбахоны ёмё йын йё

бёркадджын къёбицёй лёвёрттё кёныс ма — нал.— Нас уарзыс?— О!— Хъёдур та?

— Насёй фылдёр та — хъёдур.— Цёхджын дзидзайё дё гуыбын не срисдзён?— Ёз уыцы низёй мё фыны дёр никуыма фёрынчын

дён.— Арахъхъимё та куыд дё?— За рулем — ни капельки! Кёд мын дё зёрды хорздзи-

над ракёнын ис, уёд мын дзы мё фёсарцы иу авджыдзагафснай.Биби сёрыстырёй бахёссы сёхимё йё хёлары лё-

вёрттё, фёлё сыл йё бинойнаг ёппындёр нё бацин кё-ны, уыцы хъуынтъызёй фёкёсы. Афтёмёй ис насёйёнёнас сты, ис хъёдурёй — ёнёхъёдур ёмё горётагхёринёгтыл сё пырх калынц.Джеоргуыбайы ёртё кёрдзынмё сыхбёстём куы

бадзырдтой, сылгоймаг алы дзёбёх бёркадимё "Исток"-ыёвгтёй фынг куы ёрыдзаг кодта, уёд Бибийы зёрдё налфёлёууыд:

— Луккёйы арахъхъ ма рахёсс, — бахатыди йё усмё. —Хистёр уымёй скува.Ёмё цёттё сынкъау фемёхсти сылгоймаг:— Уый цавёр Луккё у, ёппын ын лёг нёй ёви? Иу ран

дё цёуылнё ныууадзы ёви йын йё дзыккутё йё къухмёраттон?!Бибийён фырхудтёй йё цёссыг акалди:— О, ёдылы къоппа! Дзыкку нё, фёлё йыл сёрыхъуын

ёппындёр нал и. Ёрмёст йё дынджыр фындзы бын йёсау рихитё дёлёмё ёрзёбул сты. Ёмё, зёгъын, не'фсин, дё гуырысхотён кёрон скён!..

Уёцъёф — 700 гр.Нуры — 1,2Сырх цывзыФиу, цёххДонгонд хыссёЁхсырысёртё.Цёмёй фыдджынён йё

гах ёрцёттё кёнат, уыйтыххёй уё хъёуы уёцъёфёмё фиу лыстёг скёрдын.Уый фёстё сыл бафтаутцёхх ёмё нуры (нурыхо-йёны лыстёг хостёй), ёх-сырысёртё ёмё сырхцывзы. Уый фёстё сё сыз-мёнтут ёмё сё бавёрутдонгонд хыссёйы хуылфы.Ёмё фыдджын афтёмёйпецы сфыцут. Уёцъёф

скёрдыны размё хъёуысфыцын. (Йё фыццаг донын акалут, цёмёй йё тёфацёуа, уый тыххёй).

"Мё сиахс, номдзыдинёлар Плиты Иссё маёгас куы уыд ёмё Ростовыкуы службё кодта, уёд Со-ветон Цёдисы Сёйраг Со-веты депутат дёр уыд.Адём ём фыстой кандИрыстонёй нё, фёлё ёгасСоветон Цёдисы алы рёт-тёй дёр. Агуырдтой дзыёххуыс. Ёмё, йё бон куыдуыд, афтё сын ёххуыс код-та. Бирё курдиёттё цыд

Плиты Иссёмё ЦёгатИрыстонёй. Ёвзарджытёй-иу бирётё поезды абад-тысты ёмё-иу Ростовы йёхёдзары сёмбёлдысты.Уыцы уазджытён та цёхх

ёмё кёрдзын лёвёрдтамё хёрзхо Екатеринё.Фыстёджытё дёр-иу уыйиста, цыма депутаты секре-тарь уыди, афтё. Иу сёрд фёсарёнтёй

Ирыстонмё цыдтён ёмёмё фёндаг Ростовыл ра-кодтон, мё хо ёмё мёсиахсы фенон зёгъгё. Фё-сарёнты-иу чехтё ёмёсловакёгты ветерантё куыбазыдтой, ёз Плиты Ис-сёйы каис дён, уёд-иу мёсёхимё ахуыдтой, стыр кадмын-иу скодтой, аластой-иумё, советон ёфсёдтё не-мыцаг фашистты кём дё-рён кодтой, уыцы бынёттёфенынмё. Чехаг горёт Бе-нешевы, Иссёйы хъёбатырёфсёдтёй ам йё цард чирадта, уыдоны номыл са-рёзтой сёрмагонд музей.Нёхимё, Ирыстонмё, цё-уын улёфынмё, уый куыбазыдтой, уёд мын радтойалыхуызон лёвёрттё, ёзсё Иссёмё Ростовмё куыдсхёццё кодтаин, афтё. Уыцы кадджын хёсимё

ёрхызтён Ростовы. Адрисмём уыдис, о, фёлё мёнё бахъуыд. Таксисттёй Че-ховы уынджы Плиты Иссёйыхёдзар алчидёр зыдта,ёмё мё аэропортёй сё иууайтагъд уырдём баласта.Мё хо Екатеринё мыл тынгныццин… Бахызтыстём Ис-сёйы кусёнуатмё. Хёдза-ры хицау службёйы уыдис,ёмё мын мё хо фыстё-джыты басты ёмбис мё ра-зы ёрёвёрдта. Иу дзы байгом кодтон.

Хёсты ветеран, Иссёимёчи хёцыд фронты, уый Сы-быры горётёй куырдта йёинёларёй, цёмёй йынМёскуыйы рынчындоны бы-нат радтой операци скёны-ны тыххёй. Мё хойён фыстёджы

курдиат куы бамбарын код-тон, уёд уый систа сёрма-гонд бланк Плиты Иссёйыадрисимё, фыссён машин-кёйы йё бавёрдта ёмёМёскуымё ёнёниздзинадхъахъхъёнынады министр-мё сёрмагонд фыстёг ар-выста, цёмёй уыцы хёстыветеранён Мёскуыйы рын-чындоны бынат радтаиккой. Уалынмё кёрты кулдуа-

ры хъёр ёрбайхъуыст.Дёлбулкъон ёмё ацёргёирон сылгоймаг хёдзарыцур машинёйё рахызтысты.

— Уый та уын чи у, ёз нёхёстёджытёй ацы сылгой-маджы куы нё зонын? —фёрсын мё хойы.

— Ёз дёр ёй нё зонын,фёлё цалдёр боны размёнё лёгмё ёрцыд ирон хуы-нимё, ёмё нё лёг йёадъютантмё ёхца радта,загъта йын, дуканитыл ёр-

зил, цыдёриддёр ёй хъё-уы, уыдон ын балхён, ёмёйын сё йё хуыны тёбёгъысёвёр.

— Ёмё уём ирон ёнё-зонгё сылгоймаг йёхёдёгцёмён ёрцыд Ростовмё?— фёрсын ёй.Мё хо мын ракодта ахём

хабар. Дзёуджыхъёуы иронфёсивёд Ирыхъёуычындзёхсёвы кафыдыстыёмё зарыдысты. Чындзёх-сёв йё тёккё тынгыл куыуыди, уёд дыууё лёппуйыцёуылдёр фёбыцёу сты.Кёрёдзимё кёрдтё слас-той. Иу дзы иннёйы барё-хуыста. Цёвёджы ёрцахс-той, ёмё слест йё куыстрайдыдта. Лёппуйы мад си-дзёргёс разынди. Уыдисын ёрмёстдёр уыцы иунёглёппу. Ёмё ацы ёнахуырсылгоймаджы чидёр сыхёг-тёй сардыдта, нё депутатПлиты Иссёмё Ростовмёныццу, ёмё дын уый дёфырты ахёстонёй рауадзынкёндзён, зёгъгё. Ирон сы-лгоймаг, ирон ёгъдаумёгёсгё, ирон хуын цёттёкёнын райдыдта. Йё фё-стаг капеччытёй горёты ба-зары балхёдта гогыз, цых-тытё, ёртё литры дыдзыдарахъ. Ирон хуын чыргъёдынывёрдта ёмё станцёмёпоездмё ацыд. Йё сыхёг-тё йё поезды сбадын код-той, йё къухы гёххёттыгёбаз. Фыст дзы уыди ёр-мёстдёр ёртё дзырды:"Ростов, депутату Плиеву".Поезд райсомёй раджы

Ростовы ёрлёууыд, ёмёбёлццёттём цёстдарёгирон карджын сылгоймаджыахизын кодта, гёххёттыкуыд фыст уыд, афтё. Перроны сылгоймаг куы

'рбадт йё чумёданыл ёмёйём иу ёфсёддон афицеркуы 'рбахёстёг, уёдбёлццон сылгоймаг йёгёххётты гёбаз афицерёнфенын кодта.

— Куыннё йё зонын, уыйнё командёгёнёг куы у, —загъта уый ёмё салдёттёмфёсидт, цёмёй карджынсылгоймаджы хёссинёгтёсисой ёмё йё вагзалы пат-рулты агъуыстмё акёной. Патрулты хицау вагзалёй

инёлар Иссёйы адъютант-мё телефонёй бадзырдтаёмё йын фехъусын кодта,Ирыстонёй командёгё-нёгмё уазёг кёй ёрцыд,уый. Кусгё бон нырма ныр

райдыдта, ёмё ёфсёддонзылды штабы уыцы бон цы-ди афицерты цавёрдёрахсджиаг ёмбырд. Иссё-йён куы фехъусын кодтойзёронд усы хабар, уёдинёлар йё машинё йёадъютантимё вагзалмё ар-выста, цёмёй ирыстойнагбёлццоны штабмё ёрба-ластаиккой, ёмё цёмёйдепутат Плиты Иссё йёфёлладуадзён рёстёг йе'взарёгимё фембёлдаид. Рёстёг куы 'рхёццё,

уёд Иссё йё кабинетмёбацыд цалдёр инёларимё.Плиты Иссёйы ёмслужбё-гёнёг инёлёрттё иронзёронд усы кабинетмё ба-кодтой. Уый сын иронаузёрдиаг арфётё фёкодта,йё чыргъёд райхёлдтаёмё дзы цыдёриддёр уыд,уыдон стъолыл ёрёвёрдта:ёртё чъирийы, фых гогызёмё дыдзыд арахъхъ.Плиты Иссё ирон ёгъ-

дёуттё хорз зыдта. Йё бы-натёй сыстад, рацыд зё-ронд усы размё, йе 'мзёх-хоны йё хъёбысы ныккодта.Иссёимё цы инёлёрттёслужбё кодтой, уыдон дёрирон ёгъдёуттимё зонгёуыдысты ёмё, цы федтой,уый сём диссаг нё фёкаст.

— Нё мады хай, лёмбы-нёг дём хъусын, цы дё ёр-хаста Ирыстонёй ацы дардбалцы? — бафарста ПлитыИссё усы. Сылгоймаг йё къухты

кёлмёрзён систа йё дзып-пёй ёмё хъарёг кёнынбайдыдта инёлары кабине-ты:

— Бабын дён, мё иунёглёппуйы мын ёрцахстой,ёмё мын ды куы нё бах-хуыс кёнай, уёд мё къо-найы арт ахуысдзён. Сылгоймаг кёуын куы

райдыдта, уёд иннё инё-лёрттё сабыргай сёхиайстой кабинетёй, ПлитыИссё йёхёдёг иунёгёйкуыд аныхас кодтаид ацызёрдёрыст усимё, афтё. Иссё куы бамбёрста

хъуыддаг, уёд сылгоймагёйбацагуырдта, цавёр гёх-хёттытё ис йемё, фёлёуымё ирон хуын йеддёмёницы разынд.

— Нё мады хай, дё хор-зёхёй, дё кёуын фё-уром... Мё бон цы уа, уы-мёй дын феххуыс кёндзы-нён... Ныртёккё уал нёхёдзармё ацу, дё фёлладсуадз, изёры нё ныхасдарддёр ахёццё кён-дзыстём. Сылгоймаг адъютантимё

Плиты Иссёйы хёдзармёкуы ацыд, уёд ирон хуын бу-фетмё ахастой, ёмё, кус-гё бон куы ахицён, уёдПлийы-фырт йе 'мслуж-бёгёнджытён бар радтаирон арахъхъёй фёйнёёртё агуывзёйы бануазынёмё гогызы фыдёй сахо-дын. Буфеты кусёг чызджы-тё духовкёйы ирон чъири-тё схъарм кодтой. Иссё те-лефонёй адзырдта йёцардёмбал Екатеринёмё,цёмёй йе 'рбацыдмё уа-зёг ирон усы гёххёттытёбацёттё кодтаид. Мё хо Екатеринё сыл-

гоймаджы номёй ныффыстакурдиат депутат Плиты Ис-сёмё, Цёгат Ирыстоны ра-замонджытём ёмё нё рес-публикёйы прокурормё. Ёз нё зонын, уыцы зё-

ронд усы фыртён тёрхон-дон цы тёрхон рахаста, уый.Фёлё Плиты Иссё ацыхъуыддагыл кёй зылди, уы-мён ёз уыдтён ёвдисён.Цёгат Ирыстоны депутат-тён дёр ацы хабар хорзахъаз уыдзён. Уадз ёмёзоной, ирон адёмы уарзонхъёбул, номдзыд инёларйё службёйё дарддёркёй кодта йе 'взарджытимёстыр депутатон куыст дёр.Ёмё-иу ём исчи йё зынсахат куы 'рбацыд, уёд-иуёй фидарёй уырныдта, де-путат ын, ёнёмёнг, кёйбаххуыс кёндзён, уый.Хуыны тёбёгъ та мё хо

Екатеринё, ирон ёгъдаумёгёсгё куыд ёмбёлы, афтёлёвёрттёй байдзаг кодтаёмё йё уазёджы кад ёмёрадимё рафёндараст кодтаДзёуджыхъёумё".

КОЧЫСАТЫ Мухарбеджы ныхёстёГЁЗДЁНТЫ Булаты музыкёСау цёстытё

Ёз уарзтон сау цёстытё, уарзтон,Рёсугъддёр уыдонёй кём уыд?!Ёхсёв сё стъалытимё барстон,Уыдтён сё алы бон рёвдыд.

Фёлё мё иунёгёй ныууагътой,Мёнёй фёлыгъдысты тёргайЁмё мын афтё дёр нё загътой:"Хёрзёбон! Хорз амонд дё хай!"

Ёмё кёд уыдонёй фёцух дён,Ёмё кёд ферох кодтой мён,Уёддёр сё райдзаст хуыз рёсугъдёйМё зёрды баззади мёнён.

Тёхуды, абон та кёй тавынцСё хъармёй рухс хурау фёлмён?!Тёхуды, афтё тынг кёй уарзынц,Куыд уарзтой цард-уалдзёджы мён?!

Мысинёгтё

ИИрроонн ххууыынн —— ииннёёллааррыы ффыыннггыыллЁфсады булкъон отставкёйы, газет "Рёстдзинад"-ы ёхсёнадон уацхёсджытёй

иу — ЧЕХОЙТЫ Джерихан цард Стъараполы. Уым сарёзта ирон диаспорё. Йёхъёппёрисёй Стъараполы горёты арёзт ёрцыд хуыцаубоны кусёг ирон скъола.Уым къуыри иу хатт Стъараполы цёрёг ирётты цот ахуыр кодтой сё мадёлон ёвзагёмё нё ирон ёгъдёуттё. Джериханы фыст ёрмёджытё арёх мыхуыргонд цыдысты "Рёстдзинад"-ы, ёмё

сё ёхсызгонёй кастысты адём. Мыхуыр кёнём, Чехойты Джерихан ма нём йё амёлёты размё (рухсаг уёд) цы

цалдёр ёрмёджы ёрбарвыста, уыдонёй иу, хёссём ёй газеткёсджыты размё.

Фыдджын хуылфыдзаумёттёй

Стыр лёгтыхъуыдытё

Луккёйён лёг нёй?..

ДЗУЦЦАТЫ Къоста

Сыхаг — айдён, хъёубёстё — чиныг.

Къёвда ‘ртахгай у, фёлё дзы ивылд донрацёуы.

Ёнахуыр бёсты ёлдарёй дёр зын цёрён у.

Куыстхуыз лёг сойхуыз у, мёстджын та —

хёйрёг.

Хуым уалдзёг куыд байтауай, фёззёг дзы афтё‘рзайдзён.

Ёхсёвёрён ёнёхъён кёрдзын бахёр, кёд ма

дын райсоммё ‘рдёг баззайдзён, уёд.

Page 4: Студентты уалдзёг-2016https://растдзинад.рф/wp-content... · Доллар— 67,18 Евро— 76,51 Боныхъёд Хурыскаст— 5,28 Валютёйы

4 № 61 (24098) 2016 АЗЫ ХУЫМГЁНЁНЫ МЁЙЫ 9 БОН

РЕКЛАМЁ, ХЪУСЫНГЁНИНЁГТЁ

Сёйраг

редактор

БИТАРТЫ

Маринё

Газет уадзынцРЦИ-Аланийы Парламент,РЦИ-Аланийы Хицауад, паддзахадон кусёндон

“Республикон адёмон газет“Рёстдзинад”-ы редакци”.

Газеты регистрацион номыр(ПИ № ТУ 15-00063)

Редакци, рауагъдад ёмё типографийы адрис:

362015, РЦИ-Алани, г. Дзёуджыхъёу,

Къостайы проспект, 11.Мыхуыргонд цёуы

акционерон ёхсёнад “Осетия-полиграфсервис”-ы

Сёйраг редактор — 25-96-36Сёйраг редакторы хёдивджытё — 25-93-74, 25-94-37Рауагъды дирекци — 25-94-37, 25-90-54ХАЙЁДТЁ:Экономикон — 25-90-51, 25-63-19, 25-93-68, 25-91-92Ёхсёнадон-политикон — 25-96-16, 25-91-88Газет рафыссын ёмё информаци — 25-96-50Культурё — 25-91-89, 25-99-33, 25-94-09Фёсивёд ёмё спорт — 25-96-31, Бухгалтери — 25-94-19Фыстёджытё — 25-94-57, Къамисёг — 25-96-50РЕКЛАМЁ — 25-67-03, Корректортё — 25-67-03

Нё газетёй ист ёрмёгёй ёндёр мыхуырон рауагъды пайда-гонд куы цёуа, уёд хъуамё ёнёмёнг бёрёггонд уа, “Рёстдзинад”-ёййё кёй рафыстой, уый.

Фыстёджытё, къухфыстытё, къамтё ёмё нывтён рецензинё дёттём, стёй сё автортём дёр фёстёмё не ‘рвитём.

Газеты цы ёрмёджытё рацёуа, уыдоныл бёрнондзинад хёс-сынц сё автортё.

Рекламё ёмё хъусынгёнинёгты тыххёй “Рёстдзинад”-ы ре-дакци йёхимё бёрнондзинад нё исы.

Офсетон мыхуыр 1.88 мыхуырон сыфы. Газет цёуы къуыри фондз хатты.

Индекс 53901. Тираж 6726.Заказ № 456. Мыхуырмё

хъуамё фыст ёрцёуа — 18.00.мыхуырмё фыст ёрцыд — 18.00.

Email: [email protected]Сайт: www. растдзинад.рф

Газета выходит 5 раз в неделю“Растдзинад”(“Правда”)

УЧРЕДИТЕЛИ:Парламент РСО-А, Правительство РСО-А, ГБУ

“Редакция республиканской народной газеты “Растдзинад”.

Газета зарегистрирована в Управлении Фе-деральной службы по надзору в сфере связи,

информационных технологий и массовыхкоммуникаций по РСО-Алания 30 марта 2012 г.

(ПИ № ТУ 15-00063)

Номырён дзуапдёттёг редактор

Гасанты Валери.Номырён бёрнонЁлборты Дианё.

Корректортё

1-аг фарсён — Айларты Эмилия;2-аг фарсён — Дзоцъиты Тамарё;3-аг фарсён —Фёрниаты Мёдинё;4-ём фарсён — Гаглойты Наташё.

Арфётё

ПРОДАЕТСЯ домиз 3 комнат в сад.товариществе "Ирис-тон" (все удобства:подвал, 3 сот. зем.уч. газ, электриче-ство, канализация). Цена — 3 млн. 500

тыс. руб.Обр. по адресу:

Садов. тов. "Ирис-тон", 8-ая дорога,дом №228 (Хетаг).

Блоки, цементБетонные — 17 рууб.;

Керамзитовые — 23 рууб.;Перегороддочные 11 — 13 рууб.;

Цемент М.500 — 50 кг —240 рууб

И.П

. Качмазов В

.И.

ИНН

15 1

2 0

04867

Тееллееффоо

нныы::

8-9928-006666-5533-008;;

8-991199-44211-112-1144..

Дзырдбыд

Сылгоймёгты ерысы нёчызджытёй фесгуыхт Сохи-ты Мёирбеджы хъомылгё-нинаг Хёбёлаты Ноннё.Уый 75 килограммёй уёл-дёр уёзы бацахста фыццагбынат.Нёлгоймёгты ерысты

ирыстойнёгтё рамбылдтойдыууё сыгъзёрин ёмёфёйнё иу ёвзист ёмёбронзё майданы. Сыгъзё-рин майданёй хорзёхджынссис Карсанаты Владимирыхъомылгёнинаг КъёбыстыАртур. Уый 105 килограммыонг уёзы ерыс кёнгёйё,дыууё хуызы систа 378 кг(165+213). Йё ныхмёлёу-джытёй уыйбёрц сисын ни-кёмён уал бантыст.Ёртыккаг сыгъзёрин

майдан рамбылдта БидетыАлан ёмё Акъоты Артурыхъомылгёнинаг, динамовонКатауты Сослан. Ёппёты

уёззаудёр уёзы ерыс кён-гёйё, Сослан дыууё хуызысиста 405 кг (180+225)ёмё ёнёдызёрдыгёй ра-цыд фыццаг бынатмё.Ёлборты Руслан ёмё

Оледжы хъомылгёнинагДмитрий Петров 85 ки-лограммы онг уёзы атлет-тимё ерысы бацахста 2-агбынат. Дмитрийы тренерЁлборты Руслан куыд зё-гъы, афтёмёй нырма йёхуыздёр килограммтё рав-дисынмё цёттё нёма уыд,фёлё Тырныаузы кёйравдыста, 329 кг (146+183)уымёй зынгё фылдёр си-сын йё бон кёй у, уый бёл-вырд у.Ацы уёзы ма ёртыккаг

бынат бацахста БидетыАлан ёмё Акъоты Артурыхъомылгёнинаг АлександрСафарян. Уый дыууё хуызысиста 328 кг (150+178).

Ныр ацы спортсментёёмё ма амёй размё сёр-магондёй балцёгтё чирайста, уыцы штангисттё23-30 майы Дзёуджыхъёуыерыс кёндзысты Уёрёсейычемпионаты. Спортуарз-джытё куыд зонынц, афтё-мёй Дзёуджыхъёуы чем-пионаты бёрёггонд цёу-дзысты, Олимпаг хъёзты-тём балцёгтё чи райс-дзён, уыдоны нёмттё дёр.Цымыдисаг уыдзён,

Уёрёсейы тыхджындёр ат-леттимё нё уёйыг лёп-путё: Ёлбегаты Руслан,Хуыгаты Хетёг, Наниты Ти-мур, нё сёрён уёзданчызг Тъуриты Тимё ёмёиннё фёсивёд куыд ерыскёндзысты, уый фенын.Нё республикёйы иу-

гонд командёйы сёйрагтренер Дзбойты Петр куыдзёгъы, афтёмёй Дзёу-джыхъёуы Уёрёсейы чем-пионаты хицён спортсмен-ты ерысёй уёлдай тох цёу-дзён командёты 'хсёнфыццаг бынат бацахсыныл.

БАСКАТЫ Уырызмёг

Зынгсирвёзтёй хъахъхъёныны азы фёлгётыёмё Цёгат Ирыстоны зынгсирвёзты хъахъхъёны-нады сарёзтыл 155 азы сёххёсты кадён УФ-йыСёрмагонд уавёрты министрады РЦИ-Аланийыуправлени, Ёппётуёрёсеон бархи зынгфёдисонтыёхсёнады организаци ёмё РЦИ-Аланийы Ахуы-рад ёмё наукёйы министрад 1 апрелёй 30 апрелыонг скъолаты ёмё скъолайы агъоммёйы кусён-дётты аразынц республикон ёрвылазон конкурс.Мёйоны нысан у республикёйы горётты ёмёхъёуты сывёллётты зынгсирвёзт не 'руадзыныкуыстыл сахуыр кёнын.

Мёйоны рёстёг иумёйаг ахуырады скъолаты, скъо-лайы агъоммёйы хистёр ёмё цёттёгёнён къордты са-раздзысты зынгсирвёзты ныхмё тох кёныны темёйылвикторинётё ёмё сывёллётты сфёлдыстады кон-курстё. Уымёй уёлдай сывёллёттё бабёрёг кёндзыс-ты зынгсирвёзты ныхмё пропагандё кёныны ёмё ёх-сёнадон центр. Зынгсирвёзтхуыссынгёнён хёйтты таарёзт цёудзысты гом дуёртты бонтё ёмё сывёллёттёзынгсирвёзты техникё фендзысты архайгёйё. Мёйоны рёстёг фембёлдтытё арёзт ёрцёудзён

зынгсирвёзтёй хъахъхъёнынады ветерантимё, стёй артхуыссын кёнгёйё ёмё адёмы ирвёзын кёнгёйё, лёг-дзинад ёмё хъёбатырдзинад равдисыны тыххёй уёлдёрпаддзахадон хёрзиуджытёй хорзёхджын чи 'рцыд, уыцыкусджытимё дёр.Сывёллёттё бирё уарзынц артёй хъазын. Зынгсир-

вёзтытё та арёхдёр ёрцёуынц, уыдон ёвёгёсёгёйкуы аззайынц, уёд. Чысыл ёнарёхстдзинад дёр ёркёныстыр бёллёхмё. Зынгсирвёзт иу хатт дёр чи федта, уы-мён ёнёзонгё не сты йе 'взёр фёстиуджытё. Арт кандматериалон фёрёзтё нё "аныхъуыры", фёлё ма ахёс-сы адёймаджы цард дёр. Афтё, дыууё азы размё нёреспубликёйы дыууё сывёллоны бацарёфтыд сты зынг-сирвёзты, ёртёйё та алы къёпхёнты сыгъдтытё бай-йёфтой.Афёдзы райдайёнёй фёстёмё сывёллётты фыдуаг

митё ёркодтой 5 зынгсирвёзтмё. Фёлё кёд алы хаттдёр ацы бёллёхы ныхмё тох райдайы сывёллёттимёёмбарынгёнён куыстёй, уёддёр агурын райдайынц, ди-сы сё чи бафтауа, ахём хъёзтытё. Уымё гёсгё абонёмё райсом дёр ахсджиаг у кёстёрты зынгсирвёзтыёдасдзинады ёгъдёуттыл ахуыр кёнын, зынгсирвёзт куы'рцёуа, уёд та хъуамё зоной, куыд архайын хъёуы, уый.Сывёллёттём диссаг фёкёсы видеокинонывтём кёсынзынгсирвёзты тематикёйё. Уарзынц артхуыссынгёнёнхёйтты уёвын дёр. Скъоладзаутё стыр ёхсызгонёй алы хатт дёр фёар-

хайынц ёвзонг зынгвёдисонты къордты. Арёзт та ёрцё-уынц скъоладзауты разамонджыты, зынгсирвёзты пад-дзахадон цёстдарды кусджыты ёмё Ёппётуёрёсеонзынгсирвёзт хуыссынгёнён бархи ёхсёнады бынёттонхайёдты хъёппёрисёй. Республикёйы алы скъолайыдёр арёзт ёрцыдысты артхуыссынгёнён ёвзонгтыкъордтё. Зёгъём, 16-ём гимназы бирё азты ис "Юныйпожарный", 42-ём скъолайы "Огнеборцы", 7-ём ёмё 39-ём скъолаты — "Альянс" ёмё "Прометей".Артхуыссынгёнджыты ёвзонгты къордты архайд ёмё

хёстё сты алывёрсыг. Лёппутё ёмё чызджытё дзыл-лон-ёмбарынгёнён куыст кёнынц се 'мгёртты ёхсёнзынгсирвёзт не 'руадзыны тыххёй. Уымёй уёлдайрёстёгёй-рёстёгмё бёрёг кёнынц сё бёрныгондтерритори, сё цёст дарынц цёрён хёдзёртты, сё цар-ты, гидрантты уавёрмё, цёрджыты ёхсён та зёрдылда-рёнтё парахат кёнынц. Ёппёт ацы архайды сёхи хъёппёрисджынёй рав-

дыстой иумёйагахуырады 40-ём скъолайы артхуыссын-гёнджыты къорд "Искорка", стёй 38-ём, 43-ём, 26-ёмскъолаты къордтё дёр. Уыдон бирё хабёрттё базыдтойёхсарджын адёмы архайды тыххёй, ёмё лёппутёй абонбирётё бёллынц фидёны зынгхуыссынгёнёг кёнё ир-вёзынгёнёг суёвынмё. Ныр та уал исты куы базонынц,уёд архайынц, уый, сёхицёй кёстёр чи у, уыдонмё фё-хёццё кёныныл. Ёгъдауы ёдасдзинады культурё пропа-гандё кёнгёйё, ёвзонг лёппутё ёмё чызджытё хис-тёртён ёххуыс кёнынц ахсджиаг фарстатё лыг кёныныхъуыддаджы, цёмёй зынгсирвёзтыты бёрц ёмё ёна-монд цаутё къаддёр уой нё республикёйы, ёмё сынуый тыххёй — стыр бузынг.

ГЁЛУАТЫ Тамарё,Дзёуджыхъёуы Терчыфалейы районы

артхуыссынгёнён бархи ёхсёнады сёрдар,ДЗАНТИАТЫ Марат,

Дзёуджыхъёуы Терчыфалейы районы зынгсирвёзтёй бахизынмё цёстдарды хайады кусёг

Азтё, ёвёдза, куыд тагъд згъорынц… Куыд тагъд апёррёст кёнынцмаргъау... Ёнусы 'мбис! Уый бёрц рацыдис нё хёлар ёмё сыхагХёныкъаты Аликыл. Цёстуарзон ёмё хёрзуд адёймаг у, сыхбёстёнуарзон ёмё лёггадгёнаг. Фёлё адёймаг куы цёра, уёд ын бирё фёндтё

ёмё бёллицтё вёййы йё развёндагмё. Алик,Хуыцау ёмё Ирыстоны зёдты фёдзёхст у! Дёзёрдёйы ёппёты стырдёр бёллиц дё къухыбафтёд ёмё йыл мах дёр демё куыд цинкёнём, уыцы амонд дё уёд!Дё хорздзинёдтё дём сёдёйё

здёхёнт!

Сыхёгтё ёмё хёлёрттё

10 апрелы нё зынаргъ, нё уарзон хёлар ёмё сыхагАбайты Аликён у йё райгуырён бон. Уый фёдыл ын нёзёрдё зёгъы, цёмёй ёнёниз, ёнёмаст уа, йё би-нонты рёсугъддзинад ёмё ёнтыстытёй бирё азты хай-джынёй куыд фёцёра, уыцы арфё!Уёдё, Алик, ёфсёддон уёвгёйё, службё кодта Гер-

маны зёххыл, фёстёдёр та — Свердловскы, фёлё йёзёрдё ёдзухдёр уыд йё райгуырён Ирыстоны.

Ахём хорз ёмгар нын у — агургё ёмёёнёссаргё! Хорз сыхаг, дам, ёфсымёры ад

фёкёны. Махён Хуыцау стыр хорздзинадракодта, ахём сыхаг нын кёй балёваркодта.Нё дзёбёх Алик! Дё сывёллётты

хуртёй бафсёд, дёхи фёндиаг амонд-джын, рёсугъдёй адёмы 'хсён цёуёнтёмё цёрёнт! Дуджы хорзёх уё хай!Лёгты дзуар де 'мбал!

Сыхёгтё ёмё хёлёрттё

Низтёй хорз никёцы у, фёзёгъынц. Фёлё, мёнау дёндагёй цух чи у, уый мёхуыздёр бамбардзён…Фыдёбоны рёстёджытё мыл скодта бирё азты. Хёрыны размё-иу зёрдё нык-

кёрзыдта. Хёрын та хъёуы, зёгъгё, суткёйы дёргъы стыр фыдёбон ёвзаргёйё,иу хатт хордтон. Бирё дёндаггёнджыты къухтём бахаудтён, фёлё мын нё рёст-мё кодтой. Мё зёрдё ницёуыл уал дардтон мё царды. Ныхас кёнгёйё-иу ёр-хаудтой дёндёгтё, мё дзырд мын бирётё нал ёмбёрстой, адёмы астёумё мёуый тыххёй цёуын нал фёндыд. Фёлё мё, ёвёццёгён, Стыр Хуыцау нё ферохкодта ёмё мё фембёлын кодта РЦИ-Аланийы дёндёгты дохтырты ассоциацийыпрезидент, профессор, медицинон наукёты доктор Золойты Радион Владимирыфыртимё.Стыр фыдёбоны бафтыд, фёлё уёддёр йё арёхстдзинад, йе стыр ном хёссы-

ны аккаг кёй у, уый равдыста. Уый уёлёмхасён йё фыдёбонён дёр ницы ба-куымдта. Скодта мын сё лёвар.

Ёвёццёгён, йё кадджын фыды фёдзёхст нё ферох кодта, "Зын боны уёвё-джы фёрсты макуы ахиз", зёгъгё.Радион! Царды хорздзинёдтёй хайджын у. Чи дын ис, уыдонимё цёрынёй баф-

сёд. Царды бёрзёндтём фёндаг ссардтай ёмё ма дё зёрдё кёд исты хорздзи-надмё ёхсайы, уёд дё къухы бафтёд!Кёд нё нё уарзон газет "Рёстдзинад"-ы хорзёх уа, уёд мын мё сыгъдёг зёр-

дёйы арфётё фехъусдзынё.АГКАТЫ Таймураз, фёллойы ветеран

ФЁРСЁРДЁМ: 1. Стыр дурын, хъуырау. 6. Карз уы-наффё. 10. Уёрдоны хай. 11. Хъёу Цёгат Ирыстоны. 12.Хёрзиуёг. 13. Гагадыргъ. 15. Рагон ирон мардёгъдау. 17.Азиаг паддзахады сёйраг горёт. 18. Сёры хай. 19. Уынд,бакаст. 24. Хъёддаг бёлас. 25. Хорёфснайёны афон. 27.Уёларвон куырд Нарты кадджыты. 28. Сыл саг. 31. Иронёгъдау. 32. Ёхцайы бёрц. 35. Хъуын. 38. Гёдиаты Се-къайы уацмыс. 40. Дёсны, фидар, ёхсыст. 42. Тугдадзин.43. Ирон рагон хёринаг. 44. Бёхджын. 45. Уёрёсейы цё-гаты цёрёг адёмыхатты минёвар. 46. Дёрдтыл, цёсткёуыл не 'ххёссы, ахём тыгъдад. БЫНМЁ: 1. Даргъ ёмё ставд бёттён. 2. Дзаумёттё

ауындзён. 3. Ныккёнд. 4. Къостайы уацмыс. 5. Лёппынкарк. 7. Цагъайраг, уацайраг. 8. Нафийы фыды фыд, йе'фсымёр Таймуразы фёсномыг. 9. Стыр промышленнонгорёт Китайы. 14. Нартхоры ссадёй, фиу ёмё хуырхёйконд лауыз. 16. Хёрынён бёзгё судзаг хал. 17. Гутоныкард. 20. Тебёйы фых нартхор. 21. Ирд ёхсёв. 22. Хат-дзёг, кёрон. 23. Куыстгонд царм. 26. Кёфтён сё еугёф-калён рёстёг. 29. Суткёйы афон. 30. Райсомы хёрд. 33.Хилаг гагадыргъ. 34. Сырдтё марёг. 36. Цъитийы дон. 37.Фёрёты, карды хай. 39. Хъёддаг маргъ. 41. Рёгъау, фо-сы къорд.

Скодта йё ЧЕЛЁХСАТЫ Руслан

Дзуаппытё 2 апрелы мыхуыргонд дзырдбыдён

ФЁРСЁРДЁМ: 2. Нигер. 6. Локо. 7. Арфё. 9. Минас.11. Бёркад. 12. Инёлар. 13. "Амонд". 14. Салаир. 17. Та-дзин. 21. ... дис... 23. Къардиу. 24. Иугёнёг. 25. Гёс. 27.Алёмёт. 31. Алагир. 34. Ёххёл. 35. Ёнёхур. 36. Август.37 Нысан. 38. Мылы. 39. Туас. 40. Хонгё.БЫНМЁ: 1. Боцкъа. 2. Номдар. 3. Гонголи. 4. Расидт. 5.

Ёфхёлд. 8. Мёра. 10. Дари. 14. Сёкка. 15. Луарё. 16.Ирдгё. 18. Асгёл. 19. Зёнёг. 20. Ногир. 21. Дуг. 22. Сис.26. Ёмхасён. 28. Лёнк. 29. Мыхуыр. 30. Тёрных. 31.Алантё. 32. Аргъау. 33. Иссё.

Хёныкъаты Алик Зауырбеджы фыртён

Абайты Алик Хъауырбеджыфыртён

Зёрдёбын арфёйы аккаг

уё хоны йё спектакльмё

10 апрелы"Хивёнд чызг"

Уильям Шекспиры пьесёмё гёсгё

Райдайён 1717 сахатыл.Билеттё уёй кёнынц театры кассёйы.

Уё фёрстытимё бадзурён ис ацы телефонтёй:

55-14-68, 25-17-37, 25-11-42.

Ист цёуынц коллективон курдиёттё.

Цёгат Ирыстоны ТёбёхсёутыБалойы номыл паддзахадон

Ирон академион театр

Инал, мё зёрдиаг, 10 ап-релы 16 азы рацыд, кёрё-дзийё нё куы фёхицён код-той сырдтёй ёвзёрдёрадёймёгтё, уёдёй нырмё.Уёдёй нырмё мёныл хур

нал кёсы, адёмы 'хсёнмёнал цёуын. Кёд ацёуын,уёддёр фёмарой кёнынёмё фёстёмё раздёхын…Мё хъуыдытё иууылдёр дё-уимё сты, хъёбул. Бёргё,мамёйён ды куы лёггад кё-нис.Инал, куыд ёнёмбаргё

вёййынц бирётё, афтё чидзуры, рёстёг, дам, хъёд-гёмттё дзёбёх кёны. Мё-нён мё зёрдёйы хъёдгомникуы байгас уыдзён, никуыбанцайдзён йё риссынёй.Мё зёрдёйы уидаг, 16

азы алы сабаты дёр мё фён-даг у дё цурмё. Кёд мё боннё вёййы, уёд та дын дёмадызёнёг Ингё балёггадкёны. Мё хъёбул, ёхсёвёй-бонёй хъуыды фёкёнын, ёздё цуры куы уон, уёд дём

зын куы фёкёса. ИнгёйёнХуыцау ёнёниз ёмё хъёл-дзёгёй фидар тых раттёд,фёлё алцы уый бон нёу. Мё хъёбул, цалдёр азы

мёнён мё хъуыдытё сёфтуыдысты, фёстаг азты ёр-цыдтён мёхимё ёмё мёмаст фёфылдёр ис. Ды цыкёрт уарзтай, уыцы ран дын

дё мыггагёй гыццыл лёппууыдзёнис ныр хицау, махимёцёрдзысты ёмё Ингёйёндёр йё маст фёкъаддёруыдзёнис. Мё зёрдиаг, дё мамё

тынг хъуыды кёны дё сыгъ-дёг номыл. Фёфёнды мё,цёмёй фидардёр уон, цё-мёй фылдёр уон дё цуры,ёнёуи дёр иумё стём. Кёдискёуыл бацин кёнын, уёд-дёр дё сыгъдёг номы тых-хёй.Инал, мё зёрдиаг, дё хо

Ингёйё райдай ёмё ма-мёйы фарсмё чи вёййы,дёуён дё ном чи хъуыды кё-ны, уыдоныл хёрзмё ауд.Мёгуыр уый у, йёхи чи не'мбары, ёмё йё ном сёфткёмён у. Дё цурмё куы ба-цёуын, мё хъёбул, уёд мёзёрдё тынгдёр фёриссы,дёу хуызён хъёбултён сёбынат сындзёй ёмбёрзт кёйу…

Мад ТАБУТЫ Софья

Хъёбулимё ныхас

Мёскуыйаг уазджытёбабёрёг кодтой, нё коман-дё йёхи кём фёцёттёкёны, уыцы бынёттё. Фед-той, нё республикёйысёйраг стадион цы уавёрыис, уый. Андрей Соколовзёрдиаг ныхас кодта коман-дёйы хъазджытимё. Лём-бынёг фёфарста, футболонклубы директор ДамбегатыРоберт ёмё РЦИ-Аланийыфизкультурё ёмё спортыминистр Бёройты Хасаны,нё футболон клубы размёцы лыггёнинаг фарстатёсбирё ис, уыдоны тыххёй.

— "Алани"-йён ис стырёмё кады аккаг биографи.Ахём клуб Уёрёсейы про-фессионалон футболёй куыфёиппёрд уа, уёд уыйуыдзён стыр знаггаддзинадканд Ирыстонён нё, фёлё

ёгас Уёрёсейы футболёндёр. Мах хорз зонём,Ирыстон нё футболён цалкурдиатджын хъазёджысхъомыл кодта, уый. Куыдис уый гёнён, ёмё ахёмфутболон скъолатё кём ис,ахём республикё Уёрё-сейы футболы фёсдуараззайа, — загъта АндрейСоколов.Командёйы хъазджыти-

мё ныхас кёнгёйё,Андрей Соколов загъта:"Ёз стыр бузныг зёгъын,"Митос"-имё уын цы фем-бёлд уыди, уый фехалынкёй нё бауагътат ёмё уёзындзинёдтё ферох кён-гёйё, Батайскы хъазёнфёзмё кёй рацыдыстут,уый тыххёй. Мё бон уынзёгъын у, махёй аразгё цыуа, уымёй уё фарс хёц-

дзыстём. Фёнды мё фем-бёлын республикёйы хи-цауадимё дёр. Ныртёк-кёйы зын рёстёг футбол-уарзджытёй дёр бирёаразгё у, ёмё уё коман-дёйы фарсмё цас фылдёрадём ёрбалёууа, уый-бёрц уё уавёрыл хуыз-дёрёрдём фёзындзён".ФК "Алани"-йы хъазджы-

ты номёй Мёхъиты Валеризагъта: "Мах кёд ныр бирёрёстёг ёнё мыздёйкусём ацы гёвзыкк уавёр-ты, уёддёр нё фёнды нёкомандёйы сыгъдёг номбахъахъхъёнын. Лёппутёбыхсынц сё уавёрыл, фё-лё нё фёнды, дарддёрнём цы ёнхъёлмё кёсы,уый зонын".

11 апрелы "Алани" йёхифёзы хъаздзён, ныртёккёХуссар зонёйы 2-аг бынатчи ахсы, уыцы командё"Афипс"-имё. Фёнды нёфёсидын нё спортуарз-джытём, цёмёй фылдё-рёй ёрбацёуой стадион-мё ёмё нё дзёбёх фё-сивёдён ныфсы хос фёуойсё къухёмдзёгъдёй.

"Алани"-йы хъысмётылтыхсынц Мёскуыйы дёрДзёуджыхъёуы футболон клуб "Алани" цы

цъысымы бахауд, ууыл тыхсынц канд йё иузёр-дион фарсхёцджытё нё, фёлё ма Уёрёсейыфутболы разамонджытё дёр. 7 апрелы Мёс-куыйё Дзёуджыхъёумё ссыдысты Уёрёсейыпрофессионалон лигёйы президент Андрей Соко-лов ёмё сёрмагонд проектты разамонёг ДмитрийПротасов.

Тырныаузёй — фондз хёрзиуёджыКёсёг-Балхъары, горёт Тырныаузы уёззау ат-

летикёйё цыдис Цёгат Кавказы федералон зыл-ды чемпионат. Бёрёггонд дзы цыдысты, нё феде-ралон зылдёй Уёрёсейы чемпионатмё балцёгтёчи райсдзён, уыцы спортсменты нёмттё.

Акци

Сывёллёттыбахъахъхъёнёмзынгсирвёзтёй

Выполняем накладбище все видыбетонных работ,укладка плитки.Выезд по рес-публике.ТЕЛ.:

92 -09 -16; 8-960-401-70-48.

Спортивон фидиуёг